Уæрæсейы Федерацийы хисæрмагонд æдасдзинады сæйраг управленийы минæвæрттæ кусæгон балцы æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ.

Уыдон бабæрæг кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы иумæйаг информацион-координацион центр, кæцыйы арæзтад фæхæццæ кæны кæронмæ. Ацы арæзтады фæдыл ауагътой æмбырд æмæ дзы æрдзырдтой сæвзæргæ зындзинæдтыл.Аскъуыддзаг кодтой ИКЦ-йы ифтонггæрзтæ сæвæрыны æмæ йæ дарддæры эксплуатацийы фарстатæ.

Информацион-координацион центры сæргълæууæг Болататы Алан уазджыты базонгæ кодта бакæнгæ куыстимæ.

«ИКЦ сифтонг кæныны зындзинæдтæ æвзæрстам, фæлæ уыцы фарстатыл ныридæгæн кусæм нæ уæрæсейаг коллегæтимæ æмæ цыбыр æмгъуыдмæ, аскъуыддзаг уыдзысты. Арæзтад зæгъæн ис, у фæуд æмæ ифтонг æппæтæй дæр.Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын нæ уæрæсейаг коллегæтæн сæ иузæрдион æххуысы тыххæй. Стæй ма нæ Мидхъуыддæгты министрад дæр нæ фарсмæ куынæ æрбалæууыдаид æмæ нын алыварсонæй куынæ æххуыс кодтаид, уæд арæзтад афтæ тагъд нæ фæуыдаид», – банысан кодта Болататы Алан.

Уæрæсейы делегацийы уæнг дæр бафиппайдта, зæгъгæ, баххуыс кæнынмæ кæддæриддæр цæттæ сты æмæ алыхуызон фарстатæ дæр иумæ бакусгæйæ, скъуыддзаг æрцæудзысты.«Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад уæлдай хъусдард здахы ацы арæзтадмæ æмæ хъуамæ нæ æмахастытæ уой æмбæлон æмвæзадыл. Цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодтой ацы арæзтадæн, уыдон та хъуамæ нысанмæздæхтæй хардз æрцæуой», – банысан кодта уæрæсейаг коллегæ.

Æмбырды фæстæ уазджытæ азылдысты бæстыхайыл æмæ загътой сæ фиппаинæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.