РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ профилон структурæтæ кусынц республикæйы 25 мегаватты хъомысады газотурбинон электростанцæй сифтонг кæныны фарстытыл, кæцы Хуссар Ирыстонæн рахицæн кодта Уæрæсейы Федерацийы Хицауад электроэнергийы фæсауæрцон гуырæны хуызы.

Пухаты Эрик йæ комментариты куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ Уæрæсейы Хицауадимæ уынаффæ цæуы техникон фарстыты фæдыл, сæрмагондæй Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрадимæ. «Хъæуы æмбарын, зæгъгæ, егъау хъомысадимæ генератор сæвæрын иу минуты хъуыддаг нæу. Хъæуы йæм лæмбынæг бацæттæ кæнын, куыд техникон документацийы хайы фæдыл, афтæ монтажы бынат равзарыны тыххæй дæр. Ныртæккæ æмбырд цæуы æнæмæнгхъæуæг информаци Цæгат Кавказы министрадæн УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонины бахæсмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл социалон нысаниуæджы объектты нымæцы æмæ хъæугæ хъомысады нымæцы тыххæй. Уыдон-мæ хауынц стратегион æгъдауæй ахсджиаг объекттæ, кæцыты куыст æруромын тæссаг у паддзахады цардархайдæн», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы æххæстгæнæг хицауиуæгады органтæн бахæсгонд æрцыд социалон нысаниуæджы объектты реестр бацæттæ кæныны тыххæй, кæцытæ хъуа-мæ ифтонг æрцæуой электроэнергийы фæсауæрцон гуырæнтæй. Номхыгъдмæ хауынц бастдзинад, телеуынынад, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фадгуыты элементтæ, социалон нысаниуæджы объекттæ, æнæниздзинад, ахуырад, кондадон объекттæ æмæ афтæ дарддæр.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ цы информаци домдæуы, уый лæвæрд æрцæудзæн Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрадмæ цыбырддæр æмгъуыдты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.