Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы премьер Павел Прогудин 20 сентябры сæ къухтæ бафыстой Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ партнердзинады фæдыл бадзырдыл.

Бадзырдыл цытджын уавæрты къухтæ æрфыссыны фæстæ Хъуылымбегты Доменти ныфс бавæрдта ацы Бадзырд кæй суыдзæн дыууæфарсон ахастыты ног импульс.

«Нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ рæзынц фæстаг дæсгай азты. Суанг 90-æм азтæй фæстæмæ Приднестроваг Республикæимæ æмгуыст кæнæм алы фадыджы.

Мах зонæм уый, æмæ 1992 азы нæ приднестроваг коллегæтæ уыдысты фыццæгтæ, кæцытæ дунеон аренæйыл слæууыдысты нæ фарс æмæ махимæ иумæ хъахъхъæдтой нæ интересты.

1994 азы нæ бæстæты ‘хсæн бафыст æрцыд Хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд æмæ уый бындурыл рæзтысты дыууæфарсон ахасты-тæ», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног реалитæ кæй фæзындысты,  уымæ гæсгæ ныр æнæмæнгдæр бахъуыд раздæры Бадзырд адарддæр кæныны нысанæн ног Бадзырд саразын. «Рæстæджытæ ивынц, ивы дунейы уавæр, нæ разылæууæг хæстæ, кæцытæ хъуамæ лæууой нæ дыууæфарсон æмгуыстады астæу. Уымæ гæсгæ æрцыдыстæм уыцы хатдзæгмæ æмæ хъæуы ног Бадзырд бафыссын. Дарддæр алы фадыджы, алы здæхты рæздзысты нæ ахастытæ  суанг иумиаг консультацитæ æмæ дунеон аренæйыл архайдтытæй, дунеон ахастытæ рæзын кæнын æмæ нæ бæстæты интерестæ раразмæ кæнын æмæ базарадон-экономикон фадыджы æмгуыстад, культурæ, кæрæдзимæ делегацитæ цæуынæй.

Арæзт ма цæудзæн кæрæдзимæ сæрибарæй цæуынæн уавæртæ.

Ацы нысаниуæгджын бон къухты цы Бадзырдыл бафыст æрцыд, уый ноджыдæр ахъаз уыдзæн нæ ахастытæ æмæ æмгуыстад æнгомдæр кæнынæн», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Павел Прогудины ныхæстæм гæсгæ, 1994 азæй фæстæмæ дыууæ бæстæйы бирæ ивд-дзинæдтæ æрцыд.

«Хуссар Ирыстоны адæм бавзæрстой тæссаг агресси Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй. Мах æвдисæн стæм, куыд тагъдадæй ивы дунеон политикæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæуæг у ныры реалиты ног Бадзырд бафыссыны хъуыддаг. Мæн ныфс ис, æмæ цы ног Бадзырд бафыстам, уый нæ ахастытæ ракæндзæн ног гъæдджын æмвæзадмæ. Уый бирæты зæрдæмæ нæ фæцæудзæн, фæлæ нæ бирæ азты хæлардзинад сбæлвырд кодта, мах цæрдхъом кæй стæм, мах иу здæхты кæй цæуæм, кæй аразæм нæ паддзахаддзинад. Махæн алыхуызон ахаст ис нæ фидæнмæ æмæ уый баст у нæ сæйраг стратегион партнер – Стыр Уæрæсеимæ æмæ нæ ног Бадзырд ноджыдæр у иу къахдзæф уыцы здæхты», – дзырдта Прогудин.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æмгуыстад цæудзæн культурæйы фадыджы дæр. Махæн, зæгъгæ, ис, кæрæдзийæн цы фенын кæнæм, уый. Фæсивæд хъуамæ хъомыл кæной нæ традицитыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.