Ирон адæмæн сæ даргъ историон фæндæгтæ лæгъз никуы уыдысты. Царды сæрыл уыдоны тох кæнын хъуыд тыхæй, зондæй, фердæхт æмæ арæхстæй. Историйы карз уылæнтæ сæ бирæ фæрассæнд-бассæнд кодтой æмæ ахæм уавæр æрхæццæ ис нæ дугмæ дæр. Нæ фыдтæ, нæ фыдыфыдтæ сæ туг æнæвгъау калдтой нæ раздæры Советон Цæдисы сæрыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Æмæ ныр та уыдонæн сæ фыртты бахъуыд хи райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны тыххæй сæ туг нык­калын. Цæгат Ирыстоны – хъулгъайы ныхмæ, Хуссар Ирыстоны та гуырдзыйы агрессийы ныхмæ. Хæст йæ иууыл карздæр формæтæ райста махмæ, Хуссар Ирыстоны. Куыд наци, куыд этнос, афтæ хи бахъахъхъæныны тыххæй цы хæдбар Республикæ расидтыстæм, уый æл­хæнын бахъуыд бирæ туг æмæ стыр аргъæй. Æввахс адæ­ймæгты сафгæйæ, æдзух æхстыты бын уæвгæйæ, уазал æмæ æххормагæй царды уæззау бонтæ æрвитгæйæ, уæддæр нæ адæм сфæрæзтой сæ хæстон уæззау азты æмæ бахъахъхъæдтой сæ Республикæйы дæр.
Фыдлæг æмæ дам фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй. Фесты нæ фыдбонтæ дæр æмæ Уæрæсейы фидауынгæнджыты руаджы æрбалæууыд сабырад, кæд сæртæг уыдис, уæддæр. Адæмæн сæ сæйраг бæллиц сæ къухы бафтыд – нал хъуыстысты æхстытæ, нал мардысты хæстон лæппутæ, сабитæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ. Цард та аразгæйæ у æмæ алчидæр йæ хъуыдытæ, йæ хъарутæ аздæхта уыцы `рдæм. Æмæ кæд тагъд нæ, уæддæр цадæггай хуыздæр кæнын райдыдта. Ныппырхгонд адæ­мон хæдзарады сæндидзын кæнын зын уыд. Æмæ та ацы хъуыддаджы дæр не скаст Уæрæсемæ уыд. Æмæ йæ æнкъардтам, кæд йæхæдæг уæззау уавæры уыд, уæддæр.
Йæ рæстæджы сæ къухтæ кæуыл æрфыстой, уыцы уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг бадзырдмæ гæсгæ конфликты зонæйы экономикон реабилитацийы тыххæй куыд Уæрæсе, афтæ Гуырдзыстон дæр хъуамæ рахицæн кодтаиккой фæрæзтæ. Уæрæсе йæ дзырд æххæст кодта, Гуырдзыстон иу къапекк дæр нæ рахицæн кодта, кæд азымджын уый уыдис, уæддæр.
Æнæ Уæрæсе, æнæ нæ цæгаттаг æфсымæртæ махæн нæ фидæн æбæлвырд кæй у, уый хорз æмбаргæйæ, иу стæмтæй дарддæр Хуссар Ирыстоны цæрджытæ райстой Уæрæсейы æмбæстагдзинад æмæ уымæй ноджы æв­вахсдæр æрбалæууыдыстæм Уæрæсемæ.
Алы адæймаг дæр фыццаджы фыццаг цы паддзахады цæры, уый æмбæстаг хъуамæ уа æмæ нæ республикæйы цæрджытæн стыр æхцондзинад æрхаста республикæйы æмбæстагдзинад æвдисæг документ – паспортæй ифтонг кæй æрцыдысты, уый.
«Алы паддзахад дæр паддзахад уæд уыдзæнис, кæд æмæ йæхи хъахъхъæнынхъом уа». Ацы ныхæстæ Ленин загъ­та æмæ сты иттæг раст. Нæ республикæйæн дæр бан­тыст йæхи гарзджын тыхтæ саразын æмæ уый цасдæр­бæрцæй ахъаз кодта райгуырæн зæххы хъахъхъæнынхъомдзинад сифтонг кæнынæн.
Нæ республикæйы хæдбардзинады азты нæм хорзæй цы сырæзт, уыдоныл цæст ахæсгæйæ, зæгъæн ис, бирæ­тыл дзы раздæр советон дуджы ахъуыдыгæнæн дæр кæй нæ уыд. Цæвиттон, Хуссар Ирыстоны паддзахадон инс­титут рацарæзт æрцыд паддзахадон университетмæ. Зын­гæ фæфылдæр сты йæ факультетты нымæц æмæ се сту­дентон фæсивæды ахуыр кæнынц, республикæ хъуагдзинад тынгдæр цы дæсныйæдтæй æййафы, уыдоныл. Иумæ­йагахуырадон скъолаты æмрæнхъ ма æрбайгом аивæдты ли­цей, колледж.
Ахуырады системæйыл иумæйагæй дзургæйæ, бирæ бакуыстæуыд ахуыргæнæн уагдæтты æмбæлон уагмæ æркæныныл, сæ бæстыхæйттæн сын ног, аивхуыз радтын, хъæуæг нырыккон фæрæзтæй сæ сифтонг кæнын, ахуыр-хъомыладон процесс ныры домæнтæм гæсгæ рацаразыныл. Скъолаты рауагъдонтæй хуыздæр зонындзинæдтæ чи равдисы, уыдонæн фадат вæййы Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр горæтты уæлдæр ахуыргæнæндæттæм лимиттæм гæсгæ арвитынæн, гъе та сæхи фæндонмæ гæсгæ Уæрæ­сейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты уарзон про­фессийыл сахуыр кæнынæн.
Республикæ расидыны хæдфæстæ нæм арæзт æрцыд æмæ æнтысгæйæ кусы нæхи телеуынынад, фæзындысты нæм æндæр æмæ æндæр газеттæ. Уыдон рахызтысты ком­пьютерон æгъдауæй сæ фæлындзынадмæ. Журналист­тæ ифтонг цæуынц, сæ куысты сын æнæмæнгхъæуæг чи сты, ахæм нырыккон техникæйы фæрæзтæй.


Нæ адæмы царды стыр историон цау æрцыдис 2008 азы августы хæдфæстæ – 26 августы. Уæд Уæрæсейы Федераци банымадта нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинад, кæцы фадат радта дыууæ паддзахады `хсæн хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдыл къухтæ æрфыссыныл. Ацы бадзырдмæ гæсгæ Уæрæсе æппæтвæрсон æххуыс кæнын райдыдта нæ республикæ­йæн, цæмæй æндидзын райдыдтаид. Архайын ра­йдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-эко­­ном­кон рæзтæн ахъазгæнæг программæ.
Йæ фæлгæтты арæзтцæуæг объекттæ хуыздæрæрдæм ивынц республикæйы хуыз, ахъаз кæнынц йæ экономикон рæз­тæн. Нæ сæйраг горæт Цхинвал августы хæсты пыр­хæнтæй зæгъæн ис, райгуырд ногæй æмæ йæ рæсугъд уынг­тæм, аиварæзт ног цæрæн хæдзæрттæ, æндæр ны­саниуæджы объекттæм кæсгæйæ, адæймаг æхцондзинад банкъары. Экономикæйы къабазы ногæй кусын райдыдта хо­йрагисæн куыстуат, æнтысгæйæ кусы сæнуадзæн завод­. Уыдонæн сæ продукци реализаци цæуы кæнæ тагъд рæстæджы реализаци цæудзæн куыд бынаты, афтæ Уæрæсейы базары дæр. Уыдонимæ куыд сæудæджерады, афтæ хъæууон хæдзарады дæр фылдæрæй фылдæр кæ­нынц амалхъом адæймæгтæ æмæ кусын кæнынц сæ чы­сыл куыстуæтты, фермерон хæдзарадты. Æппæт уыдæттæ фадат дæттынц ног кусæгон бынæттæ аразынæн, цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн.
Зынгæ къахдзæфтæ арæзт цæуы культурæйы къабазы дæр. Фæстаг азты зынгæ фæактивондæр республикæйы культурон цард. Алыгъуызон ансамблты, хореографион коллективты, хæдархайгæ аивадон къордтæ сæхимæ æрбахуыдтой рæзгæ фæлтæры æмæ сын хорз фадæттæ ис сæ курдиаттæ раргом кæнынæн. Уымæй дарддæр ма культурон бастдзинæдтæ арæзт цæуы Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы æндæр регионтимæ, цыран не сфæлдыстадон коллективтæ алыгьуызон фестивалтæ æмæ кон­курсты сæхи равдисынц аккагæй.
Уæдæ зæрдæйæн æхцон куыннæ вæййынц не спорт­сменты æнтыстытæ дæр.
Æвæрццаг ивындзинæдтæ цæуы экономикæйы цæрд­хъомæй чи баззад, уыдоны. Ахадæн мадзæлттæ ист цæуынц хъæууонхæдзарадон кондад рæзын кæныны фæдыл. Хатырон уавæрты хицауад дæттын райдыдта кредиттæ ацы къабазы йæ архайд райтынг кæнын кæй фæнды, ахæм амалиуæггæнджытæн.
Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы фæндæгты арæз­тадмæ. Йæ уавæр ноджы хуыздæр кæны Транскамы фæн­дагæн. Æдзухæй куыстæуы Синагурмæ фæндаг хæр­зарæзт кæныныл. Куыст цæуы бирæ æндæр фæндæгтæ схæр­зарæзт кæныныл дæр. Сæрмагондæй зæгъын хъæ­уы нæ горæты зæронд хид кæй хуыдтам, уый тыххæй. Йæ ныппырх кæнын æмæ йæ бынаты ног хид саразыны тыххæй æхсæнады хъуыды фæдих ис. Иутæ дзырдтой, цæмæй реконструкци æрцæуа æмæ æмæ бахъахъхъæд æрцæуа, куыд историон-архитектурон объект афтæ. Æн­дæрты хъуыды та уыдис, цæмæй пырх æрцæуа æмæ йæ бынаты сырæза нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм хид. Растыл нымад æрцыд дыккаг хъуыды æмæ ныртæккæ уынæм ногæй кæй сырæзт æмæ йыл маши­нæтæ цæуын кæй райдыдтой, кæд нырма кæронмæ арæзт нæ фæцис, уæддæр.
Нæ республикæйы царды стыр, ахсджиаг цау суыдзæн Ног­хъæуæй Цхинвалмæ æмæ бирæ æндæр хъæутæм дæр газу­адзæн хахх аразын кæй райдайдзысты, уый.
Азæй-азмæ хуыздæр кæнынц рынчынтæн медицинон лæггæдтæ. Медицинон уагдæттæ хуыздæр ифтонг цæ­уынц куыд хостæй, афтæ медицинон ифтонггæрзтæй дæр. Республикон рынчындоны территорийыл сырæзтысты нæ медицинон уагдæттæ æмæ ссис бирæпрофилон медицинон центр. Ам ног бæстыхай сырæзт гуырæн хæдзарæн дæр. Хосгæнæн амбулаторитæ баконд æрцыдысты æндæр æмæ æндæр хъæуты.
Сæ хъуыддæгтæ фæрæвдздæр сты нæ пенсиисджытæн дæр. Уыдоны хæрзиуæгæн нæ горæты баконд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы пенсион фонды филиал. Йæ кусджытæн лæвæрд æрцыд нырыккон уагыл цалцæггонд хъæуæг кусæн техникæ æмæ дзаумæттæй ифтонг бæс­тыхай.
Иумæйагæй сисгæйæ зынгæ фæхуыздæр сты сæ социалон-экономикон уавæртæ. Уый та сæйраджыдæр баст у, бюджетон организациты кусджыты куыстмыздтæ рæстæгæй рæстæгмæ зынгæ кæй фæфылдæр вæййынц. Рæхджы та бюджетон организациты кусджытæн фæфыл­дæр уыдзысты сæ куыстмыздтæ. Фæстаг хатт уыдон фæ­фылдæр сты цалдæр мæйы размæ æмæ та нæ республикæ­й­ы разамынад куыд ныфс æвæры, афтæмæй ногæй хъуамæ фæфылдæр уой ног азæй.
Цард нын куыд уынын кæны, афтæмæй мах нæ фидæн уынæм нæ цæгаттаг æфсымæртимæ иумæ. Уыцы ныса­нæн арæзт цæуынц къахдзæфтæ кæрæдзимæ. Дыууæ республикæйы æхсæн цы бадзырдтæ арæзт æрцыд, уыдон фадат дæттынц интеграцион процесстæ арфдæр æмæ уæрæхдæр кæнынæн. Æмæ афтæ кæй у, уый та нæхи цæстæй уынæм. Махмæ арæх фæуазæг вæййынц цæга­тирыстойнаг сфæлдыстадон коллективтæ. Бастдзи­нæдтæ аразынц æмæ æмгуыстад рæзы æндæр къабæзты дæр. Фæлæ уый нырма фаг нæу, фылдæр хъæуы ацы здæхты архайын.
Бирæ куыст цæуы культурæйы къабазы дæр. Нæ ахуырдзау фæсивæдæн хорз фадæттæ ис алыгъуызон хæдархайгæ æмæ æндæр сфæлдыстадон къордты сæ курдиат раргом æмæ райрæзын кæнынæн. Афтæ кæй у, ууыл дзурæг сты, бирæтæ хайад кæй райсынц Цæгат Ирыстоны, Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионты алыгъуызон конкурсты æмæ фестивалты. Æмæ сын вæййы хорз æнтыстытæ. Йе сфæлдыстадон арæнтæ уæрæхæй уæрæхдæр кæны Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр дæр. Йæ артисттæ арæх хайад расынц Уæрæсейы хицæн æмæ хицæн культурон мадзæлтты æмæ аккагæй равдисынц нæ республикæйы.
Æнæзæгъгæ нæй, спорты къабазы дæр цы æнтыстытæ ис, уыдоны тыххæй. Спорты æндæр æмæ æндæр хуызтæй не `взонг спортсментæ хайад рвйсынц куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсе Европæ æмæ дунеон ерысты æмæ дзы бирæтæ схизынц пъедесталы бæрзонддæр къæпхæн­тæм. Республикæ сæрыстыр у, куыд культурæйы, афтæ йын спорты къабазы дæр йæ ном бæрзонд чи кæны, йæ кадыл ын уæлæмæ чи хæцы, уыдонæй.
Кæй ранымадтам, уыцы æмæ бирæ æндæр ивындзинæдтæ æрцыдысты æмæ цæуынц нæ хæдбардзинады банымайыны азты рæстæджы. Уыцы ивындзинæдтæ азæй азмæ фылдæр æмæ ахадæндæр кæнынц. Уый та нысан кæны нæ республикæ раст фæндагыл лæуд кæй у.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.