Æрæджы уагъд æрцыд абхазаг-уæрæсейаг VIII-æм хъуыддагон форум, цыран хайад райста хуссарирыстойнаг делегаци дæр. Ацы бонты делегацийы уæнгтæ æрыздæхтысты Хуссар Ирыстонмæ.

Форумы фæлгæтты сæ фембæлдтыты æмæ тæлмæнты тыххæй  радзырдта хуссарирыстойнаг делегацийы къухдариуæггæнæг, РХИ-йы Экономикон рæзты министры хæдивæг Козаты Роин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон форуммæ ацыдысты Республикæ Абхазы Хицауады Сæрдар Беслан Барцицы фæхуындмæ гæсгæ. «Абхазмæ, сæрмагондæй, ацы форуммæ мæнæн фыццаг балц нæу. Банысан кæнын мæ фæнды, абхазæгтæ иумиагæй сисгæйæ, тынг уазæуарзаг адæм кæй сты, уый. Фæлæ уæддæр нæ республикæйы минæвæрттæм уыдонæн ис уæлдай хъармдæр ахаст.

Форум уыд тынг минæварджын, хайад дзы райстой Уæрæсейы регионтæ иууылдæр, Башкирийæ, Краснодары æмæ Ставраполы крайтæм, уыдысты дзы Цæгат Кавказы æппæт республикæты хъуыддагон зылдты минæвæрттæ. Уыдонимæ махæн уыд цымыдисон фембæлдтытæ.

Нæ делегаци ма хайад райста пленарон рабадты, цыран бакастæуыд РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы арфæйы фыстæг.  Афтæ ма хайад райстам тымбыл фынджы куысты дæр ахæм темæйыл:  «Республи-кæ Абхазимæ Уæрæсейы Федерацийы субъектты æмгуыстады контексты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзты фидæн», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма форумы уыдон фембæлдысты æмæ ныхас кодтой Сухум, Нальчик æмæ æндæр горæтты амалиуæггæнджытимæ. Экономикон баиугæндты минæвæрттимæ фембæлдтытæ сорганизаци кæнынæн сын баххуыс кодта Республикæ Абхазы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Боциты Олег. Сæ фембæлдтыты рæс-тæджы æркастысты Абхаз, Уæрæсейы Федерацийы регионтæ æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмгуыстад фæарфдæр кæныны, афтæ ма туризмы фадыджы æмæ логистикон дзыгуыры рæзты æмархайды фарстытæм дæр.

Экономикон æмгуыстады æмæ рæзты фидæны нывæзты, номхуындæй цахæм здæхтыты бафтыд сæ къухты бадзурын, уый фæдыл  Козаты Роин загъта: «Ахæм хъæздыг, информативон форум тынг пайда у кæрæдзийæн фæлтæрддзинад бацамонынæн, афтæ ма ахъаз кæны хъуыддагон бастдзинæдтæ саразынæн. Махæн нæ къухты бафтыд туризм, энергетикæ, хъæууон хæдзарады фæдыл конкретон здæхтыты æмгуыстадыл бадзурын. Аграрон фадыджы махæн фадат ис Кæсæг-Балхъаримæ проекттæ сæххæст кæнынæн. Абха-зæгтимæ нын бантыст энергийы альтернативон гуырæнты рæзты къабазы развæлгъау сразыдзинæдтæ саразын, æруынаффæ кодтам логистикон ахастыты рæзт æмæ туризмы фадыджы æмгуыстады фарстытыл. Сæрмагондæй, дзырд цыд, цæмæй Абхазы баулæфой нæ республикæйы æмбæстæгтæ. Базарадон ахастытæ вазыгджын сты географион равæрдмæ гæсгæ, фæлæ уæддæр хъæуы исты амæлттæ агурын», – радзырдта хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Козаты Роин.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Республикæ Абхазы хъуыддагон балцы уыд ныр æхсæзæм хатт æмæ, зæгъ, ацы фембæлдтытæ æвæрццагæй æндавынц нæ дыууæфарсон ахастытыл. Загъта, зæгъгæ, хæларадон бæстæтимæ экономикон æмгуыстадæй уыдон сты хорз фæстиуджытæ æнхъæл.

 

Æрмæг бацæттæ кодта Джиоты Екатерина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.