Бæрæг куыд у, афтæмæй президентон æвзæрстыты дыккаг тур ауагъдæуыдзæн 28 апрелы, хайад дзы райсдзысты дыууæ кандидаты –  Президент Бибылты Анатоли æмæ парти «Ныхас»-ы лидер Гаглойты Алан. Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Аулохты Кристинæ куыд загъта, афтæмæй кандидатты дебаттæ райдайдзысты майрæмбоны, изæры 21 сахатыл комкоммæ эфиры, Паддзахадон Телерадиокомпани «Ир»-ы.

«Æвзæрстыты агъоммæйы размæ дебаттæ æвдыст цæудзысты комкоммæ эфиры. Æдæппæт уыдзысты æртæ раунды, алкæмæн дæр лæвæрд æрцæудзæн фæйнæ иу сахаты. 22 апрелы дебаттæ уыдзысты ахæм темæйæ: «Закъон æмæ фæтк». 25 апрелы дзырд цæудзæн æддагон политикæйыл,  «Уæрæсейы Федерациимæ æмархайд»-ы темæйы фæдыл. 26 апрелы та кандидаттæн фадат уыдзæн сæрибар темæйыл дзурынæн», – банысан кодта Аулохты Кристинæ.

Кандидаттæн фадат ис се ‘рмæджытæ паддзахадон мыхуырон фæрæзты ныммыхуыр кæнынæн дæр.

Президентон æвзæрстыты дыккаг тур ауадзыны тыххæй бюллетентæ мыхуыр цæудзысты æртыццæджы райсомæй  Хуссар Ирыстоны Полиграфион баиугæнды.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, мыхуыр æрцæудзæн 40 мин бюллетены.

Хуссар Ирыстоны закъонмæ гæсгæ, бюллетенты нымæц  баст у æвзарджыты нымæцыл. Уыцы нымæцмæ хъуамæ æфтыд æрцæуа æртæ проценты.

Централон æвзарæн къамисмæ цы номхыгъдтæ ис, уым ис  34 мин адæймаджы, уыдонмæ ма æртæ проценты куы  бафтыдæуа, уæд бюллетенты иумиаг нымæц уыдзæн 40 мины.

Бюллетенты мыхуыр кæнынмæ сæ хъус дардзысты Централон æвзарæн къамисы, кандидатты æмæ барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ. Бюллетентæ мыхуыр куы цæуой, уыцы рæстæджы типографы бæстыхай хъахъхъæндзысты барадхъахъхъæнæг  органты кусджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.