16-æм июлы РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй уагъд æрцыд 2016 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы рабадт. Йæ куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивджытæ Тъехты Алан æмæ Пухаты Эрик, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, районон администрациты сæргълæуджытæ, афтæ ма арæзтцæуæг объектты архайæг генподрядон æмæ субподрядон организациты разамонджытæ.

Паддзахады сæргълæууæг рабадты райдианы æрсидт йæ хайадисджытæм арæзтадон куыстыты темптæ ноджы фæтагъддæр кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ рæстæг цæуы тагъд æмæ æппæт тыхтæ дæр мобилизаци хъæуы, цæмæй арæзтцæуæг объектты куыстытæ графикæй фæстейæ ма баззайой. Графикæй фæстейæ цы арæзтадон организацитæ баззайой, уыдонмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ уыдзæн серьезон претензитæ. Хъуамæ алчидæр æмбара, зæгъгæ, мах аразæм адæмæн, паддзахадæн цыбыр рæстæгмæ нæ, фæлæ бирæ азтæн, уымæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ æххæст цæуой гъæдджынæй.

Паддзахады сæргълæууæг байхъуыста, уый размæ рабадты цы хæстæ лæвæрд æрцыдысты, уыдоны сæххæсты тыххæй хыгъдмæ. Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти фехъусын кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитетæн хæсгонд уыд, цæмæй бакуыстаид Мæскуыйаг микрорайоны дæлстанцæй Цоцийы фырты уынгмæ кабель рауадзыны фарстыл.

Æмбæлон техникон уавæртæм гæсгæ рауадзын хъуыд электроэнергийы хахх, Гаглойы фырты уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон   хæдзæрттæ арæзт цæудзысты,   уыдонмæ. Фæлæ Мæскуыйаг микрорайоны цæрджытæ куыд дзурынц, афтæмæй уæлдæфы цы бæрзондвольтон кабель цæудзæн, уый æндавдзæн адæмы æнæниздзинадыл. Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ хæс лæвæрд æрцыд, цæмæй ацы фарсты фæдыл цæрджытимæ бакуыст æрцæуа. Уый фæдыл банысангонд комитеты сæрдар Дзассеты Васили куыд банысан кодта, афтæмæй куыст цæуы кабель зæххы бынты ауадзыны фарстыл.

Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, афтæмæй спайда кæнын хъæуы дыууæ вариантæй дæр, зæгъгæ, хæдзæрттæ кæм сты, уым æй уадзын хъæуы зæххы бынты, фæндагмæ кæм рахизы, уым та – уæлдæфы.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн подрядон организациимæ хæсгонд уыд, цæмæй бакуыстаиккой арæзтцæуæг сывæллæтты республикон рынчындоны æддагон хызæгты фæдыл куыстытæ фæуыны тыххæй фарстыл. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг уый фæдыл фехъусын кодта, зæгъгæ, генподрядон организациимæ арæзт æрцыд бадзырд, кæцымæ гæсгæ бар лæвæрд æрцыд æмбæлон куыстытæ бакæныны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, проектон-сметæйон документаци ныртæккæ ис экспертизæйы æмæ хатдзæг цæттæ уыдзæн иу мæймæ.

Рабадты уынаффæ цыд, паддзахадон унитарон куыстуат «Арæзтадон æрмæджыты» заводы раз подрядон организацитæн цы хæстæ уыд, уыдон бафидыны тыххæй фарстыл. Заводы генералон директор Тыбылты Владимир фехъусын кодта, зæгъгæ, абоны бонмæ подрядон организацитæ иууылдæр сæ хæстæ бафыстой.

Дарддæр Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард информаци радта Хуссар Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты финанскæнынады тыххæй. Объекты куыстытæ куыд цæуынц, уый фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, куыстытæ æппæт объектты дæр цæуынц графикмæ гæсгæ сфидаргонд æмгъуыдты. Ныртæккæ горæты хæрзарæзт цæуынц Горькийы, Хетæгкаты Къостайы, Гаглойы фырты, Интернационалон, Остъайы фырты, Кобылы фырты æмæ Цхинвалы уынгты. Министр куыд банысан кодта, афтæмæй ма Цхинвалы æмæ Остъайы фырты уынгтыл   хъæуы асфальты дыккаг фæлтæр ауадзын. Хетæгкаты Къостайы уынджы иу хайыл дæр æвæрд æрцыд асфальты фыццаг фæлтæр. Иннæ хайыл дæр фæуынхъус сты асфальт кæнынмæ цæттæгæнæн куыстытæ.

Горæты базары арæзтадыл дзургæйæ, Зæгъойы фырт  банысан кодта, зæгъгæ, ацы объектыл кусы арæзтадон компани «Престиж». Арæзтадон куыстытæ æххæст кæнынц 14 адæймаджы. Уыдон ныртæккæ кæнынц агъуындæн æмæ электромонтажон куыстытæ, афтæ ма мидæггагон куыстытæ дæр.

Графикмæ гæсгæ куыстытæ цæуынц бирæпрофилон колледжы ахуыргæнæн æрмадзты дæр. Ацы объекты кусынц 28 адæймаджы æмæ эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуой ноябры мæйы.

Университетон комплексы арæзтадыл дзургæйæ министр банысан кодта, зæгъгæ, ацы объекты кусынц 85 адæймаджы. Куыстытæ цæуынц иурæстæджы æппæт корпусты дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ объекты куыстытæ цæуынц хорз темптæй.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры арæзтадыл кусæг генподрядон организацийы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй ам ныртæккæ кусынц 136 адæймаджы. Уыдонæй 90 адæймаджы бæрц сты бынæттон цæрджытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ам ныртæккæ кæнынц агъуындæн куыстытæ, æххæст цæуынц фасад монтаж кæныны, сæйраг залы цар аразыны фæдыл куыстытæ. Уыцы куыстытæ фæуыдзысты æввахсдæр бонты. Афтæ ма куыст цæуы театры раз фæзуаты дæр – монтаж цæуы зынгхуыссынгæнæн донуадзæн, цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц фидæны фонтан монтаж кæныны фæдыл. Фæзуат йæхæдæг развæлгъау плæнттæм гæсгæ арæзт уыдзæн гранит дурæй.

Рабадты рæстæджы республикæйы сæргълæууæг Ленингоры районы объектты арæзтадон куыстытæ æххæстгæнæг компани «Союзстройобъект»-ы минæвары хъусдард аздæхта, цæмæй, гæнæнуæвгæйæ, уыцы куыстыты хайад исой фылдæр бынæттон цæрджытæ.

Рабадты ма уынаффæ цыдис Синагур-Карзман, Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндæгты арæзтад куыд цæуы, уый фæдыл дæр.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.