Не ‘хсӕн ис ахӕм адӕймӕгтӕ, сӕ цардвӕндаг хӕрзиуӕгон хъуыддæгтæй дзаг кӕмӕн у, ӕппӕт сӕ тых ӕмӕ зонындзинӕдтӕ ӕхсӕнад ӕмӕ сӕ иубӕстон адӕмӕн балӕггад кӕныны тыххӕй чи снывонд кæны, уыдонæн уырдыг чи фӕлӕууы. Хъусыс ахӕм адӕймӕгтӕм, ӕмӕ дӕ цины ӕнкъарӕнтӕ сисынц арвы ӕгӕрон тыгъдадмӕ дæ цӕстыты раз кинонывтау слӕууынц сӕ бакӕнгӕ хъуыддӕгтӕ. Уыцы адӕймӕгтӕм ноджыдӕр цы раппӕлинаг миниуджытӕ ис, уыдонӕй сӕ ахсджиагдӕр ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдӕртӕй сӕ иу у ахӕм: цы ӕвӕрццаг фарстатӕ ӕрӕвӕрынц сӕ разы, уыдон скъуыддзаг кӕныны тыххӕй ӕрбахонынц уӕрӕх дзыллӕты. Уӕд иумӕ ӕмдых ӕмӕ ӕмзондӕй фӕархайынц сӕ сӕххӕст кӕныныл.  Иугӕр уыцы раппӕлинаг хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг ахицӕн сты, уӕд сӕхи фенкъарынц афтӕ, цыма сыл ногӕй хуры зӕрин тынтӕ баузӕлыдысты, цард сӕм ногӕй бахудт. О, уӕд уыдон сӕхи фӕнымайынц амондджыныл, уымӕн ӕмӕ байтыдтой хӕрзиуӕг, уыцы хӕрзиуӕг та ӕрмӕст сӕхи тыххӕй нӕ байтауынц, фӕлӕ сӕ алыварс ӕмбӕстӕгты хæрзæбонæн дӕр.

Уӕвгӕ, ацы адӕймагуарзон ӕмӕ куыстуарзаг сылгоймаджы раппӕлинаг миниуджытӕ та мын ӕнӕзонгӕ не сты. Фӕлӕ уыцы бон Тадтаты Юзӕ нæ фембæлды рæстæджы ахӕм хъӕлӕсы уагӕй мысыд йӕ фæллойджын дардæй иуӕй-иу цаутӕ, ӕмӕ æз тынгдæр рахатыдтон иумиаг хъуыддагыл йе ‘нувыддзинад, ӕппӕт йӕ цард ӕмӕ фӕллойадон архайд кӕй у абоны бон дӕр ирон ӕхсӕнад ӕмӕ иумиаг цардӕвӕрдӕн хорздзинад байтауын, ирон культурӕ ӕмӕ аивады ӕнцой хъӕддыхӕй балӕууынимæ баст. Тадтон Цхинвалы районы администрацийы Культурӕйы хайады сӕргълӕууӕгӕй кусын куы райдыдта 1978 азы, уӕд ноджыдӕр фӕбӕрӕг сты йӕ организаторон миниуджытӕ. Уый кӕддӕриддӕр агуырдта цахӕмдӕр мадзӕлттӕ ӕмӕ амӕлттӕ, цӕмӕй районы культурӕйы куыст уыдаид ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл, цӕрджытӕ ӕдзухдӕр хайджын уыдаиккой сӕ культурон артдзӕстыты куысты фæстиуджытæй. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ культурон-рухсадон уагдӕтты архайдмӕ фылдӕр аздӕхта йе ‘ргом, сӕ сӕргълӕуджытӕн ӕмбарын кодта, цӕмӕй хъӕууон цӕрджытӕ хайджын уыдаиккой культурӕйы хӕрзиуджытӕй. Куыст афтӕ у, ӕмӕ хорз разамонӕгӕн йӕ дӕлбар кусджытӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕной сӕ хӕстӕ ӕмӕ сӕ уый алы хатт дӕр домдта ахæм куыст. Разамонӕг ӕдзухдӕр агурӕнты куы уа, уӕд дзы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн ис ӕнтыстмӕ дӕр.  Юзӕйы уӕгъд нӕ уагъта иу хъуыддаг. Уый та уыд ирон адӕмы сӕрхъызой, не стыр гени Хетӕгкаты Леуаны фырт Къостайы тыххӕй ӕхсӕнад саразын. Йӕ фӕндон бамбарын кодта Джусойты Нафийӕн ӕмӕ йын уый загъта, зӕгъгӕ, йыл архай, уый хорз хъуыддаг уыдзӕн. Ӕгӕрыстӕмӕй Тбилисмӕ дӕр ацыд ацы фарст сфидар кӕныны тыххӕй ӕмӕ йын уым загътой, зӕгъгӕ, йӕ сараз уӕхимӕ, культурӕйы хайады фæрцы, ӕмӕ афтӕ дӕр бакодта. Сфӕнд кодта Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы гениалон поэты цытӕн хӕдзар-музей саразын, хъуамӕ дзы уыдаид этнографион хъӕу, мӕсыг, куырой ӕмӕ ӕндӕртӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕ уыд уыцы хӕстӕ сӕххӕст кӕнын, фӕлӕ йӕм уӕд се ‘ххуысы къух фӕдаргъ кодтой АТК-йы хистӕртӕ Лалыты Мурат ӕмӕ Цоциты Таймураз, Цъунары хъӕуы фӕсивӕдӕй – Хацырты Нодар, Гуыззыдтаты Таймураз ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Семӕ Бӕгъиаты хъӕумӕ дыууӕ хатты къӕйдуртӕ ласынмӕ ацыд Юзӕ йӕхӕдӕг дӕр.

1982 азы октябры мӕйы Хетӕгкаты Къостайы райгуырды бӕрӕгбон уӕрӕ-хӕй банысан кодтой Къостайыхъӕуы, цыран хайад райстой областы ӕппӕт районты фӕллойгӕнджытӕ, стӕй уаз-джытӕ Цӕгат Ирыстонӕй дӕр. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Къостайы райгуырды бон Нары хъӕуы уӕрӕхӕй нысан кӕнын кӕй райдыдтой фӕстӕдӕр. Фӕлӕ та уый дӕр фаг нӕ фӕкаст Юзӕмӕ, хъуыды кодта Къостайы тыххӕй адӕмӕн ноджы цымыдисон мадзӕлттӕ бацӕттӕ кӕныныл. Йӕ хъуыдыйы ӕрцыд «Фатимӕ»-йы кинонывы артистты ӕрхонын ӕмӕ семӕ фембӕлд саразын. Уыцы фембӕлд дӕр рауад, уыдысты дзы Фатимӕйы роль ӕххӕстгӕнӕг Кокава Тамарӕ, стӕй иннӕ рольтӕ ӕххӕстгӕнджытӕй дӕр цалдӕр.

Ныртæккæ «Къостайы ӕхсӕнад» архайы, литературӕйы фыццаг къахдзӕфтӕ чи кӕны, сфӕлдыстадон куыстмӕ йӕ гӕрзтӕ чи рабаста, уыцы райдайгӕ автортӕн фӕндаг дӕттыныл. Уый сын ӕнтысгӕ дӕр кӕны, рухс уал федтой дыууӕ ӕмбырдгонды – «Зарӕг ныллӕг хъӕлӕсӕй» ӕмӕ «Хӕдзаргӕ дуг». Дыууӕйӕн дӕр уыд презентацитӕ ӕмӕ сын чиныгкæсӕг скодта хорз аргъ. Ӕхсӕнад ныр та йӕхи цӕттӕ кӕны Къостайы райгуырды 160 азы юбилеймӕ, хъуамӕ ӕвзонг автортӕн мыхуыры рауадзой дыууӕ чиныджы: сӕ иу уыдзӕн ӕмдзӕвгӕты, иннӕ та прозӕ ӕмӕ пьесӕты ӕмбырдгонд. Кусынц сӕхи рауагъдад бацӕттӕ кӕныныл, стӕй уадздзысты сӕхи газет дӕр. «Къостайы ӕхсӕнад»-ы активон хайад исынц правленийы уӕнгтӕ Джиоты Валери, Таугазты Дзерассӕ, Наниты Асиат, Къӕбулты Зоя. Иудзырдӕй, бирӕ хорз фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ис Къостайы ӕхсӕнады, æвæлмæцгæ разамонæгмæ йе ‘мзонд адæмимæ кӕд цух ӕййафынц ӕхцайы фӕрӕзтӕй, уӕддӕр лӕуд сты арфӕйаг хъуыддагыл ӕмӕ йыл фӕрнӕй цӕуӕд!

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.