Рæзгæ фæлтæр цахæмæй бахъомыл уыдзысты æмæ сæ фидæны цахæм цардаразджытæ рауайдзæнис, уый бирæбæрцæй баст у ахуыргæнæгыл. Уыдонæн та сæ профессионалон æмвæзад æмхуызон нæ вæййы. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ курдиатджын ахуыргæнджытæ æндæр ахуыргæнджытæн ауадзынц гом уроктæ æмæ сæ базонгæ кæнынц ахуырхъомыладон куысты сæ фæлтæрддзинадимæ. Хорз у, ацы хъуыддаг республикæйы фæлгæттæй кæй ахызт, уый æмæ ныр фадат кæй ис дыууæ Ирыстоны ахуыргæнджытæн кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнынæн. Уый ирд æвдисæн у, Цæгат æмæ Хуссар Иры ‘хсæн интеграцион бастдзинæдтæ кæй рæзынц æмæ фидардæр кæй кæнынц, уымæн. Цæвиттон, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны ахуырады министрадты ‘хсæн æмгуысткæнынады тыххæй къухтæ фыст æрцыдысты Меморандумыл, цыран нысан сты ахæм мадзæлттæ уадзын.

Фыццаг къахдзæфтæ уал ацы хъуыддаджы акодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй ацы аз апрелы мæйы нæ горæты раззагондæр ахуыргæнджытæй сæ иу – 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ ауагъта гом урок Цæгат Ирыстоны Ногиры фыццæгæм астæуккаг скъолайы. Ауагъта йæ бæрзонд æмвæзадыл æмæ дзы баззадысты стыр райгондæй. Лианæ йæ урочы темæйæн равзæрста Плиты Грисы сфæлдыстад, уымæн æмæ уый райгуырдис Ручъы хъæуы æмæ 1920 азты Хуссар Ир сæ фыдæлты уæзæгæй лидзинаг куы фесты, уæд Грисы бинонтæ дæр алыгъдысты æмæ æрбынат кодтой Ногиры. Грис нымад цæуы дыууæ Ирыстоны уарзон фыссæгыл. Æмæ йæ уымæ гæсгæ равзæрста Дыгъуызты чызг дæр.

Ныр та Хуссар Ирмæ цæгатæй æрцыд ахуыргæнджыты иу къорд æмæ ахæм гом урок ауагъта нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæн Ногиры 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Хуыбецты Эллæ. Хуыбецты чызг дæр равзæрста, йæ уидæгтæ Едысæй кæмæн уы-дысты æмæ сæ Ногиры хъæуы чи ауагъта арф, уыцы зындгонд фыссæг Дзесты Куыдзæджы сфæлдыстад. Урочы темæ уыд «Фæндагсар Уастырджи». Гом урочы хайад райстой РХИ-йы Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса, Сывæллæтты Сфæлдыстадон галуаны директор Джиоты Арянæ, горæты адæмон ахуыры хайады сæргълæууæг Джиоты Агуындæ, горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, 6-æм астæуккаг скъолайы директор Людмила Александрова æмæ ацы скъолайы ахуыргæнджыты коллектив.

Хуыбецты Эллæ йæ урок ауагъта диалогы хуызы. Фæлæ цалынмæ урок нæ райдыдта, уæдмæ уал Эллæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ адих кодта мадзалмæ æрбацæуджытимæ. Æвæццæгæн, йæхицæн дæр йæ уидæгтæ ардыгæй, Хуссар Ирæй кæй уыдысты, уый йын бацагайдта йæ уарзæгой, фæлмæн зæрдæйы. Æмæ царвау зæрдæйыл тадысты, йæ дзыхæй чи хъуыстысты уыцы дзырдтæ. «Ирыстон», «Ир», «Ныййарæг зæхх», «Фыдыбæстæ», «Фыдæлты уæзæг»… О, куыд адджын æмæ уарзон сты ацы дзырдтæ! Цасфæнды фæцу æмæ фæагур, уæддæр, дæуæй, нæ Ирыстон, рæсугъддæр не ссардзынæ. Уый æз нæ загътон фыццаг, мæ размæ йæ бирæтæ загътой. Фæлæ, цас зындоны фæсыгъдис нæ райгуырæн зæхх, цас хъизæмæрттæ бав-зæрста иуæрдыгæй æмæ иннæрдыгæй дæр. Фæлæ уæддæр царды уадтымыгътæн сæттын нæ бакуымдтой нæ адæм.

1992 аз. Цæстыты раз абон дæр кинонывтау уайынц, мæхъæл Горæтгæрон районмæ куы бабырста, уæд цы фыдракæндтæ арæзтой, уыдон. Зæгъынмæ сæ æвзаг нæ тасы. Уыцы бонты нæм ардыгæй, Хуссарæй, цы лæппутæ фæзындысты, уыдон нæм кастысты уæлар-вæй æрцæуæг нæртон гуыппырсарты хуызæн.

Тынг сæрыстыр стæм мах сымахæй, уымæн æмæ дыууæ боны лæууыдыстут агрессоры ныхмæ лæгæй-лæгмæ. Æмæ уыдонæн сæ бон ницы бацис уæ ныхмæ. Уыцы бонты ма нæ хъæуккаг лæппу Таймæзты Артур схаста йæ рыст Ирæн уæлахиз. Уый дзырдта, зæгъгæ, куыд сын бакомон абон сæттын. Худинаг у… стæй ма нын Гергиты Валерийы концерт дæр уыцы бонты нæ зæрдæйы стыр ныфс бауагъта.

Беслæны хабæрттыл нæ дзурын. Уыдон нын нæ зæрдæты куыст Хуссарæй Цæгатмæ фыррыстæй æрлæууын кæнынц…

2008 азы мах дæр афтæ уыдыстæм. Æдзух нæ хъус дардтам, знаг нын куыд цагъта нæ хуссайраг æфсымæрты, уымæ. Куыд æдзæрæг кодтой нæ ирон хъæутæ, калдис æнæаххос туг… мардысты сабитæ, зæрæдтæ, сылгоймæгтæ. Охх, куыд уæззау уыдис уыцы цаутæм кæсын, зæрдæ фæрчытæ куыд хаудис фæйнæрдæм. Фæлæ, уæддæр, удвидардзинад æвды-стой нæ хуссайраг æфсымæртæ. Æмæ ардæм куы цыдтæн, уæд Транскамы фæндагыл цæугæйæ, хъуыды кодтон: мах æнгом баст стæм кæрæдзийыл, кæрæдзимæ тындзæм, кæрæдзийы агурæм, кæрæдзимæ фæндæгтæ аразæм… уымæн ирд æвдисæн  Транскамы фæндаг. Куыд тынг нæ хъуыд, æмæ нын куыд тынг баххуыс кодта нæ историон-национ хиæмбарынады. Куы нæ нын уыдаид… Ууыл мæ ахъуыды кæнын дæр нæ фæнды… Абон дæр ацы фæндаг у нæ иугæнæг иунæг фæндаг».

Хуыбецты Эллæйы зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ æмбæлдысты мадзалмæ æрбацæу-джыты зæрдæтыл æмæ дзы бирæты рустыл згъордтой цæстысыгтæ. Мадзалмæ æрцæу-джытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ афтæ ныхъхъус сты æмæ бындз куы атахтаид, уæддæр ын йæ базырты уынæр фехъуыстаис.

Хуыбецты Эллæ йæ ныхас адарддæр кодта æмæ ныр та мадзалмæ æрбацæуджытæн радзырдта йæ райгуырæн хъæу Ногиры тыххæй. Уый стыр цымыдисон уыд алкæмæн дæр.

– Кæддæр историон æмæ царды æгъатыр уадтымыгътæ афтын кодтой мæ хъæуккæгты  мæ фыдæлты Хуссарæй Цæгатмæ. Хъысмæт сæ фæхаста райгуырæн уæзæгæй ссæдзæм æнусы дыууынæм азты лигъдæттæй. Гакъон-макъон хæххон фæндæгтыл, зындзинæдтæ æвзаргæйæ, лыгъдысты. Хуссайраг ирæттæ æрбынат кодтой Терчы галиуварс. Паддзахы рæстæг дзы уыд æфсæддон пъалигон. Хонын сæ райдыдтой пъалигоны цæрджытæ. Æмæ, уæд 1928 азы цæрджытæ Ныхасмæ æрбамбырд сты, хъуамæ сæ хъæуыл ном сæвæрдтаиккой. Бирæ раныхас-баныхасы фæстæ æрцыдысты иу хъуыдымæ: «Мах ныууагътам фæсхох нæ цард, нæ уæзæг, нæ Ир. Ам ссардтам ног цард, ног уæзæг, ног Ир. Уым нын цы фарн уыд, уый ардæм немæ æрхастам. Уæдæ ма схонæм нæ хъæу Ногир, ома, нæ ног Ир. Уæдæй абонмæ нæ хъæу хуыйны Ногир æмæ цæры хуссайраг фыдæлты фарнæй.

Тынг сæрыстыр стæм нæ хъæуæй, канд нæ Олимпаг чемпионты тыххæй нæ, фæлæ нæ ахуыргæнджытæй, нæ актертæй, не ‘фсæддонтæй, нæ бирæ хæрзтæй, уымæн æмæ уыдон сты, ирондзинад цы хонæм, ахæм хæрзиуджытæ.

Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста Ир Цæгаты æмæ Хуссары дæр. Тынг сæрыстыр стæм мах, цæгаттæгтæ, сымахæй, нæ хуссайраг æфсымæртæй. Сымах кæдфæнды дæр нæ уæлхъус лæуд вæййут. Уæ ныфсæй нæ сныфсджын кæнут. Нæ иугæнæг та у  фæндаг. Мыййаг æнæхъуаджы нæ ныффыста йæ уацау Дзесты Куыдзæг «Фæндагсар Уастырджи»-йы. Цал æмæ цал хатты уыд ацы фæндаг хæхты сæрты нæ ирвæзынгæнæг. Куыд тæссаг уыд. Цас циндзинад æмæ цас хъыг хаста йемæ. Фæндагæн та ис абарæн Куыдзæгæн йæхи цардимæ.

Хуыбецты Эллæ йæ диссаджы аив æмæ фæлмæн хъæлæсæй афтæ ранывæзта Дзесты Куыдзæджы цардвæндаг, æмæ йæ кæд мæхæдæг дæр бæстон зыдтон, уæддæр æм хъусынтыл фæдæн. Раст зæгъгæйæ, ноджыдæр ма йæм байхъусин.

– Хæххон, бирæ бинонты ‘хсæн хъомыл кодта Куыдзæг. Уæд цард уæззау уыд æмæ-иу сылгоймæгтæ сæ дзидзидай сывæллæтты ахастой семæ хуыммæ. Уым-иу сæ æрæвæрдтой æмæ-иу сæ куыст кодтой. Уæд иу ахæмы мад йæ хъæбулы æрæвæрдта хуымы кæрон. Къахæй нæма цыд. Бавнæлдта сылгоймаг йæ куыстмæ. Хъуыдыты аныгъуылд, афтæмæй тындзыдта йæ куыстагыл. Æваст йæ хъустыл ауадис сабийы къæл-къæл. Мад фæкастис æмæ… йæ хъæбул къахыл слæууыд. Акъахдзæфтæ кæны æмæ та æрхауы. Фæлæ саби. сысты æмæ та акъахдзæфтæ кæны. Мад ныццин кодта, мæ хъæбул къахæй ацыд, зæгъгæ. Фæлæ, цымæ цæмæ тындзы размæ, цы дзы суыдта… йæ зæрдæ фехсайдта. Балыгъдис æм, кæсы æмæ иу даргъ калм ралæсы. Тындзы йæм сывæллон. Мад йæ хъæбулы фелвæста, йæ риумæ йæ нылхъывта æмæ йæ раскъæфта уыцы бынатæй, сау калмы хъæлæсæй. Уыцы саби та уыдис Куыдзæг – нæ фидæны фыссæг. Фæлæ ма æркæсæм, цахæм рауад йæ цардвæндаг нæ фыссæгæн.

Ахуыргæнинæгтæ цæттæ уы-дысты ахуыргæнæджы алы фарстæн дзуапп радтынмæ дæр. Уыдон лæмбынæг æрдзырдтой Дзесты Куыдзæджы цардвæндагыл. Уый райгуырд Хуссары, Едысы хъæуы, Мæсгуыты бæсты. Фондз азы куы сæххæст лæппуйыл, уæд йæ фыд амард. Джыккайты Даро, Куыдзæджы мад иунæгæй хъомыл кодта йæ дыууæ сидзæры. Даро уыдис хъаруджын æмæ куырыхон сылгоймаг. Уыдис дæсны аргъæут-тæгæнæг æмæ хъарæггæнæг. Лæппуйы фыды фыд Хæлти та уыд тынг дзырддзæугæ æмæ зынгæ кадæггæнæг. Æвæццæгæн, уыдонæй базыдта фидæны фыссæг аив дзырды ад. Фæлæ рæстæг дугъон бæхау тæхы, цардивæнтæ кæны æмæ 20-æм азты уыдон дæр лидзинаг фесты иннæ хуссайраг лигъдæттимæ. Æрцардысты Ногиры. 1922 азы Куыдзæгæн фадат фæцис ахуыр кæнынæн. 1926-1928 азты ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы журналистикæйы паддзахадон институтмæ, фæлæ йæ каст нæ фæцис. Уымæн æмæ 1928 азы йыл троцкизмы æндæвдадæй фæгуырысхо сты æмæ йæ Чорджоумæ фæхастой. 1930 азы сыздæхтис. Ногæй та йын фæзындис ахуыр кæнынæн фадат. Ссис педагогон институты ирон æвзаг æмæ культурæйы хайады студент, стæй та – аспирант. 1934 азы бацыдис Фысджыты цæдисмæ, ссис правленийы уæнг, æвзæрст æрцыдис æппæтцæдисон фысджыты фыццаг съезды делегатæй. Кодта сфæлдыстадон куыст… 1936 азы 24 августы Куыдзæджы дыккаг хатт æрцахстой. Фондз азы фæбадтис ахæстоны, стæй йæ фæхастой Сыбырмæ. Ам цы зындзинæдты сæрты рахызт, уыдон ныффыста йæ мысинæг-ты «Зæрдæйы ностæ»-йы. 1954 азы ссæрибар æмæ сыздæхт Ирыстонмæ. Ам фæкуыста йæ амæлæты онг.

Дарддæр ахуыргæнинæгтæ ахуыргæнæгимæ лæмбынæг анализ сарæзтой урочы темæ «Фæндагсар Уастырджы»-мæ гæсгæ. Фæрсырдыгæй бакæсгæйæ ничи рахатыдаид ахуыр-гæнинæгтæ æмæ ахуыргæнæг фыццаг хатт кæй сæмбæлдысты кæрæдзийыл. Раст, цыма, æрвылбон дæр кæрæдзийы уыдтой, афтæ цыдис урок. Мадзалмæ æрбацæуджытæй та алкæмæн дæр, æвæццæгæн, гуырдис йæ сæры иу хъуыды: «Уый у ахуыргæнæджы стыр профессионализм. Ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг дæр афтæ цæттæ уыдысты урокмæ æмæ дисы æфтыдтой сæ дзуаппытæй мадзалмæ æрбацæуджыты.Фæцис урок. Фæлæ мæ хъуыдытæ мæнæн уæддæр баст уыдысты ахуыргæнæг æмæ уым, цæгаты йæ ахуыргæнинæгтимæ. Бахæлæг кодтон Хуыбецты чызджы ахуыргæнинæгтæм. «Тæхуды æмæ сæ къона, ахæм диссаджы хъармзæрдæйы равг уынгæйæ, æмæ ахæм уарзæгой хъарм хъæлæсмæ æрвылбон дæр чи фехъусы».

Мадзалы кæрон Цæгат Ирыстоны ахуырады кусджыты дæсныйад бæрзонддæргæнæн институты ректор Исахъты Людмилæ арфæйы гæххæттытæй схорзæхджын кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ æмæ Зассеты Зарæйы, дыууæ Иры ахуыргæнджытимæ иумæ æнгом куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинетæн, стæй скъолайы библиотекæйæн та балæвар кодта чингуытæ æмæ бузныг загъта ахуыргæнинæгтæн. «Ам æз уадзын мæ зæрдæйы иу хай. Абон ам цы федтон æмæ банкъардтон, уыдон дзыхæй дзургæйæ нæ фæхæццæ кæндзынæн. Уый хъуыдис хи цæстæй фенын, зæрдæйæ банкъарын, – загъта Исахъты Людмилæ.

Ахуырады кусджыты дæсныйад бæрзонддæргæнæн институты ирон æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг, педагогон зонæдты кандидат Майрæмыхъуаты Фатимæ та йæ раныхасы банысан кодта. «Хуымæтæджы сывæллæттæ не стут сымах. Сымах стут фидæны Ирыстон сæрыстыр кæмæй уыдзæн, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Сымахæн уæ кады ном айхъуысдзæн Цæгат Ирмæ дæр. Иунæг уæлæнгай ныхас дæр ам нæ фехъуыстам. Куыд арф хъуыдытæ уæм ис! Раст, цыма куырыхон адæймæгтæ стут, цард арф чи æмбары æмæ дзы барджынæй чи акъахдзæфтæ кодта, ахæм адæймæгтæ. Куыд хорз у абон ам кæй стæм æмæ кæрæдзийыл кæй цин кæнæм! Никæцы къæдзæхтæ æмæ хæхтæ дæр мах нæ фæхицæн кæндзысты. Ам æз ноджыдæр банкъардтон, куыд тыхджын у нæ ирон литературæ, нæ аив дзырды тых».

Сæ рады Хуыбецты Эллæ æмæ уазджытæн зæрдæбын арфæтæ ракодтой скъолайы директор Александрова Людмила, Дыгъуызты Лианæ, РХИ-йы ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса æмæ министрады номæй уазджытæн балæвар кодтой Хуссар Ирыстоны ахуыргæндты чингуытæ æмæ æндæр зæрдылдарæн лæвæрттæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.