Нæ республикæйы разамынад сæрмагонд хъусдард здахы дæрддагдæр Ленингоры районмæ. Йæ цæрджытæн сæ цард зынгæ фенцондæр, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм автомобилон фæндаг сæм кæй сырæзт, уымæй. Уымæй дарддæр ма скъуыддзаг цæуынц, бирæ азты дæргъы йæ территорийы зынгæ хай Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын куы уыдис, уæд дзы цы бирæ проблемæтæ æрæмбырд сты, уыдон. Ныр азæй-азмæ районы хуыз ивы хуыздæрæрдæм, йæ цæрджыты царды æмвæзад та кæны бæрзондæй-бæрзонддæр. Куыд скъуыддзаг цæуынц районы цæрджыты фарстытæ, проблемæтæ, цæрджытæ нырма цы зындзинæдтыл æмбæ-лынц се ‘рвылбонон царды, уыдонимæ зонгæ кодта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти йæ кусæгон балцы рæстæджы. Йемæ ма уыдысты РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Хуссар Ирыстоны энергетикæ æмæ сæудæджерады рæзты комитеты сæргълæууæг Дзассеты Васили, Ленингоры администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексей.

Хицауады Сæрдар æмæ йе ‘мбæлццæттæ фыццаг бацыдысты Цъинагары хъæумæ. Уыдон уал бабæрæг кодтой сывæллæтты ног цалцæггонд цæхæрадон. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хъæуы сывæллæтты цæхæрадон арæзт кæй æрцыд 1980 азы, æмæ йæм цыдис 120 сывæллоны бæрц. Фæлæ дуг йæ дæрзæг арм æруагъта ууыл дæр, æмæ æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Ныр та цъинагайрæгты ныфс бацыдис, сæ фидæнмæ акастысты ныфсджынæй, æмæ æрдомдтой сæ сывæллæтты цæхæрадон сцалцæг кæнын. Сæ фæндон æххæст æрцыд, цалцæг æрцыд агъуыст. Арæзт у 60 сывæллонæн. Ам æппæт куыстытæ дæр баконд æрцы-дысты гъæдджынæй. Арæзт дзы æрцыдис хъармгæнæн системæ, бауагътой йæм дон. Иудзырдæй, ам алцыдæр арæзт æрцыд афтæ, æмæ дзы сывæллæттæн уыдзæн алы уавæртæ дæр. Сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæг Гусойты Ирмæ куыд загъта, афтæмæй сын нæ фаг кæнынц стъолтæ, бандæттæ, цух сты сынтæджытæй дæр. Ахуырады министр Гасситы Натали сын ныфс бавæрдта, кæй сæ сифтонг кæндзысты хъæуæг инвентарæй æмæ йын йæ кæрт схæрзарæзт кæныныл дæр кæй бацархайдзысты. Ныр та уал ифтонг æрцыд скъолайы кары агъоммæйы чингуытæй, цæстуынгæ æрмæджытæй, хъазæнтæй. Сывæллæтты цæхæрадоны ныртæккæ ис 23 сывæллоны. Йæ раныхасы Хицауады Сæрдар банысан кодта, хъæууон цæрджытæм уæлдай хъусдард здæхт кæй цæудзæн æмæ дзы æмбæлон уавæртæ кæй уыдзæн сывæллæтты ахуыр-хъомылаон куыстæн дæр.

Фæстаг рæстæджы нæ хицауад стыр хъусдард здахы хъæуы цæрджытæм. Хъæууон адæймагæн та сæйраг сты фæндаг, рухс æмæ дон. Цъинагары хъæуы цæрджытæ та рагæй фæстæмæ æййæфтой донхъуагдзинад. Фæлмæцыдысты дон хæссынæй æмæ уал сын уыцы бæллиц сæххæст.

Хъæумæ рауагъд æрцыд нуазыны дон. Ныр та сæм арæзт цæуы ног электрохахх. Æмæ уыдон ивд, канд Цъинагары хъæуы нæ цæуынц, фæлæ ма Орчъосан, Монастъер, Абреу, Гдулет æмæ Дзукъаты хъæутæм дæр. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы хъæуты телцæджындзтæ сæ саразынæй фæстæмæ ивд кæй никуы уыдысты. Уыдон та базæронд сты, бамбыдысты æмæ алырдæмты азылынтæ сты. Тас уыдис тыхдымгæты рæстæджы рафæлдæхынæй æмæ знаггад ракæнынæй. Ныр ацы куыстытæ æххæст кæны паддзахадон-унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон». Ацы хъуыддаджы фæдыл куыстытæ куыд цæуынц, уый банысан кодта «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы генералон директоры хæдивæг Гæбæраты Анатоли. Уый куыд загъта, афтæмæй, зæронд электрохæххытæ æрцыдысты раууатмæ. Ногæй сæ раивын æнæмæнгхъæуæг уыд. Афтæ ма хæдзæрт-ты дæр æвæрд цæуынц ног элетронымайæнтæ.

Хицауады Сæрдар æмæ йе ‘мбæлццæттæ бабæрæг кодтой Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы дæр. Уыдон цымыдис кодтой зымæгмæ скъола сугæй куыд ифтонг æрцыд, цал ахуыргæнинаджы дзы ахуыр кæны, ахуыргæнджытæй куыд æххæст сты, стæй ахуыргæнæн чингуытæй та куыд ифтонг сты, æппæт уыдæттæм. Скъолайы директор Гусойты Ласкъо куыд загъта, афтæмæй ифтонг сты чингуытæй, стæй сугæй дæр, фæлæ хъуагдзинад æййафынц музыкæйы, нывкæныны ахуыргæнджытæй. Фæлæ хъуыддаг кæй рараст уыдзæн, уымæй сæ ныфс ис. Директор куыд загъта, афтæмæй кусынц хистæркъласонтимæ, цæмæй университеты сæ ахуыр фæуыны фæстæ æрæздæхой се скъоламæ кусынмæ. Скъолайы директор домдта, цæмæй се скъолайы арæзт æрцæуа спортивон зал. Уымæн æмæ сын нæй физкультурæйы уроктæ æмбæлон æгъдауæй ауадзыны фадат. Кълæстыл азилын æмæ ахуыргæнинæгты феныны фæстæ Хицауады Сæрдар фембæлд скъолайы ахуыргæнджытимæ æмæ сын бацайдагъ зæрдæбын ныхас. Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, рохуат кæй нæ уы-дзысты, бынаты кæй зонгæ кæндзысты сæ цардуагон проблемæтимæ æмæ цадæггай кæй архайдзысты сæ аскъуыддзаг кæныныл. Хицауады сæрдар ма æрдзырдта æмæ хъæуы цæрджытæн бамбарын кодта, нæ республикæ зынаргъ-дæрæй кæй æлхæны газ æмæ рухс дæр, фæлæ цæрджыты уавæр хынцгæйæ, уый уыдонæн лæвæрд кæй цæуы къаддæр аргъмæ. Хъæуы цæрджытæ бахатыдысты Хицауады Сæрдар-мæ, цæмæй сæм фæндаг фæцыбырдæр кæныны тыххæй,  арæзт чи цыдис æмæ ныр рохуаты чи аззадис, уыцы фæндаг арæзт æрцæ-уа. Бæрæг куыд у, афтæмæй хъæубæсты цæр-джытæн се стырдæр бæллицтæй иу у, уыцы фæндаджы сырæзт, уымæн æмæ горæтмæ уый фæцыбырдæр кæндзæнис фæндаджы дæргъ 25 киллометры бæрц. Хъуылымбегты Доменти цæрджытæн ныфс бавæрдта,  кæй самал кæн-дзысты уыцы фæрæзтæ, æмæ уал æй рæстæгмæ кæй бадзæбæхтæ кæндзысты, стæй Инвест-программæйы фæлгæтты уый дæр бæстон арæзт кæй æрцæудзæнис, уымæй.

Хъæуы дзæвгар фæсивæд ис, уыдонæн арæзт ис спортивон зал, æмæ уым сæ сæрибар рæстæг фервитынц. Æвæрд дзы æрцыдис 2 тренажеры, фæлæ уыдон ныр фехæлдысты, уымæ гæсгæ цæрджытæ домдтой, цæмæй сын самал кæной æнæмæнгхъæуæг инвентарь æмæ сцалцæг кæной тренажерты.

Хъуылымбегты Доменти ныфс бавæрдта, æнæниз цардуаджы пропагандæйы тыххæй арæзт кæй æрцыд программæ спорты рæзты фæдыл «Спорт в шаговой доступности», æмæ ацы программæ бынат ссардзæн сымахмæ дæр, – загъта Хицауады Сæрдар.

Цъинагайрæгтæ ма домдтой, цæмæй сын баххуыс кæной чысыл-куырой саразыны хъуыддаджы, æмæ сынсæхи æркæнгæ хорæй фадат уа фосæн фæрак æрыссынæн. Хицауады Сæрдар бахæс кодта районы админисрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексейæн, цæмæй ацы фарст æвæстиатæй аскъуыддзаг кæна æмæ цæрджытæ ма тыхсой.

Хъæуы дуканитæ цалдæр ис, ссарæн дзы ис алцыдæр, фæлæ горæтмæ абаргæйæ уыдон сæ продукци уæй кæнынц 3-4 хатты стырдæр аргъмæ, уымæ гæсгæ хъæуы цæрджытæ домдтой, цæмæй сæм мæй иу хатт, уæддæр æрвитой горæтæй продукттæ, æмæ сæ æлхæной горæты чи ис, ахæм æргътæй. Хорз уаид, сæхицæн куы уыдаид ахæм фадæттæ, æмæ сæм уæлдай цы фос вæййы, уый фыдызгъæл радтын сæ бон куы уаид, цæмæй йæ  аслам аргъыл ма дæттой базаргæнджыты къухтæм. Хъуылымбегты Доменти сын ныфс бавæрдта, уый тыххæй кæй скусдзæнис завод «Эвродон», æмæ стыр ахъаз кæй уыдзæнис уыцы хъуыддаджы нæ республикæйы цæрджытæн. Хъæуы цæрджытæ ма се ‘нæразыдзинад равдыстой сæ хъæуы ном сын «Æмдзæрин»-æй кæй раивтой, уый тыххæй дæр. Хицауады Сæрдар сын ныфс бавæрдта, ацы фарстмæ сæрмагонд хъусдард кæй аздахдзæнис, уый тыххæй.

Хъæуы цæрджытæ бузныг загътой Хицауады Сæрдарæн сæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынмæ сын сæ хъусдард кæй здахынц, уый тыххæй.

Цъинагары хъæуæй Хъуылымбегты Доменти æмæ йе ‘мбæлццæттæ араст сты Ленингоры райцентрмæ. Фыццаг уал уыдон бабæрæг кодтой ногарæзт базар. Базары арæзтадмæ æрæвнæлдæуыд ивгъуыд азы. Райдианы нысан цыд, цæмæй реконструкци æрцыдаид, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уый дарддæр эксплуатаци кæнынмæ нал бæззыдис, уымæ гæсгæ райст æрцыд уынаффæ, цæмæй бынтондæр пырх æрцыдаид, æмæ йæ бынаты ног арæзт æрцыдаид. Зæгъæн ис, æмæ ацы базар ныр дзуапп кæй дæтты нырыккон домæнтæн. Уым арæзт æрцыдысты æмбæрзты бын тæрхджытæ æмæ æхгæд павилонтæ. Æхгæд павилонты уæй цæудзысты дзидза-урсаджы продукттæ. Бауагътой йæм канализацион хæххытæ, дон, арæзт дзы æрцыдис лаборатори. Гæххæттытæ арæзт цæ-уынц, цæмæй лæвæрд æрцæуа районы администрацийы балансмæ.

Хицауады Сæрдар ма бабæрæг кодта районы сывæллæттæн арæзтцæуæг цæхæрадон. Ныртæккæ уым куыстытæ сты сæ тæмæны. Ацы бæстыхайы арæзтад райдыдта 2016 азы 100 сы-вæллонæн. Бæстыхай арæзт фæцис, ныртæккæ дзы мидæгæй кæнынц бæстонгæнæн куыстытæ. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард куыд загъта, афтæмæй сывæллæтты цæхæрадон эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн мæйы æмгъуыдмæ.

Ленингоры районы ма цы ахсджиаг объект арæзт цæуы, уый у уырыссаг астæуккаг иумæйаг ахуырадон скъола. Уый уыдзæн дыууæуæладзыгон æмæ дзы ахуыр кæндзысты 176 ахуыргæнинаджы. Ахуыргæнæн кълæстæй дарддæр ма бæстыхайы уыдзысты актон æмæ спортивон залтæ, хæрæндон, спецкабинеттæ, техникон хатæнтæ, хæрзарæзт æрцæудзæн йæ алыварс территори. Уыдзæн дзы цъæх зонæтæ, тротуарон плиткæтæй къахвæндæгтæ. Объекты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый  бабæрæг колтой кусæгон балцы хайадисджытæ. Ныртæккæ аразджытæ ам амйынц дыккаг уæладзыджы къултæ. Фыццаг уæладзыджы та амайынц лæсгæр къултæ. Объекты ныртæккæ кусынц 12 адæймаджы, фæлæ ма ам куыд загътой, афтæ куыстыты гуырахст куыд фылдæр кæна, уымæ гæсгæ фылдæр кæндзæн кусджыты нымæц. Кусджытæ сæйраджыдæр сты бынæттон цæрджытæ, арæзтадон техникæйæ дæр сты ифтонг. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты  Эдуард куыд загъта, афтæмæй объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы аз августы мæйы райдианты, цæмæй ахуыргæнинæгтæ сæ ног ахуыры аз райдайой ног арæзт скъолайы.

Хицауады Сæрдар æмæ йе ‘мбæлццæттæ уырдыгæй бацыдысты, æрæджы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн ам цы цырт арæзт æрцыд, уырдæм. Цырт арæзт æрцыдис Инвестпрограммæйы фæлгæтты, æмæ зæгъæн ис, йæ арæзтад кæй у уникалон. Ам ма арæзт æрцыд чысыл парк-аллея æмæ дзы райцентры цæрджытæн фадат уыдзæн сæ улæфт суадзынæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.