Владимир Путин йæ къух æрфыста «Паддзахадон арæны тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн бадзырды ратификацийы тыххæй» Федералон закъоныл. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы Президенты сайт.

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ Федералон закъон райста 2016 азы 15 апрелы æмæ йæ 2016 азы 20 апрелы Федерацийы Совет банымадта хорзыл.

«Федералон закъонæй ратификацигонд æрцæудзæн Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд», кæцыйыл къухтæ фыст æрцыд Мæскуыйы 2015 азы 18 февралы.

Бадзырд у базæйон документ, кæцы бæрæг кæны дыууæ паддзахады ’хсæн паддзахадон арæн, Уæрæсейы Федераци, Республикæ Хуссар æмæ Гуырдзыстоны ’хсæн паддзахадон арæн кæм иу кæны, æппæт уыцы хаххыл, ныгуылæнæй скæсæны онг.

Паддзахадон арæны бындурыл ны-мад цæуы УСФСР æмæ Гуырдзыстоны ССР ’хсæн административон-территориалон арæн, кæцы уæвынад кодта ССР Цæдисы ныппырхы онг, йæ сырæзты тыххæй паддзахадон нормативон-барадон акттæ æмæ æмбæлон картографион æрмæджыты бахынцгæйæ.

«Уæрæсейы Федерацийы æхсæндунеон бадзырдты тыххæй» Федералон за-къоны 15-æм уацы «в», 1-аг æмæ 2-аг пунктты бындурыл æмæ Бадзырды 7-æм уацмæ гæсгæ, уый хъæуы ратификаци кæнын”, — сæрмагондæй нысан цæуы документы.

Хъусынгæнинаджы ма нысан æрцыд, бадзырд æххæстбæрцæй дыууæ бæстæйы æмбæстæгты интерестæн дзуапп кæй дæтты, уый. Йæ ратификаци фæахъаз уыдзæн æмбæлон фадыджы Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон арæныл режим сæвæрыны мадзæлттæ сæххæст кæнынæн, уымæй дæр дыууæ бæстæйы æмбæстæгты сæрибар змæлд нæ бахъыгдаргæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон информацион портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.