Бæрæг куыд у, афтæмæй Ленингоры районы, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл сарæзтæуыд таможнæйон пункт «Раздæхæн». Ацы пункты таможнæйы кусджытимæ иумæ лæууынц РХИ-йы ветеринарон æмæ фитосанитарон  хъусдарды кусджытæ.

Таможнæйон посты баконд æнæмæнгхъæуæг уыд, Хуссар Ирыстоны территоримæ цы товартæ ласт цæуынц, уыдоныл æмбæлон таможнæйон æмæ ветеринарон-фитосанитарон æгъдауæй контроль кæныны тыххæй. Ацы посты фæрцы æрæхгæдæуыд, Гуырдзыстонæй контрабандæйы хуызы цы товартæ ласт цыдысты, уыдон. Ацы посты контроль æмæ регистраци цæуынц товартæ.

Посты уылты цы æмбæстæгтæ рахизынц, уыдонæн сæ бон у сæхи сæрмагонд пайдайæн семæ рахæссой  50 килограммы бæрц уæзтæ, уымæй  фылдæр цы уæзтæ ластæуы, уымæн фыст цæуы паддзахадон фиддон, уый паддзахадон бюджетæн у уæлæмхас æфтиаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый  фæахъаз уыдзæн паддзахады экономикæйы рæзтæн дæр.  Паддзахадон фиддон бафидыны фæстæ æмбæстагæн лæвæрд цæуы таможнæйон деклараци, кæ-цы æвдисæн у бæрæг товар таможнæйон контролы кæй рацыд, уымæн.

Ис ахæм товартæ, кæцытæн нæй арæны сæрты рахæссыны бар, зæгъæм, арæны сæрты раласæн нæй дзидза-æхсыры продукттæн æмæ хъæууонхæдзарадон цæрæгойтæн, Хуссар Ирыстоны территоримæ алыгъуызон инфекцион низты профилактикæйы нысанæн. Хуссар Ирыстоны территорийæ та аласæн нæй хъæдæрмæг, згъæры хомыс, æртаг-сæрдæн æрмæджытæ æмæ а.д.

Таможнæйон посты бакондæй фæстæмæ фыццаг хатт арæны сæрты, Гуырдзыстонæй Хуссар Ирыстоны территоримæ æрбаласынмæ хъавыдысты 120 литры сæн. Уæвæг фæткмæ гæсгæ та  æрбаласæн ис æрмæстдæр 3 литры хисæрмагонд хардзæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.