5-æм декабры Уæрæсейы Федерацийы Фæллойы министрады къухтæ фыст æрцыдысты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн,  Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд Уæрæсейы Федерацийы фæрæзты хыгъдæй фæфылдæр кæныны æмфинанскæнынады фæткы æмæ уавæрты тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй документыл йæ къух æрфыста Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Уæрæсейы фарсы ‘рдыгæй та – Уæрæсейы Федерацийы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæныны министр Максим Топилин.

Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Мæскуыйы 2015 азы 18-æм марты РХИ æмæ УФ-йы Президенттæ Тыбылты Леонид æмæ Владимир Путин сæ къухтæ кæуыл æрфыстой, уыцы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды  7-æм статьяйы уагæвæрдтæ реализаци кæныны нысæнттæн, æмæ здæхт у Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæныны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы фæрæзты хыгъдæй æмфинанскæнынады хайы ахастытæ æрбæстон кæнынмæ. Куыстмыздтæ хъуамæ схизой Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы Федералон зылды банысангонд къабæзты кусджыты куыстмызды æмвæзадмæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.