Июлы мæйы  нæ республикæйы кусæгон балцы уыд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов. Йе ‘рцыды нысан уыд РХИ-йы 2015-2017 азтæн социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уый бабæрæг кæнын. Арæзтадон объекттыл азилгæйæ, Лев Кузнецов райгондæй нæ баззад цæрæнуæтты арæзтад æмæ æндидзынгæнæн куыстытæ цы темптæй цæуынц, уымæй.  Комкоммæ зæгъгæйæ та, Хъайтарты уынджы кæрон цы хæдзæрттæ арæзт цæуы, цæрджыты цæрæнуатæй сифтонг кæныны нысанæн, уыцы объекттæй.

Ам цы арæзтадон компани «СоюзСтройПроект» кусы, уый куыстæй дæр Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов райгондæй нæ баззад: «Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххуысæй цы проекттæ æмæ программæтæ æххæст цæуынц, уыдон иууылдæр сты ахсджиаг æмæ фыццаградон. Куысты организацийы принциптæ æмæ сæ фæуыны æмгъуыдтæ æрæмныхгонд раджы æрцыдысты. Иуæй-иу объектты куысты динамикæ лæмæгъ у. Зæгъæм, Хъайтарты уынджы цы цæрæнуатон объекттæ арæзтæуы, уыдон графикæй фæсте баззадысты. Махæрдыгæй йæ рæстæджы подрядон организацийы раз æппæт объекттæ дæр æрцыдысты ифтонг финанстæй, афтæ ма скъуыддзаг æрцыдысты æппæт инженерон-техникон фарстытæ дæр. Уымæ гæсгæ мæн фæнды банысан кæнын, кæд раздæр мах лæгъстиаг уыдыстæм подрядон организацитæн, уæд ныртæккæ та ис,  сæрибарæй сæ чи раива, ахæмтæ, æмæ уæд нæ ахастыты риторикæ фæдæрзæгдæр уыдзæн», – загъта Лев Кузнецов арæзтадон фирмæ «СоюзСтройПроект»-ы къухдариуæгадæн.

Федералон къухдариуæггæнæг уæд загъта, зæгъгæ, та йын ног фембæлд уыдзæн, сентябры мæйы Хуссар Ирмæ куы æрцæуа, уæд.

Мах фембæлдыстæм, ам цы цæрæнуатон комплекс арæзт цæуы, уыцы арæзтады прораб Михаил Бухтеевимæ. Нæ фарст: «Куыд цæттæ сты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры æрцыдмæ». Михаил Бухтеев ахæм дзуапп радта: «Ацы цæрæнуатон комплексы аргъ у 524 милуан сомы. Уыдзæн дзы 2 фондзуæладзыгон хæдзары. Сæ иу уыдзæн астсекцион, иннæ та фондзсекцион. Сæ æддаг бакастæй уыдзысты «бæхы цæфхады»-ы формæйы хуызæн. Уыдзæн дзы 80 иухатæнон, 60 дыууæхатæнон, 55 æртæхатæнон æмæ 5 цыппархатæнон фатеры. Сæ квадратурæ уыдзæн, ныртæккæ уæ горæтты цы бирæуæладзыгон фатертæ ис, уыдонæй бирæ стырдæр. Хæдзæртты арæзтадмæ ивгъуыд аз æрæвнæлдтам. Арæзтадтæй сæ иуы кæнæм сантехникон куыстытæ, æмбæрзæм агъуысты сæр дæр. Раст зæгъут, æцæгæйдæр практикон æгъдауæй арæзтадон куыстытæ цы ныллæг темптæй цæуынц, уымæ гæсгæ графикæй фæстæ баззадыстæм мæй æмæ æрдæджы бæрц. Фæлæ уымæн уыд бæрæг аххосæгтæ, мах арæзтадон æрмæг, уыцы нымæцы æфсæн конструкцитæ дæр ласæм Уæрæсейæ. Уыцы процесс та хатт фæкъуылымпы вæййы иу кæнæ иннæ аххосагмæ гæсгæ. Ныр уыцы къуыхцытæ иуварс æрцæудзысты. Бæрæг фæфылдæр кусджыты нымæц, æмæ куысты динамикæ фæтагъддæр. Ныр куыстыты график тагъд баййафдзыстæм, æмæ мæ ныфс ис, Уæрæсейы Федералон къухдариуæггæнæджы æрцыдмæ нæ разы цы конкретон фарстытæ æрæвæрдæуыд, уыдонæн дзуапп кæй ратдзыстæм», – зæгъы арæзтадон компани «СоюзСтройПроект»-ы прораб Михаил Бухтеев.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй абон арæзтадон комплексы, сæйраджыдæр, кусынц бынæттон адæм. Арæзтад цы æрмæджытæй пайда кæны, уыдон та, дам, сты гъæдджын æмæ сертификацигонд. Куыд зонæм, афтæмæй ацы цæрæнуатон комплекс хъуамæ арæзт фæуа 2017 азмæ. Мидæггагон кæрт дæр æрцæудзæн хæрзарæзт. Уыдзæн дзы хъазæн, спортивон фæзуæттæ, цъæхдарæнтæ, беседкæтæ. Территори æнæхъæнæй уыдзæн  плиткæйæ æмбæрзт. Куыддæр æппæт уыцы куыстытæ арæзт фæуой, афтæ арæзтадон комплекс эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн æмæ горæты администрацийы цалдæр дæсгай азты фатерты номхыгъды рады чи лæууы, уыдон бауыдзысты фатерты хицæуттæ.

2015-2017 азтæн Инвестицион программæйы фæлгæтты ма горæт Цхинвалы Октябры уынджы кæрон æххæст цæуы фарастуæлæдзыгон корпусты реконструкци дæр. Уыдон тынг бахъыгдард сты 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Райстæуыд уынаффæ, цæмæй хæдзæрттæн ист æрцæуой сæ уæллаг уæладзгуытæ, саразой сæ фондзуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ æмæ сæ уый фæстæ капиталонæй сцалцæг кæной. Ныртæккæ дыууæ хæдзары дæр демонтажон куыстытæ фесты, æмæ аразджытæ æрæвналдзысты мидæггагон инженерон хызæгтæ баивынмæ æмæ агъуындæн куыстыты монтаж кæнынмæ. Цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы хæдзæртты цæрджытæ æрцардысты «Цæгаттаг» микрорайоны.

Ам дæр кусы арæзтадон компани «СоюзСтройПроект». Ацы арæзтады прораб Артур Демеев куыд зæгъы, афтæмæй демонтажгæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты 137-æм æмæ 139-æм хæдзæртты. Ныртæккæ 137-æм хæдзары æххæст æрцыд рудзгуытæ æмæ балкъæттæ сæвæрыны куыстытæ, афтæ ма æппæт коммуникациты раивыны куыстытæ, аразынц хатæнты ‘хсæн къултæ.

139-æм хæдзары ныридæгæн фесты агъуындæн куыстытæ, ивынц мидæггагон хызæгты. Ныртæккæ объекты кусы 35 адæймаджы бæрц, æмæ, периодикон æгъдауæй куы бахъæуы, уæд райсынц ноджыдæр кусджытæ.

Мидæггагон кæрт дæр æрцæудзæн хæрзарæзт. Уыдзæн дзы сывæллæтты хъазæн бынат, беседкæтæ, бандæттæ, рухсытæ æмæ спортивон фæзуат. Мик-рорайоны территорийыл æвæрд æрцæудзæн тротуарон плиткæ.

Объекты иумæйаг сметæйон аргъ у 109 милуан сомы. Иу хай дзы рахицæнгонд æрцыд арæзтадон-монтажон куыстытæн, иннæ хай та проектон куыстытæн. Ацы бирæ-уæладзыгон хæдзæрттæ уыдзысты Маяковскийы уынджы реконструкцигонд бирæуæ-ладзыгон хæдзары æнгæс.

Хæдзæрттæ арæзт æрцæудзысты аив. Нырыккон æмæ сейсмикон æгъдауæй уыдзысты фидар æмæ дзуапп дæтдзысты нырыккон нормæтæн.

Ацы бирæуæладзыгон хæдзæртты фарсмæ ма ис фондзуæладзыгон (Хъайтарты уынг №118) хæдзар. Уый дæр хъыгдард æрцыд 2008 азы августы цауты фæстиуæгæн. Хæдзарæн басыгъд йæ иу хай. Хæсты хæдфæстæ, ацы фондзуæладзыгон хæдзарæн хицæн æрцыд æхцайы фæрæзтæ, раивтой йын йæ агъуыст дæр, фæлæ иумæйагæй сисгæйæ рахицæнгонд финанстæ хардз нæ цыдысты эффективонæй. Ацы хæдзары цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдсты хъæуæг инстанцитæм, сæ хæдзар аварион кæй у, уый тыххæй. Хæдзарæн йæ конструкцитæ бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты, гæнæн ис чысыл зæххæнкъуыстæй дæр хæдзар ныккæла. Ацы фатерты цæрджытæ æрæджы президентмæ ныффыстой коллективон фыстæг. Президент бынатмæ арвыста спе-циалистты, цæмæй лæмбынæгдæр сахуыр кодтаиккой бирæуæладзыгон хæдзары уавæр, уый фæстæ ауагъта сæрмагонд рабадт компетентон органты минæвæрттимæ. Ныр скъуыддзаг цæуы ацы хæдзары хъысмæт дæр. Хæдзар реконструкци кæныны фарст хаст æрцæудзæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг радон Инвестицион программæмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.