Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр хайад райста Паддзахадон таможнæйон службæйы æмбырды, цыран уынаффæ цыд 2016 азы фыццаг æмбисы куысты фæстиуджытыл.

Мадзалы хайад райстой РХИ-йы мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, хъæууон хæдзарады министр Плиты Витали, Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хæдивæг Битеты Сергей, экономикон фарстаты фæдыл уынаффæгæнæг Павел Ковальский.

Козаты Димитр бахатыд раныхасгæнджытæм, цæмæй проблемон фарстатыл æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны фæндæгтыл дзурой лæмбынæгдæр.

«Мах абон æрæмбырд стæм уыцы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, кæцыты куыст баст у таможнæйон архайдимæ, номхуындæй та æрæмбырд стæм уый тыххæй, цæмæй коллегиалонæй æруынаффæ кæнæм æрæмбырдуæвæг проблемон фарстатыл æмæ æрдзурæм, куыд сæ аскъуыддзаг кæнæм, ууыл. Бакусæм ахæм фарстытыл, кæцытæ фæахъаз уыдзысты  таможнæйон службæйы бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæнынæн», – банысан кодта уый.

Уый фæстæ доклад сарæзта Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2016 азы фыццаг æмбисы таможнæйон комитетæй республикæйы бюджетмæ бацыд планы 11 500 000 сомы бæсты 10 817 664 сомы (импорт – 10 784 121 сомы, экспорт –  33 543 сомы). Фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, фæфылдæр  325 710 сомы.

Афтæ ма 2016 азы æхсæз мæйы дæргъы Паддзахадон таможнæйон комитет срегистраци кодта уæзты 1689 таможнæйон декларацийы. Фарон уыцы рæстæджы та – уæзты 1961 таможнæйон декларацийы.

Административон бархалынæдты ивартæ та уыдысты 364 000 сомы, 2015 азы уыцы суммæ уыд æрмæстдæр 9 000 сомы.

Уыимæ иумæ доклады нысан æрцыд, ома, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицауадты ‘хсæн Сразыдзинады фæлгæтты 2009 азы 26 августæй хуссарирыстойнаг таможнæйы арæзт æрцыдысты фæхуымæтæгдæр уавæртæ æххуысы нысанæн Уæрæсейы Федерацийы территорийæ уæзтæ æрласыны тыххæй. Сæрмагондæй та Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийы архайæг подрядон организацитæй ист нæ цæуынц таможнæйон хъалонтæ.

Хыгъдон рæстæджы дæргъы куыст цыд кадрон политикæ фæхуыздæр кæныныл. Контракттæ бакондæуыд Паддзахадон таможнæйон комитеты æппæт кусджытимæ, кæцыты нымæц фæфылдæр иу иуæджы, авд адæймагæн лæвæрд æрцыд радон специалон ном.

Куыст ма цыд республикæйы таможнæйон органтæн квалификациджын кадртæ бацæттæ кæныныл.

Паддзахадон таможнæйон комитеты бавдыстмæ гæсгæ цыппар адæймагæй ахуырмæ бацыдысты Уæрæсейы таможнæйон академийы Ростовы филиалмæ, дыууæ адæймаджы – юридикон факультетмæ, æртæ адæймаджы – экономикон факультетмæ.

Сæрды улæфтыты рæстæджы Паддзахадон таможнæйон комитеты къухдариуæгад фембæлд Ростовы таможнæйон академийы рауагъдонтимæ, афтæ ма уæрæсейаг æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттимæ, кæцытæ ахуыр фæуыны фæстæ фæнд кæнынц Хуссар Ирыстонмæ æрыз-дæхын.

Æмбырды кæрон нысан æрцыд, зæгъгæ, рæстæмбисыл нымадæрцæуæг иумиаг нымæцтæм нæ кæсгæйæ, таможнæйон органты архайды хицæн здæхтытæн ноджы арфдæр анализ саразгæйæ, зæгъæн ис, уыцы нымæцтæ банысангонд планæй фæстейæ кæй баззадысты, уый тыххæй.

Козаты Димитр Паддзахадон таможнæйон комитеты къухдариуæгадæй æрдомдта, цæмæй планкæныны фарстатæм бæрнондæр ахаст дарой æмæ таможнæйы кусджытæн бахæс кодта, цæмæй æппæт тыхтæй дæр æрæвналой, азы дыккаг æмбисы бæрæггæнæнтæ банысангонд æмвæзадмæ сисын.

«План «рæстæмбис» нысаныл æххæстыл нымад уæд æрцæудзæн, кæд æмæ æххæст æрцæуа 95-96 процентæй. Нырма уый нæй. Фæлæ æз уынын куыстхъом коллектив, кæцы, йæ тыхтæ ратгæйæ æмæ æнæ дызæрдыгæй, йæ бон у уавæр хуыздæрæрдæм фæивын æмæ афæдзы кæрон куыстæн фæстиуджытæ саразгæйæ, мах фендзыстæм æндæр ныв», – загъта Козайы фырт.

Æмбырды рæстæджы уынаффæ цыд Паддзахадон таможнæйон комитеты материалон-техникон ифтонгады фарстытыл, электронон документæрзылдмæ рахизын, амалиуæгадон архайды активацийы тыххæй оптималон уавæртæ саразын.

«Афон у куысты нырыккон фадæттæм рахизынæн, ногдзинæдтæ бакæнынæн, кæцытæ фæахъаз уыдзысты республикæйы бизнесы рæзтæн. Зæгъæн ис, таможнæйон службæ хъуамæ суа, паддзахад æмæ амалиуæгадон æмæхсæнады кæрæдзийыл чи бæтта, ахæм цæг», – банысан кодта Козаты Димитр æмæ ныфс бавæрдта, æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй баххуыс кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты проблемон фарстытæ аскъуыддзаг кæнынæн.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.