Нæ газеты раздæры номырты ма фыстам, Хуссар Ирыстоны Къостайы æхсæнад йæ куыст кæй сног кодта, уый тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй Къостайы æхсæнад сырæзт æрцыд 1982 азы Цхинвалы районы культурæйы хайады цур. 1997 азы Æхсæнад фидаргонд æрцыд Цхинвалы районы депутатты советы рабадты. 2005 азы декабры мæйы та – РХИ-йы Юстицийы министрады регистрацигонд, куыд хæрзаудæн культурон фонд, афтæ. Фонды Цытджын президентæй сæвзæрстой зынгæ ахуыргонд Джуссойты Нафийы.

Ацы аз 5 декабры æхсæнады уæнгтæн уыд ног сфæлдыстадон фембæлд. Ацы хатт Æхсæнады разамонæг Тадтаты Юзæ ныр та æрбахуыдта Театры зындгонд артисттæ, Шекспиры драмæты æхсæнадæмон конкурсы лауреат (Леди Макбетæй), Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Гугкаты Евелинæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Таугазты Дзерассæйы. Гугкаты Евелинæйы Ирыстоны алы къуымты чинæ зоны, ахæм нæй. Уый канд курдиатджын актер нæу, фæлæ ма у диссаджы сыгъдæгзæрдæ адæймаг дæр. Таугазты Дзерассæ дæр æнæхъуаджы хуынд нæ уыди Æхсæнадмæ уазæгуаты. Уый кæд нырма æрыгон у, уæддæр ын ныридæгæн стыр æнтыстытæ ис йе сфæлдыстадон архайды. Уый зындгонд театралон актер Таугазты Гаврилæн у йæ хъæбулы хъæбул.

Фембæлд разныхасæй байгом кодта Æхсæнады Правленийы Сæрдар Тадтаты Юзæ. Уый цыбыртæй æрдзырдта уазджыты цардвæндаджы хабæртты фæдыл. Таугазты Гаврилы æвæрд спектаклтæн сæ рæстæджы уыд стыр æнтыст. Советон дуг ма куы уыд, уæд Телауы горæты æппæтдунеон театралон фестивалы хайад райста ирон театр дæр, æвдыст дзы æрцыд пьесæ «Æфсин». Спектаклы сæйраг рол æххæст кодта Хъалæгаты Нинæ. (Хъыгагæн, ацы бонты не хсæнæй фæхъуыд). Спектакль афтæ фæцыд жюрийы зæрдæмæ, æмæ йын радтой фыццаг бынат.

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Гугкаты Евелинæйæн. Уый дзырдта ирон сценæмæкæсæгмæ цы хъарм зæрдæйы ахаст дары, уый фæдыл. Цыбыртæй радзырдта йе сфæлдыстадон фæндагыл куыд слæууыд, уый тыххæй дæр. Адæмыл цымыдис бафтыдта уый, æмæ Гугкаты чызг актер суæвыныл хъуыды дæр кæй никуы кодта. «Æз райгуырдтæн хæххон хъæу Едысы. Уарзтон цырд хъæзтытæ, æмæ мæ фæндыд тæхæг суæвын», – рахабар кодта уый æрæмбырдуæвджытæн. Йе фæлæ йæ хъысмæт афтæ рауаи, æмæ ныллæууыди артисты дæсныйад райсыны фæндагыл. Цымыдисон ма уыд уый дæр, æмæ едысаг ирон чызг лæгæй лæгмæ кæй зыдта зындгонд бард Владимир Высоцкийы. Уæды дуджы уый афтæ зындгонд нæма уыд, фæлæ уæддæр бæрæг уыд, стыр зæрдæйы арты хицау кæй у. Евелинæ ма куыд радзырдта, афтæмæй йе ‘мкъурсон уыд зындгонд ирон зарæггæнæг æмæ актер Годжыцаты Исахъ дæр. Уыдон Высоцкиимæ иумæ афтæ диссаджы аив æххæст кодтой Хетæгкаты Къостайы «Додой» уырыссаг æвзагыл, æмæ сæм чи хъуыста, уыдон-иу сæ дисæн фæхастой.

Стыр зæрдæрисимæ ссардта Гугкаты чызг не хсæн чи нал ис, уыцы курдиатджын актерты, уыцы нымæцы Хъаллæгаты Нинæйы рухс нæмттæ дæр.

Евелинæ ма дзырдта, ныртæккæ тетаралон фæсивæд цы зындзинæдтæ æвзарынц, уый тыххæй дæр, зæгъгæ, хорз уаид, уыдонмæ режисеры æххуысы къух куы хæццæ кæнид. Афтæ куынæ уа, уæд актер нæ рæзы. «Хорз фæсивæд нæм ис, фæлæ сæм фæкæсæг нæй æмбæлон хъусдарды», – хъыг кодта зындгонд актрисæ. – Кæд махæн исты бантыст, уæддæр фæрцы», – загъта уый.

Дарддæр раныхас кодта Таугазты Дзерассæ. Уый дзырдта, ныртæккæ театрдзаутæ тынг арæх кæй нал цæуынц спектаклтæм. «Уый тынг хъыгаг у, фæлæ мах уæддæр архайæм цы нæ бон у, уымæй» – загъта Таугазты чызг.

Стыр зæрдæйы æнкъарæнтæ сæвзæрд адæммæ, Дзерассæ сæм цы фарст радта, уый фæдыл. Уый куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ бирæ дзырдæуы, цæмæй театры сценæйыл текст кастæуа хуссайраг ныхасыздæхтыл. «Куыд сценæмæкæсджытæ, афтæ мæ фæнды уæ хъуыды базонын ацы фарсты фæдыл. Куыд уæм кæсы, раст у, æви нæ?» – бахатыд уый æрæмбырдуæвджытæм.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны адæм лæуд сты цардарæзты фæндагыл, æмæ бирæты фæнды цардмæ цæхгæр ивддзинæдтæ бахæссын. Мах зонæм, зарæггæнджытæй дæр бирæтæ кæй пайда кæнынц хуссайраг «шы»-гæнаг ныхасыздæхтæй. Уый цас аив у, ууыл куынæ дзурæм, уæд алкæцы авторæн дæр ацы ран йæ бар йæхи у, фæлæ театры сцеæйыл цы цæуы, уый та адæм хъуамæ скъуыддзаг кæной иумæйагæй. Афтæмæй уал Дзерассæйы фарстæн лæвæрд æрцыд бæлвырд дзуапп: «Махæн нæй бар, цæмæй нæ театры сценæйæ хъуыса иу кæнæ иннæ ныхасыздæхт. Махæн ис Къостайы æвзаг, æмæ уый хъуамæ уа нæ ныхасы культурæйы бындур».

Ацы фарсты фæдыл адæмы хъуыды хорзыл банымадта æмбырд амонæг Тадтаты Юзæ дæр. Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ансамблы артисттæ Багаты Шота æмæ Æлборты Малхаз хъусджыты размæ рахастой сæ зарджыты чысыл программæ. Уыдон хайадистыл тынг бацин кодтой æрæмбырдуæвджытæ дæр æмæ æмбырд амонæг дæр. «Уæ зарджытæй нын нæ зæрдæ тынг балхæдтат, æмæ уын стыр бузныг», – дзырдта Тадтаты чызг. Юзæйы ныхæстæм гæсгæ Къостайы фондæн ис иу кæнæ иннæ авивадон архайæджы кандидатурæ хицауадмæ бавдисыны бар схорзæхджын æй кæныны сæраппонд. «Ис нæм ахæм фæнд, цæмæй уал нæ рекомендаци раттæм Æлборты Малхазы тыххæй», загъта уый.

Фембæлд рауад тынг цардæгас æмæ цымыдисон. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыд фысымы аудгæ ахаст æмæ зæрдæйы хъармы фæрцы. Куыд федтам, афтæмæй Къостайы æхсæнады хæдзарон офис уазджытæй цух нæ уыдзæн дарддæр дæр, уымæн æмæ ацы артдзæсты дуар аивад уарзджытæн кæддæриддæр у гом.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.