Æвæццæгæн, æнæбæллиц адæймаг нæ разындзæнис. Алчидæр йæхи æмбарынхъом куы фæвæййы, уæд фæнывæнды йæ хъуыдытæ цы бакæнын æй хъæуы, йæ фидæны цард куыд араза, уыдæттыл. Æниу, бæллицтæ дæр дыууæрдæм здæхт вæййынц – хорзæрдæм æмæ æвзæрæрдæм. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ адæймагæн йæ хъысмæт, йæ царды фæндаг, сæйраджыдæр, аразгæ у йæхицæй.

Ацы хъуыддаджы Дзауы поселочы цæрæг Кæркуысты Адольф фæсмон цæуыл фæкæна, ахæмæй ницы суындзæн йæ рацæргæ фæндагыл йæ цæст ахæсгæйæ. Уый нæ, фæлæ æдзух тырныдта æмæ тырны йæ арæхстдзинæдтæ, йæ зонындзинæдтæй царды спайда кæнынмæ. Зивæг никуы бакодта йæ алыварс адæмæн хорздзинад ракæнынмæ, сæ къух сын истæмæй фæрог кæнынмæ, архайы дзыхы ныхасæй дæр макæй фæхъыг кæна, сæйраджы сæйраг та адæмы ‘хсæн хорз номимæ цæра. Раст уыдон сты дарддæр дæр йæ бæллицтæ Адольфæн.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, гайлаг родæй бæрæг кæны. Раджы, цумахъом куы фæцис, уæд райдыдта æмбарын, куыст алкæцы адæймагæн дæр номгæнæг кæй у, куыст цардæн фæрæз кæй у æмæ чысылæй балæууыд йæ ныййарджыты æнцой. Æххуыс сын кодта хæдзары алыгъуызон куыстыты. Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ та бирæ нысæнттæ æвæрдта йæ разы, фæлæ дзы алкæмæн сæххæстгæнæн нæ уыд – алкæмæ дæр дзы хицæн фæндæгтæ уыд, адæймагæн та царды иу фæндаг йеддæмæ нæ вæййы. Адольф дæр царды агуырдта йæхи фæндаг. Хъæууон хæдзарад йæ зæрдæмæ тынг æввахс кæй уыд, уымæ гæсгæ скъола каст фæуыны фæстæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон институтмæ. Фæлæ йæ бæллицтæ фæмæнг сты, нæ бахауд æмæ кусынмæ бацыд «Электросеть»-ы заводмæ. Дыккаг аз та йæ гæххæттытæ балæвæрдта Цæгат Кавказы базарадон техникуммæ. Каст æй куы фæцис, уæд ын ацы дæсныйадыл куыст нæ разынд æмæ ацыдис Норильскмæ. Уым кусынмæ бацыд æрхуы-куыстгæнæн заводмæ. Фæсаууонмæ та ахуыр кæнынмæ бацыдис арæзтадон техникуммæ. Уæдмæ æрцыдис йе ‘фсæддон хæс бафидыны рæстæг æмæ йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Кемеровы областы Новокузнецкы горæты. Уыдис ротæйы старшинæ. Йе ‘фсæддон хæс куы бафыста, уæд æй фæстæмæ сфæндыд, цы заводы куыста, уырдæм аздæхын, фæлæ йæм йæ ныййарджытæ æнхъæлмæ кастысты æмæ се ‘нцой балæууын кæй хъуыд, уый йын æнцойад нæ лæвæрдта. Афтæмæй æрыздæхтис йæ райгуырæн бæстæмæ. Йæ фыд фронтовик уыд, хæстæй æрыздæхт афицеры цины бирæ хæрзиуæгтимæ.

Æрæздæхт йæ ныййарджытæм, фæлæ хъуыд куысты сæр æрлæууын. Адольф та нæ ардта куыст. Æмæ йæм уыцы рæстæджы æрырвыстой Норильскæй, заводæй. Фæлæ мады лæгъстæгæнæг цæстытæ баурæдтой Кæркуысы фырты. Фæзындис ын куыст дæр. Абон дæр стыр бузныг у Адольф дзæнæттаг Санахъоты Уасилæй. Уæд уый куыста æхсæнадон хæлцады директорæй æмæ йæ райста ресторан «Голубой Дунай»-мæ кусынмæ. Уым ын рабæззыд техникумы йæ ахуыр. Уый фæстæ та йæ куыст раивта Дзауы магазин «Автозапчасти»-мæ. Йе ‘гъдау, адæмимæ иумиаг æвзаг ссарынмæ кæй рæхст, уый æнæрахатгæ нæ фесты партийы Дзауы райкомы хицæуттæ æмæ йæ райстой сæхимæ кусынмæ. Фæкуыста дзы, цалынмæ Советон Цæдисы ныппырх, уæдмæ. Уыцы уæззау азты сырæзтис ОМОН æмæ Адольф бацыдис уырдæм кусынмæ. Уыд ротæйы командир. Уыцы иурæстæджы ма уый ахуыр кодта нæ горæты университеты юиридикон факультеты фæсаууонмæ. 1998-æм азы йæхи фæндонмæ гæсгæ сæрибар æрцыд ОМОН-ы рæнхъытæй. Хъуыд цæрын, царды амæлттæ кæнын æмæ та Адольф йæ амонд бафæлвæрдта бизнесы, бакодта йæхицæн магазин. Уыцы иу рæстæджы уый иуварс нæ лæууыд республикæйы æхсæнадон-политикон цардæй. Дыууæ хатты та æвзæрст æрцыдис нæ парламенты депутатæй. 1999 азæй суанг 2008 азмæ та фæкуыста РХИ-йы таможнæйон управленийы таможнæйон постыты хистæрæй.

2009 азы Адольф ногæй ныллæууыд амалиуæггæнæджы куыстыл. Байгом кодта йæхи арæзтадон фирмæ «Феникс плюс» æмæ сарæзта уазæгдон Дзауы поселочы. Уазæгдон лæггад кодта, чи иу нæм æрцыдис, уыцы уазджытæн. Сарæзта йæхи тыхтæй магазинтæ дæр æмæ лæггад кодта йæ адæмæн.

Уыцы рæстæджы зын уавæрты цардысты адæм, фæлæ Кæркуысы фырт стыр æргътæ не ‘вæрдта йæ уæййæгтыл, хынцыдта адæмы уавæр, стæй сæ горæтмæ продукттæ æлхæныны цæуыны сæр дæр нал хъуыд. Иугъуызон æргътæ дзы уыд æмæ ис абон дæр, разы уыд йæ архайдæй Адольф. Фæлæ хатт лæгæн, æнæнхъæлæджы, фыдбылыз йæ къæхты бынæй дæр сгæпп кæны. Уыд зынгсивæрзт уазæгдоны. Басыгъдысты уал азы фыдæбæттæ. Аззад афтид армæй. Цæмæй райдыдтаид, уый нæ зыдта, йæ къух æй нал амыдта æмæ йæ кæд тынг ныфс нæ уыд, уæддæр æххуысæнхъæл бацыд Национ бангмæ. Банджы сæрдар æм байхъуыста æмæ ахъуыды кодта, адæймаг йæ хъуыддагыл серьезон æгъдауæй куы архайа, уæд удыбæстæ у йе ‘нцой фæлæууын. Загъта йын разыйы ныхас æмæ йын рахицæн æрцыд 1,5 милуан сомы. Куыд тынг дзы фæбузныг Кæркуысы фырт! Уый уыд æцæг хæрзиуæгон архайд. Адольф йæхæдæг дæр цæсгом-джынæй бафыста йæ хæстæ банджы раз. Фæлæ куы ахъуыды кæны, зæгъæм ын уæд йæ къух нæ сарæзта Зассейы фырт, уæд ма йын цы бантыстаид саразын? Ницы, æвæццæгæн, уымæн æмæ йын сæ банг радта рады не ‘рлæугæйæ æмæ нæ бафæстиат йæ хъуыддаг. Ныр кæрæдзийы фарсмæ сосæ фæндаджы былыл уæвы  дзидзайы магазин. Адольфæн ис Цæгат Ирыстоны йæхи фосæргæвдæн æмæ уырдыгæй æрласы фыдызгъæл. Уый иуæй хæрзгъæд у, иннæ та дзы горæтæй у бирæ асламдæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ арæх фæцæуынц горæтæй дæр уырдæм æлхæнынмæ.

Дарддæр уым уæвынц магазин «Мир одежды», магазин «Вершин», цыран уæй цæуынц машинæты цæлхытæ. Асламдæр æй сын кæй ис балхæнæн, уымæ гæсгæ горæтæй дæр машинæты хицæуттæй бирæтæ цæуынц уырдæм сæ балхæнынмæ. Уым ма арæзт æрцыдис продукттæ уæйгæнæн магазин дæр æмæ цæрджыты чысыл ницæй тыххæй дæр нæ фæхъæуы дардмæ цæуын. Ам ма цæрджытæн арæзт æрцыд банкетон зал æмæ ногæй цалцæг æрцыд «Уазæгдон» дæр.

Райгонд у йæ архайдæй Адольф. Аразы йæ цард, фæлæ йæм цы кусджытæ кусынц, уыдонæн дæр куысты бынæттæ кæй ис, сæ бинонты кæй дарынц, уый дæр ын стыр æхцон у. Адольфæн йæ хъуыды ахæм у: уадз алкæмæн дæр хорз уæт, алчидæр цæрын фæразæт æмæ уæд адæм æнгомдæр уыдзысты, кæрæдзи дæр фылдæр уарздзысты.

Æцæг адæймагон миниуджытæй хайджын кæй у, уымæ гæсгæ йын хорз аргъ кæнынц, кæимæ кусы, уыцы æмкусджытæ, кад æмæ йын аргъ кæнынц, кæй æхсæн цæры, уыцы адæм дæр. Æнæуый дæр зæрдæхæлар, хъазæгой у, афтæ йæ хонынц, æввахсмæ йæ чи зонынц, уыдон.

Кæркуысты Адольф  йæ цард æрмæст йæ фердæхты руаджы нæ аразы, фæлæ ма йын йæ тыхыл тых æфтауынц йæ бинонтæ дæр. Йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой сæхийау куыстуарзаг æртæ хъæбулы, ис ын хъæбулы хъæбултæ дæр æмæ сæ йæ зæрдæ райы.

Уæдæ, адæймагæн йæ цард, йæ фидæн цахæм рауайдзæн, уый сæйраджыдæр, йæхицæй кæнгæ у. Æмæ амондджын у ахæм адæймаг, йæ цард йæхи уæнгты æмæ йæ зонды тыхы руаджы чи фæаразы, фæсмон цæуыл æркæна, ахæмæй та йæ рацæугæ фæндагыл чи ницы суыны.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.