Ирон адæм сæрыстыр кæмæй сты, уыцы  сфæлдыстадон коллективтæй иу у Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд». Нæ уацхæссæг фембæлд æмæ ныхас кодта йæ аивадон къухдариуæггæнæг Гаглойты Ростикимæ.

– Курдиат, фæлтæрддзинад цасфæнды бæрзонд ма уа, уæддæр  рæстæг куыд цæуы, афтæмæй алчи дæр тырны йæ фæхуыздæр кæнынмæ. Зæгъ-ма, куыд кусут ацы фарстыл?

– Ныртæккæ хореографион къорды архайы 19 чызг æмæ 19 лæппуйы. Уарзынц сæ куыст æмæ йæ æххæст кæнынц æнæзивæгæй. Ахæм рæстæджы æнтыст æнæмæнгдæр къухы бафты. Уымæй дарддæр æрæджы Абхазæй æрхуыдтам балетмейстер. Уый ам бакуыста цалдæр мæйы. Цасдæрбæрцæй «асыгъдæг» кодта, нæ кафтыты цы уæлдай архайдтытæ уыд, уыдон. Бахаста сæм, уæдмæ чи нæма уыд, ахæм элементтæ дæр. Лæмбынæгдæр бакуыста æмæ алыгъуызон архайдтытæй фæхъæздыгдæр кодта, цы абхазаг кæфтытæ æххæст кодтам, уыдон. Цæгат Ирыстонæй ма æркодтам æндæр балетмейстер дæр, уый дæр нын нæ кæфтытæм бахаста, цæмæй фæрæсугъддæр æмæ фæхъæздыгдæр уой, ахæм архайдтытæ. Рæхджы нæ цæттæдзинад фæбæрæг уыдзæнис – 5-æм апрелы киноконцертон зал «Чермен»-ы фæнд кæнæм концерт равдисын.

– «Симд»-ы артистты сконд сног кæнын куы бахъæуы, уæд цавæр амæлттæй ссарут æрыгон артисттæ? 

2016-2017 азты кафджыты къордмæ райстам æртæ чызг æмæ æртæ лæппуйы. Дыууæ адæймагæй та баххæст кодтам зарæггæнджыты къорд. Нæ адæм алцæмæ дæр æвзыгъд сты æмæ иттæг нæ фæтыхстыстæм.

Нæ артисттæй уыцы азты цæугæ ничи акодта, фæлæ дзы цалдæрæн æрбаввахс кæны пенсийы ацæуыны рæстæг æмæ сæ бынæттæм æрыгондæрты æрбакæныныл хъуыды кæнæм ныридæгæн.

– Алы уагдон, стæй алы адæймаг дæр фæтырны цавæрдæр нысæнт-тæм. Цæмæ тырны, бæллы уæ ансамбль та?

– Абон не ‘ппæты сæйрагдæр бæллиц у, цæмæй нын лæвæрд æрцæуа академион ансамблы ном. Уый зын хæс у, цæмæй къухты бафта, уый тыххæй хъæуы ноджы хъаруджындæрæй кусын, хъуамæ нын уа ноджы стырдæр æнтыстытæ. Æппæт уыдæттæ хынцæм, архайæм æмæ уырнинаг у, рацæудзæнис рæстæг, æмæ нæ ансамбль хæсдзæнис ахæм кадджын ном.

– «Симд»-ы бæстыхай горæты центрмæ дæрддзæф кæй у, уый уын исты зындзинæдтæ æвзарын кæны?

– Алкæйы дæр нæ фæнды, цæмæй горæты центрмæ уæм хæстæгдæр. Уымæн æмæ куыстмæ бацæуын, стæй куыстæй ацæуыны фадæттæ уаиккой хуыздæр. Ис нын, куыстмæ нæ чи кæны æмæ нæ куыстæй чи акæны, ахæм машинæ, фæлæ техникæ техникæ у, вæййы къуылымпытæ, тыхстдзинæдтæ. Рæстæг дæр хардз цæуы фылдæр. Нæ уавæртæ нын æмбарынц паддзахад æмæ разамынад. Цæмæйдæриддæр сæм бахатæм, алы хатт дæр нын сæххæст кæнынц нæ домæн, æмæ сын уый тыххæй бузныг мæхи æмæ коллективы номæй.

– Цы зындзинад ма æвзарут уæ куысты?

– Раст зæгъгæйæ, нæй нын мæгуырау уавæртæ, фæлæ кафджыты æмæ зарæггæнджыты къордтæ иу студийы кæй архайынц, уый æрхæссы йæхи зындзинæдтæ.

– Фæстаг азты гастролты кæм уыдыстут?

– Нæ концертон программæимæ уыдыстæм Цæгат Кавказы цалдæр горæты. Уыдыстæм Абхазы, Челябинск æмæ Екатеринбурджы. Концертты рæстæджы-иу залы иунæг афтид бынат дæр никуы уыд. Алы ран дæр нæ истой, æнхъæл куыд нæ уыдыстæм, афтæ æхсызгонæй. Концерты фæстæ нæм цыдысты  къордгæйттæй, истой нын нæ къухтæ æмæ нын дзырдтой алыгъуызон арфæйы фæндиæгтæ, зонгæ кодтой немæ. Челябинскы ирон диаспорæйы разамонæг Мамиты Михаил концерт ныффыста видеокамерæйыл æмæ нын æй балæвар кодта. Уымæй дарддæр ма Екатеринбургмæ дæр рацыд немæ, уым дæр нын бакодта стыр æххуыс.

– Зæгъ-ма, цавæр хæстæ æвæрут ацы аз уæ разы?

– Ацы аз «Симд»-ыл æххæст кæны 80 азы. Уый тыххæй сарæзтам куысты план æмæ йыл кусæм ныридæгæн. Концертон программæ цæттæ кæнæм Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 10 азы бонмæ. Республикæйæ æддæмæ ацæуын æмæ концерттæ радтыны тыххæй аразæм бадзырдтæ æмæ цæудзысты æххæст.

– Куыд уæм у мызды æмæ транспорты фарст та?

– Ардæм кусынмæ куы æрбацыдтæн, уæд æрбаййæфтон æртæ машинæйы: автобус, Газель æмæ Нива. Нæ куыстой, сцалцæг сæ кодтам æмæ сæ абон пайда кæнæм. Афтæ зæгъон æмæ исæм стыр мыздтæ, уый раст нæ уыдзæн, сты фæфылдæркæнинаг. Аивады кусджытæ æмæ æрмæст уыдон нæ, фæлæ æндæртæ дæр цалдæргай бынæтты куы кусой, уæд æнтыстмæ нæй æнхъæлмæ кæсæн. Нæ артистты иу хай кусынц æндæр рæтты дæр. Уымæн æмæ цы мызд исынц, уый сын нæ фаг кæны рæстæмбис цардæн. Фæлæ уæддæр архайæм, нæ бон куыд у, афтæ. Ацы фарсты нын стыр æххуыс сты, президент нын цы æххуысы фæрæзтæ дæтты, уыдон.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.