Ирон адæмы сæрхъызой Хетæгкаты Къостайы юбилейон райгуырæн боны цытæн нæ республикæйы ахуырадон уагдæтты бирæ мадзæлттæ уагъд æрцыд æмæ нырма дæр цæуы.

17-æм октябры ирон генийы цытæн цымыдисон мадзал уагъд æрцыд нæ горæты скъола-интернаты. Мадзал бацæттæ кодтой ацы скъолайы 9-æм къласы хъомылгæнджытæ Бибылты Фатимæ æмæ Санахъоты Майя сæ хъомылгæнинæгтимæ. Йæ ауадзынæн сын баххуыс кодта ахуырадон уагдоны драмон къорды къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт.

Скъола-интернаты актон залы иуæрдыгæй æвæрд уыд Къостайы стыр портрет, иннæрдыгæй та – сæрмагонд къуым, цыран конд уыдысты Къостайы тыххæй стыр адæймæгты загъдгонд цитататæ, афтæ ма ахуырдзауты нывтæ.

Мадзал байгом æрцыд Къостайы царды тыххæй сценкæйæ. Рагон ирон хæдзары æртæкъахыг фынг, рæхысыл ауыгъд къонайы фарсмæ бадынц зæронд лæг æмæ ус (ахуырдзаутæ Хъæцлæуты Гæмæт æмæ Плиты Жаннæ). Лæг нартхор згъалы, ус та пирæнæй пиры къуымбил.  Лæг дзуры: Уый раджы уыд… Нары комы… Хетæгкаты Леуаны хæдзары райгуырд фидæны номдзыд поэт. Цины хабар айхъуыст æппæт Хетæгкаты мыггагыл. Куыд нæ цин кодтаид Леуан, йæ хæдзары бындар фæзынд! Фæлæ… сæ цин бирæ нæ ахаста… Ноггуырд йæ мады хъæбысы хъармæй нæ бафсæст, афтæ сидзæрæй аззад. Сценæйыл фæзынд скъоладзау Гуыбианы ролы, йæ къухы – саби (кукла). Мад катайгæнгæ дзуры: «Сидзæр мæгуыр у». Кæй хъæуы? Чи йæ рæвдаудзæн? Нæ, нæ, æнæ мæн ын фæцæрæн нæй! Куы ахицæн уон а-дунейæ, уæд-иу мын мæ сидзæры дæр ны-вæрут мæ чырыны мæ фарсмæ! Уæддæр нæ фæцæрдзæн!.. Сценæмæ рахызт Чендзе æмæ йæм Гуыбиан сывæллон дæтты. Чендзе: Уый та куыд?! Цардæгас сабийы куыд нывæрон чырыны? Бакæсут ма йæм, йæ сау цæстытæй мæм афтæ дзуры: «Мæн цæрын фæнды. Нæ, нæ, уыйбæрц хъару мæм разындзæн æмæ йæ схъомыл кæндзынæн».  Зæронд лæг дзуры: Цыдысты азтæ. Къоста рæзт. Нары хъæуы арвыста йæ сабибонтæ. Уым акодта йæ фыццаг къахдзæфтæ. Ам йæхи цæстæй федта мæгуыр æмæ æфхæрд хæххон адæмы уæззау цард æмæ сæ йæ амæлæты бонмæ дæр нæ ферох кодта.

 «Къоста! Ирон адæмы уарзондæр хъæбул, йæ намыс, йæ цæсгом, Иры цырагъдар, æфхæрд дзыллæты сæрхъызой, сидзæрты рæвдауæг, адæмты хæлардзинады зарæггæнæг. Нæ, ахæм стыр лæджы аккаг дзырдтæ æнцон ссарæн не сты. Къостайы ном алы адæймагæн дæр у тырысайау. Уый нæ хоны ахуырады бæрзæндтæм, рæсугъд фидæнмæ, хæлардзинад æмæ уарзондзинады уæлтæмæнмæ. Йæ æнæмæлгæ «Ирон фæндыр» та нын у цырагъдар. Мæнæ та нæ абон æрбамбырд кодта Нарон, Ирыстоны уарзон хъæбул Къоста, йæ номыл арæзт цытджын бæрæгбонмæ», – дзырдтой мадзаламонджытæ Дзанайты Олег æмæ  Гæбæраты Эдуард.

Къостамæ уарзондзинадæй райгуырд рæсугъд æгъдау: æппæтадæмон бæрæгбон поэты кадæн. Бæрæгбон фурды донау, æнхъæвзы Пятигорск, Стъарапол, Украи-нæйаг сахар Херсонмæ, Мæскуымæ, Петербургмæ æмæ æндæр рæттæм. Ирон адæмæн Къостайы рухс номимæ баст бынæттæ сты кувæндонау: Къостайы номыл сты ЦИПУ, Культурæ æмæ фæлладуадзæн парк, Къостайы номыл Дзæуджыхъæуы проспект æмæ музей, Къостайы номыл Советон Цæдисы дыууæ хатты уагъд æрцыдысты посты маркæтæ (1960 æмæ 1989 азты), Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр, Петербурджы кæм ахуыр кодта, уыцы нывгæнæн академийы къулыл йæ номыл конд ис мысæн фæйнæг, 1999 азы Уæрæсейы Централон банг Къостайы 140 азы гуырæн боны цытæн рауагъта дыууæ сомы æвзист монетæ.  Йæ номыл уынгтæ ис Дзæуджыхъæуы, Тбилисы, Херсоны, Пятигорскы, Уфайы, Цхинвалы æмæ æндæр рæтты. Йæ номыл мемориалон фæйнæг ис Стъараполы, Къостайы хъæу ис Хъæрæсейы, йæ номыл цыртытæ æвæрæд æрцыдысты æмæ ныр дæр æвæрд цæуынц бирæ горæтты.

 Ахуыргæнинæгтæ Дзабиты Руслан, Дзу-къаты Алан, Бететы Сæрмæт, Плиты Жаннæ, Хъæцлæуты Гæмæт, Касаты Кетино, Туаты Миленæ, Гасситы Ирбег, Дзабиты Руслан, Имаралиев Имарали, Æрсойты Сослан, Гæбæраты Эдуард, Дзанайты Олег æмæ æндæртæ аив бакастысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ. Æгæрыстæмæй дагъыстайнаг лæппу Имарали дæр тынг аив бакаст Къостайы æмдзæвгæтæ. Зарджытæ азарыд Плиты Жаннæ, «Хонгæ кафт» сæххæст кодтой Касаты Кетино æмæ Дзанайты Олег. Уагъд æрцыд викторинæ дæр Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Фарстытæн сывæл-лæттæ дзуаппытæ лæвæрдтой. Мадзаламонæг: 1939 азы Советон Цæдисы адæмтæ бæрæгбон кодтой Къостайыл 80 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд. Юбилейы рæс-тæджы стыр уырыссаг фыссæг Александр Фадеев Къостайы тыххæй загъта: «Хетæгкаты Къоста у ирон адæмы Леонардо да Винчи.  Цахæм æнахуыр уарзтæй хъуамæ уарзай дæ радтæг адæмы, цæмæй рагон Ирыстоны уавæрты уыцы иурæстæджы уай поэт, прозаик, драматург, театралон архайæг, нывгæнæг, публицист, æхсæнадон архайæг. Ирон адæм сæрыстыр хъуамæ уой, Хетæгкаты Къостайы хуызæн фырт сын кæй уыд, уый тыххæй».

Экраныл æвдыст цыдысты Къостайы къамтæ, йæ конд нывтæ, йе ‘мдзæвгæты рæн-хъытæ, Къостайы хæлæртты къамтæ. Аивадуарзджыты арф хъуыдыйы æфтауы Къостайы конд автопортрет. Тымбыл сау фæлгæтæй нæм кæсынц Къостайы æнкъард цæстытæ, кæцыты ирдæй зыны йæ зондджын æмæ дардмæуынаг цæстæнгас. Афтæ зыны, цыма нын уый зæгъынмæ хъавы йæ цавæрдæр сусæг ныхас, æууæнды ныл, фæлæ нæм нæ хъуысы йæ зæрдæйы мидхъарæг. Мадзаламонджытæ æрдзырдтой Къостайы конд нывты тыххæй дæр. «1901 азы Къоста тынг фæрынчын. Уыцы аз фæз-зæджы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ уат нал систа. Йæ цардæй ахицæн 1906 азы 1-æм апрелы.

Мах нæ зæрдыл кæддæриддæр хъуамæ дарæм Къостайы фæдзæхст: «Адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!», – дзырдтой мадзаламонджытæ. Кæронбæттæны раныхас кодта скъола-интернаты директор Тедеты Ро-ланд. Уый сывæллæттæн радзырдта Къостайы цардæй цымыдисон хабæрттæ.

Мадзал рауад тынг цымыдисон, ирдæй зынд, ахуыргæнджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ хорз кæй бакуыстой, уый.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.