Бирæ адæмтæ не сты, Æмбарынгæнæн дзырдуæттæ кæмæн ис, уыдон. Амондджын сты ирон адæм, ахæм дзырдуат сын кæй уыдзæн (мыхуыр уал дзы æрцыд дыууæ томы), уымæй. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм дзырдуат бацæттæ кæнын æмæ мыхуыры рауадзын алкæцы æвзагæн нæй гæнæн, уымæн æмæ цы дзырдтæй пайда кæнынц, уыдон хъуамæ уой æвзаджы бындурон фондæй, рагфыдæлты æвзаджы уидæгтæй равзæргæ. Ацы хъуыддаджы не ‘взаг æмбулы, хауы рагон æвзæгты къордмæ. Уымæ гæсгæ Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат саразынмæ раджы бавнæлдтой Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты ахуыргæндтæ. Кæд сæ разы æнцон аскъуыддзаг кæнинаг хæс нæ уыд, уæддæр ыл бакуыстой æмæ абон дæр кусынц уæхскуæзæй æмæ сын ис æнтыстытæ.

Амæйразмæ ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй рæхджы хъуамæ рухс федтаид æртыккаг том дæр, фæлæ къуылымпы кæны йæ рауадзыны хъуыддаг. Цы у йæ аххосаг, æмæ мыхуырмæ кæд бацæттæ уыдзæн, уыцы фарстаты фæдыл нæ ныхасы сæр уыд Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Робертимæ æмæ уый афтæ радзырдта:

– Æмбарынгæнæн дзырдуаты иумæйаг редактор у филологон зонæдты доктор, ныртæккæ дзæнæттаг Гæбæраты Никъала Ясоны фырт. Æнæуи та фыццаг томы редактор уыд Гæбæраты Никъала йæхæдæг, дыккаг томы –  дзæнæттаг Цхуырбаты Замирæ æмæ æртыккагæн та – Цхуырбаты Валентин. Æнувыд кусæг уыд Цхуырбайы фырт, архайдта зæрдиагæй, йæ разы цы бæрнон хæс уыд, уый рæстæгыл сæххæст кæныныл, фæлæ, хъыгагæн, уымæн нæ бантыст Дзырдуатыл кæронмæ бакусын – ахицæн йæ цардæй. Уымæ гæсгæ йæ хъуамæ адарддæр кæнæм æмæ йæ мыхуыры агъоммæ бацæттæ кæнæм æмбæлон æгъдауæй. Фæрсæрдыгæй бакæсгæйæ афтæ зыны, цыма æнцон у ахæм дзырдуат бацæттæ кæнын æмæ рауадзын, иутæ нæ арæх афæрсынц, кæд рацæудзæн æртыккаг чиныг, зæгъгæ. О, фæлæ æдзухдæр хъусдард здахын хъæуы алы фарстамæ, алы дзырд дæр домы дырыс куыст æмæ уыдон хъæуы хынцын. Верстка нæхи зонад-иртасæн институты ничи кæны æмæ нын уымæ гæсгæ уыд зын. Ныр уыцы куыстыл чидæртæ фæцайдагъ æмæ нын уый нал у къуылымпыйы хос. Райдианы нæ зæрды уыд, цæмæй дамгъæ С-йæ цы дзырдтæ ис, уыдон ма бахастаиккам æртыккаг томмæ, фæлæ уæд ацы чиныг уыдаид, иннæ дыууæ томимæ абаргæйæ, тæнæгдæр, цыппæрæм та æгæр бæзджын уыдаид. Цæмæй афтæ ма уа, алы том дæр сæ уа æмхуызон, æмиас, уый тыххæй нæ кусджытæ бацархайдтой, дамгъæ С-йæ цы дзырдтæ райдайынц, уыдон дæр 3-аг томмæ бахæссыныл. Фæфыдæбон кодтой афæдз æмæ æрдæг æмæ сæ къухты бафтыд æнтыст. Æртыккаг томмæ бацыдысты, Л, М, Н, О, П, Пъ, Р, С-йыл цы дзырдтæ сты, уыдон æмæ дзы уыдзæн 450-470 сыфы. Бæстон куыст домы ахæм чиныг бацæттæ кæнын, зæгъгæ, дзы цыдæр йæ раны нæй, уæд йæ апп æмæ фидыц сафы. Уымæ гæсгæ йыл уæхскуæзæй кусы коллектив.

Куыд иннæ дыууæ томы, афтæ ацы том дæр рауадздзæн рауагъдад «Наука». Амæйразмæ Гаглойты Роберт уыд Мæскуыйы уыцы хъуыддаджы фæдыл æмæ йæ райстой дзæбæх: чиныг рауадзыны тыххæй сын арæзт ис бадзырд, кæй фæстиат кæны йæ рауадзыны хъуыддаг, уыцы азым хауы нæхимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн дæр ис æвæрццаг аххосæгтæ, æмбарынц нæ æмæ цæуынц нæ уавæры. Куыддæр сæм фæхæццæ уа, афтæ йæ рауадздзысты цыбыр æмгъуыдмæ æмæ архайæм, цæмæй ацы аз рацæуа мыхуыры, – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Гаглойты Роберт.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.