Куадзæнæн йæ ахсджиаг æууæл у бирæ æртытæ кæнын. Уырныдта сæ ацы уалдзыгон æртытæ ахъаз кæй фæуыдзысты сæ хортæ, сæ тыллæг цæмæй хорз æрзайой, уый тыххæй. Уый ууыл дзурæг у сæ артытæ хъæмпæй кæй фæкæнынц.

Фæсивæд ма-иу Куадзæны рæстæджы сæхи ирхæфстой, адæмы чи ферох ис, уыцы херыйыл. Бæрæгбоны-иу хъæуы астæу хъазт сарæзтой æмæ-иу талынгтæм фæкафыдысты. Уырдæм æввахс-иу цалдæр раны сарæзтой цалдæр херыйы æмæ-иу сæхи ирхæфстой чызджытæ æмæ сабитæ. Фæлæ-иу раздæр заманы херы кодтой ас сылгоймæгтæ æмæ суанг зæронд устытæ дæр. Херыйы бадгæйæ дам, адæймаг сфæрнджын вæййы, йе уæнгтæ срог вæййынц.  Фæсивæд ма иу сарæзтой ноджы æндæр хиирхæфсæн дæр, хуыдтой йæ цъил. Сыхы лæппутæ-иу ныссагътой хъæдын цæджындз, йæ цъуппыл ын-иу æркодтой зæронд цалх, йæ сæмæн-иу ын цæджындзмæ бабастой, цалх зилгæ куыд кæна, афтæ. Цалхмæ-иу бабастой цалдæр бæттæны, сæ уæгъд кæрæттыл цæгтæ фидаргонд – бадынæн. Мамазила кæнын-иу кæй фæндыди, уыдон-иу цæгты ныббырыдысты, къæхтæй-иу зæххæй сæхи асхуыстой  æмæ-иу цалх зилын байдыдта. Чи сæ-иу арæзта уыдон-иу ерысы бацыдысты – кæй цъил хуыздæр рауайа, зæгъгæ.

Куадзæны фыццаг изæр ма нысан кодтой цалдæр бæрæгбоны. Сæ кадджындæртæ уыдысты Зæринон, Тхосты дзуары бон, уыд тыхджын дзуар, фыдбылызтæй хизæг æмæ Хуыцауы дзуары бон, уыд бæркаддæттæг æмæ цотæй хайджынгæнæг. Уыцы бон-иу хъæугуывд скодтой. Фæсивæд-иу æнафонтæм фæкафыдысты, сæ уæлæ-иу мæнгдарæстæ скодтой,, кæнгæ цæсгæмттæ æмæ æвдыстой цардæй хицæн нывтæ. Хуыздæр барджыæн-иу бацайдагъ бæхтыл хъазт. Лæппутæй æмæ иу чызджытæй хуыздæр дæсныйад чи равдыста, уыдонæн-иу кад кодтой æнæхъæн комбæстæ. Ӕмæ уый æнцон бамбарæн уыди – сæ лæгдзинад æмæ сæ арæхстдзинад æвдыстой царддæттæг Дзуары кадæн.

Куадзæны рæстæджы ма сывæллæттæ фæхъазынц алыгъуызон хъазтытæй.

          “Зонгæйæ”

Куадзæны агъоммæ къуыри раздæр сывæллæттæ райдайынц “Зонгæйæ” хъазын. Хъазджытæ вæййынц дыууæ кæнæ фылдæр, гæнæн ис æмæ уой къæйттæ, баныхас кæнынц  кæрæдзи къухтæй куыд ницы исой æппындæр, цалынмæ “зонгæйæ” зæгъой, уæдмæ. Кæд æмæ сæ искæй ферох “зонгæйæ” зæгъын, афтæмæй райста искæй къуухæй исты, уæд фембылды ис. Сывæллæттæ фæхъазынц æйчытыл æмæ афтæмæй куадзæнмæ æрæмбырд кæнынц сæхицæн æйчытæ. Чи фембылд вæййы уый куадзæны бафиды йæ хæс.

Куадзæны къуыри сывæллæттæ къуырцц кæнынц æйчытæ. Кæй айк асæтты, уый йæ ратты чи йын æй асаста, уымæн. Уымæ гæсгæ алчидæр архайы фидардæр, хъæбæрдæр айк равзарыныл.

 

              Айктулæнтæ

Куадзæнмæ сывæллæттæ бацæттæ кæнынц хъæбæр фых æйчытæ. Ссарынц уырдыг ран æмæ хæлттæ сæппарынц:чи æвæрдзæн йæ ахуырст æйчытæ уырдыджы кæрон, чи тулдзæн уæлейæ бынмæ æмæ Куырдзæн бынæй æвæрд æйчытæ. Бæрæг хаххыл æрæвæрынц иуты æйчытæ. Иннæ уæлейæ ратулы йæхи айк. Рæнхъ чи лæууы, уыдоныл куы æртулы, уæд дзы кæй асæтта, уыдон сты, йæ айк кæмæн фидардæр разына, уый. Афтæмæй фидар айчы хицау-иу хъæбысы дзаг сæмбырд кодта æйчытæ.

 

* * *

Куадзæны бонмæ  æйчытæ ахуырстой хъæдындзы сыфты кæнæ та фыхтой æнгузы хус цъæрттæ æмæ уыцы тар донæй арæзтой æйчытыл уырынгтæ, хæххытæ, стъæлфытæ. Фæстæдæр фæзындысты сырх, цъæх ахорæнтæ. Фæлæ æйчыты фыхтой цæхджын доны цæмæй уой хъæбæрдæр.

Сывæллæттæй-иу сæ йæ къухы æнгом бакæны айк, хæрз чысыл ма куыд зына йæ фындз, кæнæ йæ чъылдым. Иннæ хъазæг уæлейæ дæлæмæ цæвы айк. Кæй айк асæтты, уый йæ дæтты фидардæр айк кæ-мæн разынд, уымæн.

Ахæм хиирхæфсæн хъазтытæй хъазыдысты сывæллæттæ куадзæны бон.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.