Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент базонгæ ис, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры бæстыхайы арæзтад куыд цæуы, уыимæ. Аразджыты раз лæууæг хæстæ куыд скъуыддзаг цæуынц æмæ сæ сæххæст кæныны графикы тыххæй Президентæн фехъусын кодта Татарстаны президенты æххуысгæнæг Фарит Ханифов. Бæстыхай аразы ООО «Эверест» «Республикæ Хуссар Ирыстонæн социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг 2015-2017 азтæн Инвестицион программæйы фæлгæтты.

Президент федта, фонтан арæзт кæм цæудзæн, уыцы бынат æмæ бæстыхайы алыварс территори, кæцы хæрзарæзт цæудзæн сфидаргонд план æмæ эскизтæм гæсгæ. Ацы ран Фарит Ханифов банысан кодта, зæгъгæ, аразджытæ ныридæгæн æрæвнæлдтой, фонтан арæзт кæм хъуамæ æрцæуа, уыцы территорийы монтаж кæнынмæ, стæй ма радзырдта, Театралон фæзуаты хуыз цахæм уыдзæн, уый тыххæй дæр. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, арæзт цы фонтан цæудзæн, уый нывæфтыд фæлындзæны пайдагонд нæ цæудзæн ирон тырысайы æртæгъуызæй.

Фæзуат астæрдгонд æрцæудзæн агуырийæ, бæстыхайы алыварс сагъд – бирæ цъæхдарæнтæ, уыдзæн аив, плангонд куыд уыди, афтæ. Ныртæккæ, сæйраджыдæр, куыст цæуы фонтан сæвæрыныл, уымæн æмæ уый уыдзæн фæзуат æмæ театры фидыц. 2016 азы Паддзахадон драмон театр дыууæ зал æмæ 500 бадæнимæ йæ дуæрттæ байтындздзæн нæ республикæйы цæрджыты раз. Ахæм фæндтæ ис махмæ», – фехъусын кодта Ханифов.

Тыбылты Леонид æмæ йе ‘мбæлццæттæ – республикæйы премьер-министр Хъуылымбегты Доменти, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ Культурæйы министр Остъаты Мадинæ, афтæ ма горæты разамонæг Æлборты Аланæн уыд, бæстыхайы мидæгæй цы куыстытæ конд цæуы, уыдон феныны фадат.

Аразджытæ раджы фесты агъуындæн куыстытæ, æмæ ныртæккæ архайынц сæйраг-дæр мидæггагон элемент – театралон сценæйы монтаж кæныныл, уый та проектмæ гæсгæ у, зилгæ чи кæндзæн, ахæм. Дырысæй куыстæуы театры фойейы æмæ залæн йæхи фæлындзыныл дæр. Уыцы ран пайда чындæуы ирон орнаменты элементтæй, æххæст цæуынц ахорæнкуыстытæ нæ артистты гримгæнæн хатæнты дæр.

Объектыл æнæхъæнæй æрзилын æнцон нæ уыд, уымæн æмæ бæстыхайы гуырахст у 6 мин кв. метры. Даргъ къæлидортæ, актертæ кæм кусдзысты, уыцы бирæнымæц хатæнтæ, административон хайад, æмæ ма, æгæрыстæмæй, сценæ æмæ спектакльты декорацитæ кæцæй амондзысты, уыцы хатæн дæр.

Фæлæ куыстытæ уæхскуæзæй кæм цæуынц, уыцы сæйраг хайыл азилгæйæ, Тыбылты Леонид уæддæр аразджыты хъусдард аздæхта куысты темптæм.

«Уынын æй, куыст цæуы æнæрлæугæйæ, бæрæг у, кусджытæ куыд фæллой кæнынц, уый. Мидæггагон куыстытæм фарстытæ къаддæр æвзæры, уымæн æмæ уыдонæн бакæ-нæн уыдзæн къæвда бонты дæр. Фæлæ цы кæндзыстæм, тыхджын фæззыгон къæвдатæ куы райдайой, уæд? Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæтагъд кæнын хъæуы куысты темптæ», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент та ногæй банысан кодта, театры арæзтад æмæ йæ фæуынæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый.

«Горæты цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц ацы арæзтады фæудмæ. Фæнды сæ тагъддæр фенын сæхи, националон драмон театр, йе сценæйыл ын нæ уарзон актертæм бакæсын», – загъта Тыбылты Леонид.

Кæронбæттæны лæвæрд æрцыд арæзтадон куыстыты рарастгæнинæгты фæдыл æмбæлон хæслæвæрдтæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.