РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик балцы уыд Дзауы районы, цыран донивылдтытæ разиан кодтой бынæттон инфраструктурæйæн. Иууыл тынгдæр разианчындæуыд Къуайсайы горæтæн.

Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан æмæ Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Робертимæ Хицауады Сæрдар азылд Джоджора æмæ Везуры цæугæдæтты былтыл. Донивылд разиан кодта Хуыцъейы хъæуы фæндаджы хицæн фадгуытæн, Къуайсайы та æнцойгæнæн къул æмæ электроадæттæн хаххы цæджындзты бындуртæн.

Азылды фæстæ Пухаты Эрик журналисттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, республикæйы æмбæлон службæтæ донивылдтыты фæстиуджыты аиуварс кæнынмæ æрæвналдзысты, доны æмвæзад куыддæр æрхауа, афтæ. Фыццаг рады æрæвналдзысты электроадæттæн хæххытæ сæндидзын кæнынмæ.

«Азылды фæстиуджытæ дзурæг сты, донивылдтытæ зынгæ зиан кæй ракодтой Къуайсайæн, – загъта уый. – Дзауы районæн ракæнгæ зиæнттæ нымад æрцæудзысты, цæу-гæдæтты дон куы æркъаддæр уа, уæд æмæ гæнæн уыдзæн фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл мадзæлттæм æрæвналынæн».

Донивылдтыты фæстиуæгæн ма Къуайсайы фехæлд цад дæр, цыран цæрджытæ сæ улæфт уагътой, ахстой кæсæгтæ, Дзауы поселочы та цъыфæй байдзаг сты Леуахимæ уагъд къанаутæ.

Ныртæккæ Къуайсайы горæты администраци æнхъæлмæ кæсы Цхинвалæй техникæйы æрбацыдмæ, цæмæй райдайой зæххы æмæ донбылгæрæтты фидаргæнæн куыстытæ. Дзауы та кусынц къанаутæ сыгъдæг кæныныл æмæ цæмæй хæдзæрттæм дон ма бакæла, ууыл.

Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ, цæрджытæй кæмæн разиан чындæуыд, уыдоны ифтонг кæнынц нуазыны донæй æмæ дарддæр кусынц фæндæгты асыгъдæг кæныныл.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Хицауады

пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.