Зымæгон хъарм бонтæй хæдзардзинæй пайда кæнынц арæзтадон фирмæ СТМ-Юг-ы кусджытæ. Уыдон Хъайтарты уынджы кæрон аразынц дыууæ бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары, сæ иуы 125 æмæ иннæйы та 75 фатер кæм ис, ахæмтæ. Фыццаг хæдзар эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа ацы мæйы кæронмæ. Кусджытæ æрвылбон дæр сæ куысты уæлхъус балæууынц хуры фыццаг тынтимæ иумæ æмæ изæрдалынгтæм феххæст кæнынц сæ разыллæууæг хæстæ.

Уæлдæр загъдгонд арæзтадон организаци хæдзæртты арæзтад йæхимæ райста майы мæйы. Уыдон афоныл бакодтой арæзтадон-монтаж-гæнæн, лæсгæртæ амайыны, къултæ сæрдыны, рудзгуытæ æмæ дуæрттæ æвæрыны куыстытæ. Фесты электрохæххыты æмæ хъæрмады системæйы фæдыл куыстытæ дæр. Ацы бонты аразджытæ æххæст кæнынц къуластæрæнты куыстытæ. Ам ма мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ аразджытæн лæвæрд кæй не ‘рцæуынц реалон плантæ. Афтæ кæй у, уый тыххæй арæх сæ фæуыны рæстæг æргъæвд æрцæуы. Ныр дæр та кæд аразджытæ архайынц рæвдз, нæ ауæрдынц сæ хъарутыл, уæддæр, цæмæй æххæсткæнинаг куыстытæ фæуой, уый тыххæй иу мæй нæ, фæлæ хъæуы фылдæр рæстæг. Талф-тулфæй куыстыты та арæх фæзыны цухдзинæдтæ æмæ уымæй та хъæуы хи хизын.

Арæзтады ныртæккæ кусы 260 кусæджы бæрц. Куыстуаты прораб Гурциты Эльбрус куыд загъта, афтæмæй аразджытæн сæ 60 проценты сты бынæттон кусджытæ æмæ специа-листтæ. Сæ фылдæр хай сты, ам цы специалисттæ нæй, кæннод та цъус чи сты, ахæм кусджытæ. Кусджытæй хуыздæр æнтыстытæ кæмæн ис, уый тыххæй та мын арæзтады мастер Дзуццаты Ирбег загъта: “Æппæт куыстыты дæр сæхи разæнгарддæрæй æвдисынц Цыбырты Ботаз, Туаты Гиа, Бибылты Алан, Гасситы Димитр, Козаты Валери æмæ æндæр-тæ. Уыдон æрмæст се ‘рвылбонон нормæтæ нæ феххæст кæнынц, фæлæ ма балæууынц, се ‘мбæлттæй феххуыс кæнын кæмæн бахъæуы, уыдоны фарсмæ дæр”.

Аразджытæн æрвылбон дæр ис лæвар басихор кæныны фадат. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз у, фæлæ, хъыгагæн, мæгуырау та у уый, æмæ кусджыты фылдæр хай сæ куыстытæ кæй æххæст кодтой æнæ сæрмагонд уæлæдарæс, се ‘ппæт дæр куыстой æнæ каскæтæй. Алцæмæ дæр æвнæлдтой гом къухæй.

Гæззаты Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.