Æрæджы Экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæргъ слæууыд ног къухдариуæггæнæг, фæлтæрд инженер-аразæг –  Къуылыхты Таймураз. Уый йæ хъуыдытæ раргом кодта организацийы дарддæры райрæзты тыххæй.

– Таймураз, радзур-ма нын, дæ дæлбаруæвæг комитеты раз цавæр хæстæ ис æвæрд?

– Комитет конд у æртæ хайадæй: экологон, технологон æмæ арæзтадон. Иумæйагæй дзы кусынц 19 адæймаджы. Комитеты номæй æмбæрстгонд у, махæн бар кæй ис æмæ паддзахадон цæстдард æххæст кæнæм экологион, арæзтадон æмæ технологон (сæудæджерадон) æдасдзинад хъахъхъæнын алыгъуызон объектты. Сæйраджыдæр бæрæг кæнæм подрядон организациты арæзтады процесстæ куыд цæуынц, СНиП æмæ ГОСТ-ы техникон нормæтæм гæсгæ æххæст цæуынц, æви нæ, æртагкæнæн станцæты, электро æмæ хъæрмадон хызæгты, уæзтæисæн механизмты эксплуатаци кæнгæйæ æдасдзинады фæткойтæ, æрдзхъахъхъæ-нынады фæдыл закъондæттынад хæлд цæуы, æви нæ, афтæ ма æндæр фарстытæ.

– Алы ног къухдариуæггæнæг дæр архайы куыстмæ ногдзинæдтæ бахæссыныл.  Фæнд кæныс организацийы куысты исты фæивын?

– Фæндтæ ис, фæлæ ахæм кардиналон не сты. Нæ архайды хицæн фадгуытæ хъæуы скоррекци кæнын. Уыдонæй  сæ иу у, службæйон инструкцитæм ногæй æркæсын.  Бахæссын-ма хъæуы Комитеты уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ. Абоны бон уый юридикон цæстæнгасæй нæу корректон. Афтæ ма ивындзинæдтæ хъæуы бахæссын Административон бархалынæдты фæдыл закъондæттынадмæ. Нæ фæндæттæ иууыл иумæ æввахс рæстæджы æрвыст æрцæудзысты хицауадмæ.

Организацион планы та цы фæивта?

– Æз хæст дæн куысты ныррыккон методтæ биноныг кæныныл. Организацийы мидæг хайадты  архайд мобилондæр æмæ сын хуыздæр разамынд кæныны тыххæй мах рахызтыстæм документаци электронон хуызы аразынмæ æмæ уый та фадат дæтты рæстæг æмæ фæрæзтæ экономи кæнынæн. Æвæрд хæстæ скъуыддзаг кæнынæн ма нын æххуыс кæнынц æрвылкъуырион “чысыл æмбырдтæ” æмæ хайадты цыбыр хыгъдтæ бакæнгæ арæзт куысты тыххæй. Уымæй дарддæр ма мах æрбæстон кодтам арæзтадон организацитимæ нæ æмархайд.

– Зæгъут-ма нын, цæстдарды бын цы объекттæ ис, уыдон куыд сгæрст цæ-уынц æмæ объекты эксплуатацимæ раттыны тыххæй бар куыд лæвæрд цæуы?

– Махæн ис куысты план, кæцымæ ивындзинæдтæ бахæссæм æрвылкъуыри дæр. Уыцы планмæ гæсгæ нæ кусджытæ бæрæг кæнынц æмæ басгарынц объекттæ, куыд арæзтады рæстæджы, афтæ йæ фæуды дæр. Уæд уагъд цæуы иумæйаг басгæрст. Куы бахъæуы, уæд бынаты арæзт æрцæуынц акттæ кæнынад бацамындтытæ æмæ уыдон  æрвыст æрцæуынц хъæуæг организацитæм. Закъонмæ гæсгæ, объекты сырæзты фæстæ махæн лæвæрд цæуы 10 боны, цæмæй хатдзæгтæ саразæм, стандартон нормæтæ æххæст æрцыдысты æви нæ, уымæн. Активонæй кусы экономикон хайад. Горæты æмæ районты уагъд цæуынц рейдтæ, бæрæг цæуынц, брæттæ æнæсанкцион æгъдуæй кæм  æмбырд цæуынц, уый. Нæ фæнд у районты администрацитимæ дæр æмгуыстад кæнын, цæмæй  нæ куыст æххæсса æгас республикæйыл. Уыцы нысанæн æрæджы уыдыстæм Монастъер æмæ Орчъосаны хъæуты.

– Куыд аргъ кæныс кадрты профессионалон цæттæдзинадæн?

– Тынг хорз. хайадты нæм, æцæгæйдæр, хорз специалисттæ ис. Фæлæ квалификаци бæрзонддæр  кæныныл кусын хъæуы. Афтæ ма нæ хъæуы специалисттæ бæрæг фадыджы.

– Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, цæстдарды органтыл æнцонæй бахæцы ахæм “низ”, куыд коррупци. Уый фæдыл та цы зæгъдзынæ?

– Уый фæдыл мæ хъуыды у принципиалон. Цæстдарды организацийы кусджытæ сæ хæстæ хъуамæ æххæст кæной  намысджынæй. Зæгъгæ, ацы хъуыддаджы чысыл дæр фæстæмæ алæууыдтæ, уæд æй стæй зынтæй сраст кæндзынæ. РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли мæм куы фæдзырдта, уæд мын загъта, зæгъгæ, дыл мæ зæрдæ дарын, намысджын адæймаг кæй дæ. Мæнæн тынг æхсызгон уыд ахæм ныхæстæ хъусын æмæ бузныг дæн, ахæм  ахсджиаг бынат мыл кæй баууæндыд.

– Куыд къухдариуæггæнæг, афтæ дын дæхи девиз ис? Куысты мидæг цы нымайыс сæйрагдæрыл?

– Куыд адæймаг æмæ специалистæн, афтæ мæ фидар хъуыды у ахæм: æдзух исты ногдзинад базонын æмæ дæ зонындзинæдтæ искæйы хайджын кæнын. Цыфæнды организацийы дæр, сæйраг ресурс сты адæм. Къухдариуæггæнæджы хæс у хъомыл кæна специалистты, разæнгард сæ кæна хорз фæстиуджытæм, ауда сыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.