Козаты Димитры РХИ-йы Президент снысан кодта Хицауады Сæрдары хæдивæгæй, кæцымæ ис куысты стыр фæлтæрддзинад Уæрæсейы Федералон паддзахадон структурæты, сæйраджыдæр та таможнæйон системæйы.

Хицауады уый йæ хъус дардзæн таможнæйы æмæ хъалонты къабæзты паддзахадон политикæйы фарстытæм, афтæ ма чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæнынмæ æмæ йæ рæзтмæ.

Йæ фыццаг кусæгон бон Козаты Димитр райдыдта Паддзахадон таможнæйон комитетмæ бацæуынæй, цыран уый фембæлд йæ сæрдар   Цхуырбаты Мурат æмæ хайадты хистæртимæ.

Фыццаджыдæр уый базонгæ республикон таможнæйон структурæимæ, хайадты къухдариуæггæнджыты ‘хсæн сæ хæстæ куыд дих цæуынц, уыимæ, 2015 азæн статистон зонæнтимæ, афтæ ма таможнæйон посты бархалынæдты бæрц æмæ хуызты фæдыл æрвылбонон зонæнтимæ дæр.

Афтæ ма фембæлды рæстæджы дзырд цыдис мидсистемон дисциплинæйыл, нысан æрцыдысты куысты приоритетондæр здæхтытæ.

«Паддзахадон таможнæ у республикæйы цæсгом. Йæ кусджытæ фыццаг сæмбæлынц æмæ афæндараст кæнынц республикæйы цæрджытæ æмæ уазджыты. Уыдонæй кæнгæ у мах тыххæй, куыд бæстæ æмæ адæмы, афтæ сæм фыццаг цахæм хъуыды сæвзæра, уый.  Уымæ гæсгæ таможнæйон структурæйы иууылдæр хъуамæ уой æнæлаз, дресскодæй райдайгæйæ æмæ уæвæг кадрон ресурсы рационалонæй дих кæныныл, алыгъуызон фадгуыты куысты ахъуыдыгонд системон планкæнынадыл фæугæйæ», – банысан кодта Козаты Димитр.

Цхуырбаты Мураты æмæ йæ дæлбар кусджыты лæмбынæг информацимæ байхъусгæйæ æмæ хъуыддæгты уавæримæ базонгæ уæвгæйæ уый, куыд фæлтæрд разамонæг, афтæ хъусдард аздæхта системæйы ахæм цæгтæм, кæцыты хъæуы фæхуыздæр кæнын.

Цæвиттон, уый хæслæвæрд радта комитеты хистæрæн, цæмæй къуырийы æмгъуыдмæ бацæттæ кæна ног типон структурæ, кæцы дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн.

Ныхасы рæстæджы Козаты Димитр йæ хъуыдытæ загъта фыдыбæстæйон таможнæйон системæйы рæзт æмæ архайды фæдыл, йæ ныхæстæм гæсгæ, кæцы хъуамæ дзуапп дæтта æрмæст республикæйы экономикон æдасдзинадæн нæ, фæлæ ма паддзахадон бюджет баххæст кæнынæн дæр. Уый ма афтæ банысан кодта таможнæйы сæйрагдæр хæстæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн паддзахадон æххуысы фæдыл фарстатæ скъуыддзаг кæныны.

«Хуссарирыстойнаг таможнæйон системæ хъуамæ максималонæй ахъаз кæна амалиуæгады рæзтæн, суа хæдхуыз хид хицауиуæгад æмæ адæмы ‘хсæн… Комитеты хистæрмæ, хайадты къухдариуæггæнджытæм æнхъæлмæ кæсын ахъуыдыгонд фæндæттæм, кæцытæ ахъаз кæной иуæрдыгæй таможнæйон-транспортон формалондзинæдтæ фæхуымæтæгдæр кæнынæн, иннæрдыгæй та казнæмæ таможнæйон æфтиæгтæ фæфылдæр кæнынæн.  Мæхи ‘рдыгæй æз цæттæ дæн цахæмфæнды рационалон фæндоны æвварс дæр рахæцынмæ æмæ йæ хицауады бахъахъхъæнынмæ», – банысан кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Фембæлды кæрон Козаты Димитр банысан кодта, æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй фæбæрзонддæр кæнæм хъалонты æмæ таможнæйы фиддонты æмвæзад, сараза уавæртæ амалиуæгадон архайд фæактивондæр кæнынæн æмæ республикæйæн баххуыс кæнын, цæмæ дотацион уавæрæй рахиза.

Уый ма загъта йæ цæттæдзинад Уæрæсейы Федерацийы хъуыддагон адæймæгтимæ йæ уæрæх бастдзинæдтæй спайда кæнынмæ, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрбацæуой инвестицитæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.