Цы ис хъæды атезгъо кæнын, йæ сатæг уæлдæфæй йын æхцонæн сулæфын, мæргъты зарджытæм хъусынæй хуыздæр. Уыдонæн дзы æмбал нæй æмæ цасдæрбæрцæй фæхуыздæр вæййы адæймаджы зæрдæйы равг, хуыздæрæрдæм ын æндавы йе ’нæниздзинадыл дæр. Уымæ гæсгæ æрдзы уыцы стыр хæзнайыл хъæуы аудын, цæмæй нын йæ лæггады хай кæна æдзухдæр.

Хуссар Ирыстон цы уæззау хъизæмæрттæ æмæ фыдæбæттæ бавзæрста, уый мæгуырауæрдæм æнæбандавгæ нæ фæци хъæды фæзуæттæ куынæг кæнын æмæ йæ парахат кæныныл дæр. Фæлæ уæддæр куысты æнтыст фылдæр кæнгæ вæййы, разамынад йæ дæлбаруæвæг куыстуаты дарддæры æнтысгæ архайдыл куыд зæрдиагæй ауда, уымæй. Нæ республикæйы Хъæды хæдзарады управлени дæр стыр лæггад бакодта, нæ адæм хæстон уавæрты куы æрвыстой сæ цард, уæд. Кæд хъæды фæзуæттæ тæнæг кодтой, уæддæр, нæ адæмы тыхстдзинад уынгæйæ, коллектив лæггад кодта куыстуæттæ, орга-низацитæ, уагдæттæ æмæ æмбæстæгтæн куыд хъуыддаджы хъæдæрмæгæй, афтæ сугæй дæр. Ныр уавæр фæхуыздæр, сугæй цæрджыты фылдæр хай нал пайда кæнынц, фæлæ дзы нырма ис, йæ сæр кæй хъæуы, ахæмтæ дæр æмæ уыдонæн æнæкъуылымпыйæ æххæст кæны сæ домæнтæ. Æппæт уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæнын та, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæрдыгæй мæгуырауæрдæм æндавы хъæдыл, уымæн æмæ кæны къаддæр æмæ тæнæг.

Фæлæ алы уавæрæй дæр ис рахизæн, фæндондзинад æмæ бахæсгонд хъуыддаджы тыххæй бæрндзинад куы æнкъарай, уæд. Уый фæстиуæгæн хæдзарады управлени архайы, цæмæй хъæд æдзухдæр æндидза, къаддæр нæ, фæлæ фылдæр кæна йæ фæзуат, хизой йæ алыгъуызон низтæй дæр. Хæдзарад ацы аз уалдзæджы уыцы фæдыздæхты бакодта бæрæг куыст æмæ уый у раппæлинаг. Цæвиттон, Цхинвалы районы Ирыхъæуы байтыдæуыд æнгузтæ 60 кг. Уымæй дарддæр ма байуæрстой бæрзы талатæ 200 иуæджы, гималайаг кедры талатæ 1100 иуæджы, Цхинвалы хæрзарæзтады управленийæн сырх тулдзы талатæ фæхай кодтой 300 иуæджы, хицæн цæрджытæ æмæ уагдæттæн та бæрзы талатæ байуæрстой 300 иуæджы. Ленингоры районы хъæды хæдзарады кусджытæ сæ территорийыл ныссагътой ахæм талайы мыггæгтæ, куыд бæрз, сусхъæд, нæзыйы хицæн хуыз (гималайаг кедр) 3683 иуæджы. Знауыры районы Терегуаны лесничествойы æнгузы талатæ ныссагъдæуыд 200 талайы æмæ Дзауы районы Дзалабеты хъæды хæдзарады та æнгузы талатæ ныссагътой 1000 иуæджы. Уымæй дарддæр ма Зары хъæды хæдзарады кусджытæ Къуернеты хъæуы ныссагътой 250 иуæджы нæзыйы талатæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.