Хорз у, кӕстӕртӕ хистӕрты хорз хъуыддӕгтӕ куы фӕзмой ӕмӕ сӕ сӕхӕдӕг дӕр куы дарддӕр кӕной. Уӕд фӕзӕгъӕм, фыдӕлты фарныл фидар хӕцынц, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый тӕхудиаджы миниуӕг у, хистӕрты кад ӕмӕ ном дӕлӕмӕ кӕй нӕ уадзынц, ууыл дзурӕг у. Ивгъуыд ӕнусы 40-50-ӕм азты Цъунары колхозы раззагон фысгӕсыл нымад уыд Хуыбиаты Зозыр. Хъӕууон адӕймагӕн, уӕлдайдӕр та хӕхбӕсты цӕрӕгӕн йе ‘фтиӕгты ратӕдзӕн фылдӕр фосдарды куыстӕй уыд. Ӕмӕ Хуыбиайы фырт дӕр уыцы куыстыл уыд ӕнувыд, канд хисӕрмагонд хӕдзарады нӕ,фӕлӕ колхозы фысдарды къабаз райтынг кӕныныл дӕр архайдта уӕхскуӕзӕй. Ӕрмӕст зӕгъынӕн фаг у уый дӕр, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы колхозӕн фысвос кӕй уыд цалдӕр мины онг ӕмӕ сӕм хӕдзарады уӕнгтӕ кӕй дардтой стыр хъусдард. Зозыр уыцы азты уыд фермӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ сӕм зӕрдиагӕй зылд канд бынаты нӕ, фӕлӕ ма Хъызлары зымӕгон хизӕнуӕтты дæр. Алы фысӕй дӕр къуымбил астӕуккаг нымадӕй ралвыдтой 3 килограммӕй фылдӕр.

Фӕлӕ царды иугъӕдон ницы ис, ивы рӕстӕг, ивынц фӕлтӕртӕ дӕр. Зозыры фӕстӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр фосдарды куыстыл сӕ къух никуы систой, уыдысты йыл иузӕрдион. Уыцы   хъуыддагыл абон та фидар хӕцынц ӕфсымӕртӕ Гамлет ӕмӕ Альберт дӕр. Раздӕр азты дӕр куыд нӕ, фӕлӕ фӕстаг цыппар азы сӕ хъус тынгдӕр аздӕхтой фысвосы къабаз райтынг кӕнынмӕ. Ныртӕккӕ ӕфсымӕрты хӕдзарады нымадӕуы 400 фысы, сты тынг хӕрзхуыз ӕмӕ сӕ рухс кӕны адӕймаджы зӕрдӕ. Уый та уымӕн, ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц зоотехникӕйы ӕппӕт домӕнтӕ дӕр. Бирӕ азты фӕлтӕрддзинады фӕстиуӕгӕн зонынц, низты ныхмӕ кӕд хъӕуы хос кӕнын ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнынц дырысӕй, судзинтӕ сын саразынц сӕхӕдӕг. Кӕд зымӕгон бонтӕ кӕны, уӕддӕр сӕрвӕты ис хизӕн бы-нӕттӕ, уымӕ гӕсгӕ бонрӕфты цӕуынц хизынмӕ, фӕлӕ сӕ холлагцух дæр нӕ уадзынц, дæттынц сын хор дæр. Фысты уындӕй мӕ зӕрдӕ барухс, фӕлӕ…  Гамлеты ныхæстæм гæсгæ бацархайдтой, цӕмӕй мадӕл фыстӕ иууылдӕр ныззайой иу рӕстӕджы. Уӕд сӕм зилын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕмӕ ахӕм практикӕйӕ пайда кӕнынц стыр хӕдзарадтӕ ӕмӕ дӕтты хорз фӕстиуӕг. Хуыбиаты ӕфсымӕрты фыстӕ дӕр цалдӕр къуырийы фӕстӕ райдайдзысты зайын ӕмӕ æнхъæлмæ кæсынц 300 уæрыччы бæрц райсынмæ. Рӕстӕгыл сфӕрӕз кодтой цӕхх 1,5 тоннӕйы ӕмӕ сын дзы дӕттынц рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ. Ӕфсымӕрты хӕдзарад цух нӕу холлагӕй дӕр – ис сӕм 1200 холладжы тыхтоны ӕмӕ сын ӕфснайд сты ӕмбӕлон бынаты. Хӕдзарад ма дары цыппар бӕхы ӕмӕ 18 роды. Уалдзӕджы куыддӕр кӕрдӕг фӕцъӕх уа, хизынӕн бӕзгӕ уа, афтӕ сӕ фысты аскъӕрдзысты Ерманы хъӕумӕ сæрдыгон хизæнуæттæм.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.