Скъоладзау сабитæн ахуыры азы дæргъы вæййы тынг стыр уаргъ æвæрд, куыд физикон æгъдауæй, афтæ моралон æгъдауæй дæр. Бафæллайы сæ сæры магъз, се уонг æгасæй дæр слæмæгъ вæййы, ахуырмæ дæр райдайынц уæлæнгай ахаст дарын. Уымæ гæсгæ, ахуыры азы фæуды сæрдыгон улæфтытæ куы райдайынц, уæд æнæмæнг хъуыддаг у, цæмæй алкæцы сывæллон дæр баулæфа, куыд æмбæлы, афтæ. Уый афтæ куы уа, уæд ног ахуыры азыл уыдон сæмбæлдзысты райгæйæ, æмæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, ахуырмæ дæр уыдзæн фылдæр тырнынад.

Ацы методикон хатдзæгтыл бындуриуæг кæнгæйæ нæ республикæйы къухдариуæгад йæхимæ райста скъоладзауты сæрдыгон улæфтытæ æмбæлон æгъдауæй арвитыны фарст. Ныр цалдæр азы дæргъы нæ республикæйы сабитæ сæ сæрдыгон улæфтытæ хъæлдзæгæй арвитынц куыд нæ республикæйæн æдде æндæр горæтты лагерты, афтæ ма нæхимæ дæр цы улæфæн-æнæнизгæнæн лагертæ ис, уым. «Ныртæккæ нæ республикæйы территорийыл уæвынад кæны æрмæстдæр скъоладзауты дыууæ улæфæн лагеры. Уыдонæй сæ иу ис Дзауы районы Гуфтайы скъолайы, иннæ та горæт Цхинвалы скъола-интернаты, кæд æрвылаз дæр ацы лагертæ не сфаг вæййынц, цæмæй кæй фæнды баулæфын, уыдон се ʻппæт дæр райсæм, уæддæр хъыгагæн, нырма нæй уавæртæ, цæмæй ма ноджы дæр æрбакæнæм ног лагертæ», — загъта РХИ-йы Ахуырады министры хæдивæг Харебаты Ельзæ.

Цхинвалы скъола-интернаты боныгон лагерь æрвылаз дæр йæхимæ райсы 300 сывæллонæй фылдæр. Ныридæгæн лагерь йæхимæ райста æмæ балæггад кодта 200 сывæллонæй фылдæрæн. Сабиты райсынц къордгай, алы къорды дæр нормæмæ гæсгæ вæййы 100 сабийы æмæ иу къордæн йæ улæфты æмгъуыд та у 10 боны.

Лагермæ цы сабитæ райсынц, уыдон семæ хъуамæ æрбахæссой æнæниздзинады тыххæй бæлвырдгæнæн æмæ райгуырды тыххæй бæлвырдгæнæн. Лагерь райсы куыд нæ горæты скъолаты сывæллæтты, афтæ республикæйы æппæт хъæутæ æмæ горæтты скъолаты сабиты дæр, фæлæ нырма нæй уавæртæ, цæмæй райсой республикæйæн æдде æндæр горæттæй æрбацæуæг сабиты.

Лагеры раздзог Харебаты Маринæ куыд загъта, афтæмæй сын ис сæхи сæрмагонд программæ æмæ кусынц уымæ гæсгæ. Сабитæ æрбацæуынц райсомы 8-сахатæй 9-сахатмæ, 9-сахатыл сын ауадзынц райсомы гимнастикæ, 9:30 сахатыл ауадзынц райсомы линейкæ, цыран базонгæ кæнынц сывæллæтты боны фæткимæ æмæ уый фæстæ та 10-сахатыл сывæл-лæттæн вæййы ахходæн. Уый фæстæ сывæллæттæ адих вæййынц сæ отрядтыл æмæ сæххæст кæнынц сæ программæтæм гæсгæ хæслæвæрдтæ.

Лагеры ис алыгъуызон кружоктæ, куыд зæгъæм æрмдæсныты кружок, кафты, зарды, гимнастикæйы, фортепиано æмæ æндæр ахæмтæ. Ацы кружоктæм сабитæ цæуынц тынг цымыдисæй æмæ ам ацæуы сæ боны фылдæр рæстæг. Арæх сын ауадзынц алыгъуызон конкурстæ куыд «Æппæты хуыздæр ныв», «Хуыздæр кафæг» æмæ æндæр ахæмтæ. Ауадзынц ерыстæ волейболæй, пионербол æмæ æн-дæр спортивон хъæзтытæй, афтæ ма сын ауадзынц «Хъæлдзæг старттæ» дæр.

14 сахатыл сихор бахæрыны фæстæ сывæллæттæ æмæ сæ раздзогтæ фæцæттæ кæнынц алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ. Æрæджы лагеры дыккаг къорд Харебаты Мари-нæйы къухдариуæгадæй ауагътой иу ахæм хиирхæфсæн мадзал «Кораблики», цы ран сывæллæттæ равдыстой сæ арæхстдзинад спорты алы хуызтæм, цыргъзонддзинад æмæ фердæхтдзинад. Равдыстой алыгъуызон спортивон эстафетæтæ æмæ ма æндæр хъæзтытæ дæр. Ма-дзалы кæрон сабитæн балæвар кодтой разæнгардгæнæн чысыл лæвæрттæ.

Изæры 16 сахатыл сабитæн вæййы изæры линейкæ æмæ æрдзурынц рацæугæ боны хабæрттыл. Уый фæстæ 17 сахатыл сабитæ ацæуынц сæ хæдзæрттæм.

Харебаты Маринæ ма нын куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ ам скъолайы хореографийы ахуыргæнджыты хъæппæрисæй уагъд цæуы акци «Алло, мы ищем таланты!», кæцыйы фæлгæтты уыдон фæнд кæнынц конкурсты фæстиуæгæн равзарын курдиатджын сывæллæтты алы фадыджы дæр. Уый фæстæ æрбакæндзысты кружоктæ æмæ ахуыры азы дæргъы кусдзысты семæ.

22-æм июлы лагеры уагъд æрцыд дыккаг къордæн фæстаг мадзал. Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Ахуырады министры хæдивæг Харебаты Ельза, сывæллæтты ныййарджытæ, скъола-интернаты ахуыргæнджытæ æмæ лагеры хъомылгæнджытæ. Мадзал бацæттæ кодтой раздзогтæ Хъотайты Сæрмæт, Тасойты Азæмæт, Цъæхилты Залинæ, Юлия Дерявко, Харебаты Маринæ.

Мадзалы райдайæны Цъæхилты дыууæ хойы «Хæххон кафты» — музыкæйы зæлтимæ аив сæххæст кодтой гимнастикон кафт «Ирон кафт». Уый фæстæ Хъæцмæзты Алинæ азарыд зарæг «Мама». Афтæ ма сывæллæттæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ æмгар-дзинады, Райгуырæн бæстæйы æмæ æндæр темæтыл, сæххæст кодтой кафтытæ «Куклы», «Хæххон кафт», «Аджайраг кафт», «Морячка» æмæ «Симд». Мадзалы кæронбæттæны сывæллæттæн радтой грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

«Æз ныр ам кусын фыццаг æмæ дыккаг къорды сывæллæттимæ, уыдонæн сæ нымæц цъус нæ уыд æмæ куыд зонæм афтæмæй, уыдон сты æрмæстдæр нæ республикæйы сывæллæттæ. Уыдонæн сæ фылдæр кæрæдзийы зонгæ дæр нæ кодтой, фембæлдысты фыццаг хатт, фæлæ сæ кæрæдзимæ равдыстой хæларзæрдæ æмæ уарзон ахаст. Мæ бон у фидарæй зæгъон, нæ рæзгæ фæлтæр кæй нæ фесæфтой се ʻгъдау, уый бæлвырд у сæ уагахастæй дæр. Афтæ ма уыдон се ʻппæт дæр сты æвзыгъд æмæ сæм ис тырнындзинад æппæт зонынмæ дæр. Ахæм сабитæ та цы адæмы ’хсæн уой, уымæн æвæццæгæн, йæ фидæн уыдзæн рæсугъд», — загъта лагеры хъомылгæнæг Хъоцыты Аллæ.

Ныртæккæ нæ республикæйы территорийыл цы дыууæ лагеры уæвынад кæны, уыдонæй сæ иуæй дæр нæй рахъаст кæнæн. Уымæн æмæ уыдонæн цы сæрмагонд прогрæммæтæ ис конд, уыдоны фæлгæт-ты сæ куыст бакæнынц тынг хорз. Æрвылаз дæр нæ республикæйы сывæллæттæ тынг фæтырнынц ацы лагерты баулæфынмæ æмæ кæддæриддæр баззайынц райгондæй, куыд сывæллæттæ, афтæ сæ ный-йарджытæ дæр. Зæгъын ма мæ фæнды уый, æмæ ацы лагеры цы коллектив кусы, уыдон æппæт дæр аразынц сабиты хæрзиуæгæн, цæмæй цымыдисон æмæ хъæлдзæгæй арвитой сæ рæстæг. Уый тыххæй сорганизаци кæнынц алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ, конкурстæ, эстафетæтæ. Мæнмæ гæсгæ ацы коллективы куыст дæр у раппæлинаг”,- загъта Ахуырады министры хæдивæг Харебаты Ельза.

Сывæллæтты ныййарджытæ дæр сты тынг райгонд лагеры коллективы куыстæй æмæ загътой арфæйы ныхæстæ ацы уавæртæ сын чи сарæзта, уыдонæн се ʻппæтæн дæр.

Ныртæккæ лагерь йæхимæ райста æртыккаг къорды сывæллæтты, уыдонæн сæ улæфты рæстæг фæуыдзæн 10 боны фæстæ æмæ уый фæстæ та лагерь æхгæд æрцæудзæн.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.