Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли 1-æм февралы фембæлд горæт Къуайсайы цæрджытимæ. Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Дзауы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг, парти «Иугонд Ирыстон»-æй РХИ-йы Парламенты депутат Бæззаты Владимир.

Бибылты Анатоли райдианы йæ фæндаг акодта, Джоджорайы цæугæдоны былгæрæтты цы фидаргæнæнтæ арæзт æрцыд, уыдоныл. Уый фæстæ цæрджытимæ фембæлд  Къуайсайы Культурæйы хæдзары. Президент бузныджы ныхæстæ загъта залы æрæмбырдуæвджытæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы æхсæнадимæ фембæлдтытæ ацы аз райдыдта Къуайсайы цæрджытæй, уымæн æмæ аивгъуыйгæ азы Къуайсайы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ бацæуыны тыххæй арæзт æрцыд прайм-релиз. Раразмæгонд æрцыдысты цалдæр кандидатурæйы. Уыдоны ‘хсæн Къуайсайы цæрджытæ сæ иуæн радтой фылдæр хъæлæстæ. Фæлæ цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ ацы хъуыддаг кæронмæ скъуыддзаг не ‘рцыд. «Кæй зæгъын æй хъæуы, цы прайм-релиз ауагъдæуыд, уый фæрцы рабæрæг кандидат, кæцымæ равдыстат уе ‘ууæнкдзинад. Фæлæ, хъыгагæн,  адæм фæдихтæ сты. Æз æй не ‘мбарын, кæрæдзийы     хъуыды цæмæннæ нымайæм. Цæмæн фестæм къордгай. Куыдфæнды ма уа, уæддæр нымайын хъæуы, адæмы фылдæр хай кæмæн радтой хъæлæс æмæ кæй равзæрстой, уый. Ацы хъуыддаджы фæдыл мæнмæ бирæ фыстæджытæ цыдис, ома, раст нæ ацыд ацы æвзæрстыты хъуыддаг, фæлæ æппæт уыцы хъуыддæгтæм нæ кæсгæйæ, абон хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа æмæ нысан æрцæуа уыцы адæймаг, кæцы æвзæрстыты руаджы райста фылдæр хъæлæстæ. Балæууын хъæуы ног адæймаджы фарсмæ, баххуыс кæнын ын хъæуы куысты мидæг, нæ йын хъæуы цæлхдуртæ æвæрын. Сидын уæм, цæмæй къордтыл ма дих кæнæм, фæлæ иумæ æрбалæууæм кæрæдзийы фарсмæ æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнæм куысты мидæг. Нæ цард иу бонæй нæу, нырма йæ хæстæ æххæсткæнынмæ не ‘рывнæлдта, афтæмæй йæ сымахæй бирæтæ абон критикæ кæнынц. Афтæ гæнæн нæй. Кæд æй равзæрстат, кæд ыл баууæндыдыстут, уæд æй бауадзут æмæ бакуса. Фаг у кæрæдзийыл цъыф калын. Тынг æмбарын уе ‘ппæты дæр, алкæй хъуыды дæр нымайын æмæ сымах дæр хъуамæ уæ кæрæдзийы хъуыдыйæн аргъ кæнат. Иууылдæр стæм ахуыр адæм, алчи дæр ныхас кæны зæрдæмæдзæугæ, фæлæ нæ куыст, нæ архайд æндæрæрдæм цæмæн хъуамæ уа», – банысан кодта Президент.

Президент ма загъта, зæгъгæ, йын тынг хъарм ахаст ис Къуыдаргоммæ æмæ банысан кодта, кæй йæ фæнды Къуайсайы цæрджыты ‘хсæн уа кæрæдзиæмбарынад, цæмæй йæ цæрджытæ цахæмдæр къордтыл дих ма цæуой, цæмæй дзы цы фæсивæд ис, уыдон цæрой кæрæдзи æмбаргæ. Хъæуы кæрæдзи бамбарын æмæ кæрæдзимæ хуыздæр ахаст æвдисын.

«Нæ разы цы хæстæ æрæвæрдтам, уыдон, гæнæнуæвгæйæ, хъуамæ скъуыддзаг цæуой. Мах хицауадимæ нæ хæсыл нымайæм, цæмæй нæ адæмæн цы æнæууæнк ахаст уыд хицауадмæ, уыцы ахаст фæивæм. Æмæ нын кæд ацы хъуыддаг бантыса, уæд æз мæхи нымайдзынæн иууыл амондджындæр адæймагыл. Махæн нæ хæс у, цæмæй адæм бамбарой, цы президенты равзæрстой, уыцы президент цы адæймæгты снысан кодта бæрнон бынæттæм, уыдон иууылдæр кæй кусынц адæмы хæрзиуæгæн, кæй хъахъхъæнынц адæмы интерестæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Президенты раныхасы фæстæ залы æрæмбырдуæвджытæн фадат фæцис республикæйы сæргълæууæгмæ фарстатæ радтын. Фыццаг фарст баст уыд, хъæууон хæдзарады фæдыл кредиттæ райсыны тыххæй Хицауад цы æххуыс кæны, уый тыххæй. Президент банысан кодта, 2016 азы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады тыххæй Парламент кæй райста закъон. Уый фæдыл бирæ куыстæуыд, фæлæ нæдæр 2016 азы, нæдæр 2017 азы кæронмæ закъоныл къух не ‘рфыстæуыд. Аивгъуыйгæ азы кæрон ацы закъоныл къух æрфыста Бибылты Анатоли. «Ацы закъоны мехазнизмыл ма чысыл бакусын хъæуы, фæлæ йæ хъуыды ахæм у, æмæ Хицауад алы аз дæр хъуамæ дих кæна 2 проценты йæ æфтиæгтæй, цæмæй йæ бон уа кредиттæ дæттын чысыл процентыл, ома, 5 процентыл. Уый фæстиуæгæн амалиуæггæнджытæн сæ бон уыдзæн сæ къахыл слæууын. Ацы æхцайы фæрæзтæ сты 22 милуан сомы æмæ дихгонд æрцыдысты ныридæгæн. Æмæ кæд искæмæн ныртæккæ проекттæ цæттæ сты, уæд сæ æмбæлон уагдæттæм бавдисæт», – банысан кодта Президент.

Алкæмæн дæр зындгонд у, зæххæнкъуысты рæстæджы Къуайсайы цæрджытæй бирæтæн сæ хæдзæрттæ кæй ныппырх сты. Уыцы хæдзæртты хицæуттæй иуæй-иутæн лæвæрд æрцыд ног фатертæ. Фæлæ, хъыгагæн, цæрджыты фылдæр хайæн, уæлдайдæр та хъæуты цæрджытæн, сæ хæдзæрттæ абоны онг дæр сты аварион уавæры. Уымæ нæ кæсгæйæ, уыдон цæрынц уыцы хæдзæртты. Уый фæдыл Президентмæ лæвæрд æрцыд фарст, зæгъгæ, нæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй ницы æххуыс уыдзæн компенсацийы хуызы. «Хъыгагæн, канд зæххæнкъуысты нæ, фæлæ ма нæ республикæйы цы хæстон архайдтытæ уыд, уый фæстиуæгæн дæр бирæ цæрæн хæдзæрттæ сыгъд æмæ пырх æрцыдысты. Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ мах нырма ахæм хъæздыг республикæ не стæм, цæмæй уыцы хæдзæртты хицæуттæн компенсациты хуызы баххуыс кæнæм, кæнæ сын сæ хæдзæрттæ саразæм, æгæрыстæмæй, ма уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй абоны онг 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдонæй дæр бирæтæ кæронмæ арæзт не сты. Æз мæхимæ хæс райстон, уыцы хæс сæвæрдтон хицауады раз дæр, цæмæй 2008 азы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон уал кæронмæ арæзт æрцæуой. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарст дæр мах иуварс нæ кæнæм, фæлæ, нæ уавæртæм кæсгæйæ, фарст скъуыддзаг кæндзыстæм», – банысан кодта Президент.

Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ нымад æрцыдысты аварионыл, уыдоны хицæуттæн сæ иу хайæн арæзт æрцыд хъæдын хæдзæрттæ Джоджорайы былгæрон. Цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ хъæдын хæдзæрттæ ист æмæ æвæрд не ‘рцыдысты сæ бынæтты. Уымæ гæсгæ уыцы хъæдын хæдзæрттæ хъахъхъæд цæуынц. Фæлæ хæдзæртты хъахъхъæнджытæн дыууæ азы мидæг куыстмызд фыст не ‘рцыд. Президент бынаты базонгæ ацы проблемæимæ æмæ ныфс радта, æввахс рæстæджы фарст скъуыдддзаг кæй æрцæудзæн, уый тыххæй.

Къуайсайы посты хайады сæргълæууæг Таймæзты Фрося Президенты размæ рахаста фарст, цæмæй сæрмагонд машинæйæ ифтонг æрцæуой газеттæ æмæ журналтæ афоныл бынатмæ хæццæ кæныны нысанæн. Йæ раныхасы ма банысан кодта, зæгъгæ,  уый куыд зоны, уымæ гæсгæ иннæ районты посты хайад-тæн ис сæхи сæрмагонд машинæтæ. Уый фæдыл ын Президент ныфс бавæрдта, зæгъгæ, ацы фарстаимæ кæй базонгæ уыдзæн лæмбынæгдæр æмæ фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Афтæ ма стыр хъусдард здæхт æрцыд электроэнергийы фиддонтæ фидыны фарстмæ дæр. Бынаты куыд рабæрæг, афтæмæй Къуыдаргомы цæрджытæ электроэнергийы фиддонтæ рæстæгыл  нæ фидынц. Уый фæдыл сæм Президент бахатыд, цæмæй ацы хъуыддагмæ серьезондæр ахаст дарой, уымæн æмæ тынг æвзæр уавæры ис æмткæй нæ республикæйы электроэнергийы фиддонтæ фидыны хъуыддаг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейæ егъау хæс дары электроэнергийæ æмæ афойнадыл уыцы хæс фыст куынæ æрцæуа, уæд, гæнæн ис æмæ ист æрцæуой æмбæлон мадзæлттæ.

Горæт Къуайсайæн ис йæхи сæрмагонд рейсон автобус. Къуыри цалдæр хатты уый цæуы Цхинвалмæ. Ис ын 2 шофыры. Хъыгагæн, уыдон кусынц æрдæг штаттыл æмæ дих кæнынц иу куыстмызд. Уый фæдыл Президентмæ бахатыдысты, цæмæй сын баххуыс кæна штат радтыны хъуыддаджы. Йæ рады сын Президент ныфс бавæрдта, ацы фарста скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уымæй.

Къуайсайы администрацийы кусджытæ бахатыдысты республикæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй сын сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæна. Йæ рады сын уый фехъусын кодта, зæгъгæ, 2018 азы кæронмæ æмткæй куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты.

Къуайсайы цæрæг бирæсывæллонджын мад Хуыгаты Полинæ, кæцыйæн йæ цардæмбал у инвалид, бахатыд республикæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй йын баххуыс кæна куыстæй сифтонг кæныны хъуыддаджы. Президент бахæс кодта Къуайсайы Уæлвæткон уавæрты хайады сæргълæууæгæн, цæмæй ацы фарстмæ æркæса æмæ сылгоймаджы куысты бынатæй сифтонг кæна.

Аивгъуыйгæ азы сентябры мæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд куы уыд Къуайсайы цæрджытимæ, уæд сын уый ныфс бавæрдта, цалдæр фарсты скъуыддзаг кæй æрцæудзысты. Уымæ гæсгæ ацы аз Инвестпрограммæмæ хаст æрцыдысты Къуайса-Хъемултайы фæндаджы арæзтад, Къуайсайæн йæхи мидæг цалдæр уынджы арæзтад зæххы коммуникациты дæр раивгæйæ, рухсы цæджындзтæ ивыны  æмæ газæй сифтонг кæныны фарст. Афтæ ма ныртæккæ дзырд цæуы, цæмæй Къуайсайы конд æрцæуа БТК-4-йы филиал.

Фембæлды рæстæджы Президент Бибылты Анатоли йæ Барамындæй горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæгæй снысан кодта Бæззаты Геннади Геронтийы фырты,  ацы бынатæй Гæззаты Роберты ссæрибар кæнгæйæ.

Дзырд ма цыд бирæ ахсджиаг фарстатыл.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.