Ирон гени Хетæгкаты Къостайы юбилейон райгуырæн боны сæраппонд нæ республикæй уагдæтты уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Рæзгæ фæлтæр уæлæмхас зонындзинæдтæ кæм исынц, уыдонæй иу у нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæ. Ацы уагдоны кусджытæ сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй нæ ахизынц иу нысаниуæгджын боны фæрсты дæр æмæ сæ банысан кæнынц цытджын æгъдауæй. Ныр дæр Къостайы райгуырæн боны цытæн бацæттæ кодтой сæрмагонд къуым, кæцыйы нысан у Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын; Райгуырæн бæстæ уарзын, адæмыл аудын, царды æппæт фæзилæнты дæр уæздан уæвын сты алы адæймаджы царды сæйраг хæстæ; Къостайы тыххæй ирон фысджытæ цы уацмыстæ ныффыстой, уыдонимæ ахуырдзауты зонгæ кæнын; Ахуыргæнинæгты зæрдæты ирон аив дзырдмæ, ирон аивадмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын.

Ацы бонты Æвзæнгты библиотекæмæ æрбахуыдтой нæ горæты астæуккаг скъолаты ахуырдзауты иу къорды, уагдоны активондæр чиныгкæсджыты. 

«Къоста! Ирон адæмы уарзондæр хъæбул, йæ намыс, йæ цæсгом, Иры цырагъдар, æфхæрд дзыллæты сæрхъызой, сидзæрты рæвдауæг, адæмты хæлардзинады зарæггæнæг. Нæ, ахæм стыр лæджы аккаг дзырдтæ æнцон ссарæн не сты. Къостайы ном алы адæймагæн дæр у тырысайау. Уый нæ хоны ахуырады бæрзæндтæм, рæсугъд фидæнмæ, хæлардзинад æмæ уарзондзинады уæлтæмæнмæ. Йæ æнæмæлгæ «Ирон фæндыр» та нын у цырагъдар. Къостамæ уарзондзинадæй райгуырд рæсугъд æгъдау: æппæтадæмон бæрæгбон поэты кадæн. Бæрæгбон фурды донау æнхъæвзы суанг Пятигорскмæ, Стъавраполмæ, Украинæмæ, Мæскуымæ, Петербургмæ æмæ бирæ æндæр рæттæм. Йæ номыл уынгтæ ис Дзæуджыхъæуы, Тбилисы, Херсоны, Пятигорскы, Уфайы æмæ бирæ æндæр горæтты», – дзырдтой ахуырдзаутæ.

Библиотекæйы кусджытæ уæлдай тынгдæр скъоладзауты хъусдард аздæхтой Къостайы «Особа»-мæ. Уыдон загътой, зæгъгæ, æрвылаз дæр дыууæ Ирыстоны банысан кæнынц Къостайы райгуырæн бон æмæ фылдæр фæдзурынц йе ‘мдзæвгæтыл. Кæд Къостайы æмдзæвгæтæ зонынц рæзгæ фæлтæрæй хистæр кары онг, уæддæр алчи зонгæ нæу ацы диссаджы этнографион очеркимæ æмæ йæ зонын та æнæмæнгхъæуæг у. Ирыстоны истори, культурæ, Къостайы сфæлдыстад зонын дæ куы фæнда, уæд хъуамæ зонгæ у ай ацы очеркимæ. Къоста йæ очеркы дзуры Нары комыл, фæлæ дзы алчидæр фендзæн йæхи комы цард. «Особа»-йы тынг бирæ æрмæг ис, тынг вазыгджын темæ у. Къоста йæ хуымæтæджы нæ ныффыста мыййаг, алцыдæр дзы ис,цæй тыххæй дзы нæй бафæрсæн, уæдæ мыгæггты, уæлæдарæсы, хæрды, хосгæрдæнтыл, кæфтытыл, зарджытыл, аргъæуттыл, бинонты æмæ æхсæнадон цардыл, туджджынты бафидауын кæныны тыххæй, культурæ, тохы хабæрттæ, æгъдæуттæ æмæ бирæ æндæртыл. Ирон удыхъæд дзы равдыста. Нæ кæстæртæ  ма хъуамæ рох кæной ирон æгъдæуттæ. Ирон уæвгæйæ «Особа» чи нæ бакæса, уый ирон адæймаг нæу. Особа»-йыл тынг бирæ дзурæн ис, уымæн æмæ дзы ис хъæздыг æрмæг», – дзырдтой ахуырдзаутæн библиотекæйы кусджытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ сæрмагонд къуымы стъолыл æвæрд кæй æрцыдысты Къостайы чингуытæ, афтæ ма ирон генийы тыххæй зынгæ уырыссаг фысджытæ В.Михалков, М.Шолохов, Н.Грибачев, М.Горький, А. Фадеев, Н.Тихонов, А.Ахматова æмæ æндæрты цитатæтæ.

Къостайы номыл мадзал ахуырдзаутæ фесты ирон адæмы иннæ стъалы Абайты Васойы ныхæстæй: «Англисæгтæ дзурынц: махæн ис Шекспир, немыцæгтæ фæзæгъынц: махæн ис Гете, уырыссæгтæ зæгъынц: махæн ис Пушкин, æмæ мах, ирæттæ та зæгъæм: махæн та ис  Къоста! Стыр уырыссаг фыссæг Фадеев Къостайы схуыдта «ирон адæмы Леонардо да Винчи» æмæ загъта: «Ирон адæм сæрыстыр хъуамæ уой, Хетæгкаты Къостайы хуызæн фыссæг сын кæй уыд, уый тыххæй».

Библиотекæйы кусджытæ этнографион очекр «Особа»-имæ сывæллæтты базонгæ кодтой ирон æвзагмæ тæлмацæй. Ахуырдзаутæ сæхæдæг дæр скъуыддзæгтæ бакастысты ацы этнографион очеркæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.