Культурæйы кусæджы бон Хуссар Ирыстоны банысан кæнынц 25-æм марты. Ацы бæрæгбон баст у ирон адæмы монон хъæздыгдзинад, традицитæ, хæрзнамысон хæзнатæ хъахъхъæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæм адæттыны бæрнджын æмæ цытджын хæс кæмæ æрхауд, уыцы адæмимæ. Культурæйы къабазы кусджыты профессионалондзинад æмæ арæхсты руаджы нæ бæстæйы цæрджытæн сæ цард кæны цымыдисондæр.  

Культурæйы кусæджы боны сæраппонд «Спутник – Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Радæйæн уыд пресс-конференци. Уый, фыццаджыдæр, бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта нæ бæстæйы культурæйы къабазы æппæт кусджытæн дæр æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, сфæлдыстадон уæлтæмæнад, æвидигæ энерги æмæ æнтыстытæ сæ куысты республикæйы хæрзиуæгæн. Министр фехъусын кодта, ацы аз бæрæгбон уæрæх кæй нæ банысан кæндзысты. Цытджын мадзалы бæсты бæрæгбонон арфæтимæ министрады кадджын хорзæхтæй схорзæхджын кæндзысты, культурæйы къабазы сæ куысты мидæг уæлдай хуыздæр йæхи чи равдыста æмæ æнтыстджындæр чи уыдысты, уыцы кусджыты. Зæгъойты Радæ йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны культурæйы рæзт у нæ паддзахадон политикæйы приоритетон фæдыздæхтытæй сæ иу. Дарддæр уый æрдзырдта министрадæн цы бантыст саразын æмæ цавæр проблемæтыл æмбæлынц сæ куысты, цавæр плæнттæ сæм ис æмæ Уæрæсейы Федерацийы регионтæм цы гъдауæй цæуынц гастролты, æппæт уыдæттыл.

Журналистты цымыдис кодта хореографион скъола-студийы хъысмæт, йæ арæзтад Инвестпрограммæмæ бахаудта æви нæ. Зæгъойты Радæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ байрæджы кодтой Инвестпрограммæмæ йæ бæхæссынмæ, фæлæ 2-æм астæуккаг скъола куы аразой, уæд сын бæстыхайы рахицæн кæндзысты сæрмагонд бынат æмæ уым уадздзысты сæ ахуыртæ. «Хореографион скъола-студийæн абон нæй æмбæлон уавæртæ. Фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, ардæм цæуынц сæдæ ахуыргæнинагæй фылдæр. Ис сын тынг хорз къухдариуæггæнæг Четион Майæ æмæ йæ куысты фæстиуæгæн æрæджы Уæрæсейы уагъдцæуæг дунеон фестивалы ансамбль «Кафт» рамбылдтой Гран-при. Уый махæн уыд тынг æхсызгон. Ацы хореографион скъоламæ хъæуы æмбæлон хъусдард аздахын æмæ уый та махæй нæу рохгонд, уымæн æмæ семæ чи кусы, уыдон се ‘ппæт дæр сæ куыстыл сты æнувыд æмæ, мæнмæ гæсгæ, дарддæр дæр цин кæндзыстæм скъолайы æнтыстытыл æмæ уæлахизтыл. Хореографтæ кусынц нысанмæздæхтæй æмæ архайынц, цæмæй фидæны паддзахадон ансамбль «Симд»-æн дæр уа фаг кафджытæ», – загъта уый. Министры ныхæстæм гæсгæ абон паддзахадон ансамбль цы æмвæзадыл хъуамæ уаид, уыцы æм-вæзадыл «Симд» нырма нæй, ома, у хуыздæрхъуаг, фæлæ ууыл дæр куыст цæуы. Ацы аз «Симд»-æн у сæ юбилей, æххæст сыл кæны 85 азы, æмæ сын ис хъæздыг программæ, цæмæй сæ концерттæ æвдисой куыд нæхимæ, афтæ республикæйæн æдтейæ дæр. Ног къуыри майрæмбоны фæнд кæнынц концерт радтын Къуайсайы. Сæ гастролтæ райдайдзысты 12-æм майы горæт Дзæуджыхъæуы æмæ уым радтдзысты солон концерт. Майы мæйы кæрон та фæнд кæнынц ацæуын Цæцæны республикæмæ æмæ æндæр сыхаг регионтæм – Майкоп, Черкесск, Ростов, Абхаз æмæ Ульяновскмæ.

Зæгъойты Радæ журналистты зæрдыл æрлæууын кодта республикæмæ 9 мæйы дæргъы цы сфæлдыстадон коллективтæ хуынд цыдысты, уыдонимæ «Симд» иумæйаг кæфтыты кæй кафыдысты æмæ сын уый ахъаз кæй фæцис сæ профессионалон рæзты хъуыддаджы. Сæхи кæимæ абарстаиккой, ерысы кæимæ бацæуой, уый сын уыдис æмæ сын дарддæр дæр кæй уыдзæн. Пресс-конференцийы ма фехъусын кодтой, зæгъгæ, Культурæйы министрад æххуыс кæнынц информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-æн æрмæ-джытæй, цæмæй «Симд»-ы тыххæй бацæттæ кæной киноныв.

Культурæйы рæзт – адæмы удварны рæзт

Уымæй дарддæр ма министр æрдзырдта паддзахадон драмон театры тыххæй дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цы спектаклтæ сæвæрынц, уыдоны æмвæзад кæй у хуыздæрхъуаг æмæ ууыл сæхæдæг театры къухдариуæгад æмæ артисттæ дæр сæттынц. «Мах ныхас кодтам коллективимæ æмæ æрцыдыстæм иу хатдзæгмæ, цæмæй куыст фæхуыздæр кæнæм æмæ ивындзинæдтæ бахæссæм репертуармæ дуджы домæнтæм гæсгæ, абон сценæмæкæсæджы цы хъæуы, уымæй сæ баххæст кæнынæй. Кæддæр нæ адæм стыр цымыдисимæ æмæ зæрдиагæй кæмæ цыдысты, уый абон уадиссаг никæйуал хъæуы. Уый канд махмæ нæу, ахæм уавæры сты æгас дунейы.  Ацы хъуыддаг коллектив сæхæдæг дæр тынг хорз æмбарынц. 27-æм марты та у Театры дунеон бон æмæ сын арфæ кæнын. Нæ театры ис иунæг режиссер Дзудцаты Тамерлан æмæ уымæн физикон æгъдауæй йæ бон нæу æмæ афæдзы мидæг сæвæра цыппар спектаклы. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы режиссертæ æрхонын æндæр рæттæй», – загъта Зæгъойты чызг.

Кæронбæттæны ма РХИ-йы Культурæйы министр дзуапп радта журналистты къорд æндæр фарстытæн дæр æмæ уый фæстæ атагъд кодта хорзæхтæ радтыны цытджын мадзалмæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.