Уæрæсейаг бизнесмен, не ‘мбæстаг Уанеты Вадимы ном хъуыстгонд у куыд агрохолдинг «Евродон»-ы сæргълæууæг, афтæ. Уый дыууæ азы размæ æрæвнæлдта Цхинвалы цæгатварс фыдызгъæлы завод саразынмæ.

«Растдон», зæгъгæ, ахæм номимæ арæзт æрцыд завод. Инвестпрограммæйы фæлгæтты Уанеты Вадим Уæрæсейы бангтæй райста 156 милуан сомы, иннæ суммæ та инвестор сæвæрдта йæхæдæг.

Технологион æгъдауæй «Растдон» конд æрцыд цалдæр мæйы размæ, фæлæ уæд куыстуат æххæст гуырахстæй не скуыста – куыст къуылымпы цыд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Адæмы æнхъæлмæкастæн кæрон æрцыд æмæ мæнæ 11-æм июлы йæ дуæрттæ байгом кодта «Растдон».

Уырдæм фæуазæг сты Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Фыдызгъæлы завод «Растдон» рауагъта йæ продукцийы фыццаг парти, йæ маркæ «Нæртон», – зæгъгæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли стыр аргъ кæны заводы бакон-дæн: «Завод кæны Хуссар Ирыстоны экономикæйы райрæзты йæ фыццаг къах-дзæфтæ. Куыстуаты къухдариуæгады раз цы хæстæ æвæрд ис, уыдон та сты ахсджиаг. Цæмæй Ирыстоны ахæм нысанмæздæхт куыстуат æрбайгом уа, ууыл куыстой бирæ адæм. Уæддæр мæ сæрмагонд бузныг зæгъын фæнды Уанеты Вадимæн. Нæ дызæрдыг кæнын, цы нывæзтытæ ис йæ разы, уыдон иу-уылдæр реализаци кæй æрцæудзысты. Ныфс мæ ис «Растдон»-ы продукци канд Ирыстоны кæй нæ уыдзæн гъæдджыныл нымад, фæлæ ма ерысхъом кæй уыдзæн Уæрæсейы базары дæр», – загъта Президент.

Кондады сæргълæууæг дæр бузныджы ныхæстæ загъта Президент æмæ Хицауады уæнгтæн, афтæ ма æрæмбырдуæвджытæн дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй: «Фыццаг этапыл хъавæм продукцийы 17 хуызы уадзын. «Нæртон» реализаци цæудзæн канд нæхимæ нæ, фæлæ ма уæрæсейаг горæтты дæр. Райсом  нæ продукци фæзындзæн бынæттон базарадон объектты. Агурдзыстæм компромистæ, цæмæй цы 17 хуызы продукци уадзæм, уый аргъмæ гæсгæ   республикæйы цæрджытæн сæ бон уа æлхæнын. Рæстæджы цыдимæ нæ продукци ссардзæн аккаг бынат æмæ йæхи фæлхасгæнæджы уæрæсейаг базарады дæр. Ныр та уæ хонæм, нæ куыстуат продукци куыд уадзы, уый уæхи цæс-тæй фенынмæ», – загъта агрохолдинг «Евродон»-ы генералон директор.

Уанеты Вадим уазджыты ахуыдта «Растдон»-ы кондадон цех, ифтонгад æмæ продукцийы ассортимент фенынмæ. Заводы сæйраг технолог Евгения Хлопкова радзырдта куыстуаты уникалон фæрæзтыл. Уый банысан кодта, йæ технологитæ фадат кæй дæттынц, цы продукци уадздзысты, уый канд деликатес нæ уыдзæн, фæлæ ма уыдзæн адæймаджы организмæн пайдахæссæг дæр. «Продукцийы уникалондзинад ис уый мидæг æмæ стуры сырх деликатесон фыдызгъæл, гогызы æмæ хъазы фыдимæ стыр ахъаз сты, цæмæй адæймаджы организмы холестерин ма æмбырд кæна. Уый у уникалон, пайдаджын æмæ натуралон хæринаг», – дзырдта заводы сæйраг технолог.

Евгения Хлопкова ма æрдзырдта заводы техникон куыстыл дæр. Ныртæккæ завод куыстæй  ифтонг кæны 37 адæймаджы. Уыдон цалдæр мæйы стажировкæ цыдысты «Евродон»-ы. Кусджытæн сæ фылдæр сты бынæттон цæрджытæ.

Заводы куыст фенын æмæ басгарыны фæстæ Уанеты Вадим æппæт æрæмбырдуæвджыты изæры 6 сахатмæ фæхуыдта Ногдзауты паркмæ продукцийы дегустаци кæнынмæ.

Ногдзауты паркмæ цы бирæнымæц адæм æрбацыд, уыдон музыкæйы æхцон зæлтимæ дегустаци кодтой «Индолина», «Утомина» æмæ «Нартские»-йы маркæ-тимæ уагъд продукци. Ам ма уыд гогызы фыдæй фых бас дæр.

«Æз уарзын Цхинвал» ацы фысты бын завод «Растдон» цы презентаци ауагъта, уымæй райгондæй баззадысты уырдæм æрбацæуæг адæм. Тæрхджыты алыварс адæм тыгуыртæ кодтой. Бынæттон зарæг-гæнджытæ Тасойты Игорь, Æлборты Владимир, Плиты Ланæ æмæ æндæрты æххæстгонд зарджытæ бæрæг барæсугъд кодтой компани «Растдон»-ы мадзал.

Компанийы сæйраг технолог Евгения Хлопкова цæрджыты зонгæ кодта фæлварæн продукцийы сконды хуызтимæ. «Ам цы амалиуæгад сырæзт æмæ абон йæ продукци чи уадзы, уымæй хъуамæ сымахæй алчи-дæр уа сæрыстыр. Ныртæккæ сымах цы тахынæг дегустаци кæнут, уый арæзт у бæрзонд технологитæм гæсгæ. Йе сконды та ис стур, гогыз, бабыз æмæ хуыйы фыд», – дзырдта уый.

Адæм ма хуынд цыдысты гогызы фыдæй арæзт бас бацаходынмæ дæр. Уымæй-иу чи  ацаходыдта, уый-иу райгондæй баззад.

Заводы сæйраг технолог  куыд дзырдта, афтæмæй ма уазал продукттæй дарддæр ма «Растдон»-æн йæ бон уыдзæн рауадзын натуралон полуфабрикаттæ, стæй ма арф рацарæзты хæлцад, тахынæгты алы хуызтæ, сосискæтæ, сарделькæтæ, æмæ ноджы æндæр хуызы продукци.

Компани «Растдон»-ы продукцийы дегустацийы изæр адарддæр хъазт-викторинæтæй. Адæм тынг райгонд уыдысты уыцы ногдзинæдтæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.