Æнусон у Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Æнусон æмæ æнæмæлгæ у йе сфæлдыстад. Уый æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ ирон адæмы. Ахæм адæймаджы та йæ раттæг адæм фæхонынц гени æмæ уарзон хъæбул.

Ирон адæмæй фыццаг хатт цырты аккаг чи ссис, уыдонæй иу у Къоста. Уымæн 15-æм октябры йæ райгуырæн бон кæй у, уый цытæн æгас Ирыстоны, Хуссар æмæ Цæгаты дæр, арынц йе стыр ном.  13-æм октябры Цхинвалы дæр Къостайы цырты раз банысан кодтой Хетæджы фырты райгуырдыл 158 азы сæххæсты бон. Мадзал бацæттæ кодта нæ горæты администрацийы фæсивæды хъуыддæгтæ спорт æмæ культурæйы управлени. Къостайы цырты размæ æрбацыдысты нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, горæты цæрджытæ. Мадзаламонæг – 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Козаты Галинæ æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта ирон адæмы стыр бæрæгбоны цытæн æмæ ныхасы бар радта нæ республикæйы Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитонæн. Уый, фыццаджыдæр, æрдзырдта Хетæгкаты Къостайы куырыхон æмæ гениалондзинадыл. «Къоста махæн нæ иууыл уарзондæр, кадджындæр æмæ гениалондæр хъæбул у. Тынг хорз æй хъуыды кæнын, Къостайæн-иу йæ райгуырæн бон ацы ран куыд цытджынæй нысан кодтам, уый. Абон чысыл нæ адæмæй рохуаты аззайы Къоста. Къостайы хуызæн адæймæгтæ æнцон радтæн куы уаиккой, уæд дзы иннæ нацитæм дæр уаид. Махмæ тæхуды кæнынц Къоста нын кæй ис, уый тыххæй. «Ирон фæндыр» нын кæй ис, уымæ. Къостайы зонынц Кавказы æндæр æмæ æндæр адæмтæ. Махæн нæ сæрыл куыд тох кодта, афтæ тох кодта уыцы адæмты бартыл, æфхæрд адæмы барты сæрыл дæр æмæ йын стыр кад уый тыххæй кæнынц. Къостайы хуызæттæ кæмæн ис, уыдон хъуамæ сæрыстыр æмæ сæрбæрзонд уой. Къостайы фарн егъау у æмæ дзы нæ адæм фæрнджын цы уой, уый амонд нæ уæд. Къоста ирон æвзаг афтæ ныззæлланг кæнын кодта æмæ йæ, æгæрæстæмæй, чи нæ зоны, уыдон дæр æм хъусынтыл фæвæййынц. Къоста цы ‘взагыл фыста, уыцы ‘взаг мах хъуамæ ма бауадзæм мæлын æмæ йæ уый цы бæрзæндыл æвæрдта, уыцы æмвæзадыл æй мах дæр хъæуы хæссын», – загъта Хъазиты Мелитон.

Къостайы ном хæссынц бирæ уагдæттæ, уыдон æмрæнхъ нæ театр, скъолатæ, уынгтæ, парктæ æмæ афтæ дарддæр. Ирон фысджытæй, æвæццæгæн, иу дæр ахæм нæ разындзæнис, Къостайы номыл аивадон уацмыс чи нæ ныффыста. Къостайыл ис адæмон зарджытæ конд дæр. Зынгæ композитортæ сфæлдыстой уацмыстæ. Мадзалы Къостайыл фыст æмдзæвгæтæ аив кастысты ахуыргæнинæгтæ æмæ ма сæххæст кодтой цалдæр ирон кафты дæр.

Цытджын мадзалы Къостайы тыххæй раныхас кодта РХИ-йы Парламенты депутат, фыссæг Гæбæраты Юри. Уый йæ арфæйы ныхасы фæстæ банысан кодта, Къоста стыр адæймаг кæй уыдис. Къоста кæй у фарн, Къоста кæй у тырыса, Къоста кæй у хур.

Къостайы бæрæгбонон мадзал адарддæр кодтой скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ йын йæ кæрон та балхынцъ кодтой нæртон рæсугъд симды кафтæй.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.