Ног азы æрбалæуды агъоммæй нæ республикæйы районты дæр сæхи бацæттæ кæнынц, цæмæй хъæлдзæгæй сæмбæлой бæрæгбоныл. Райцентрты сæвæрынц æмæ сфæлындзынц Ног азы сæйраг атрибут- назбæлас. Æрмæст назбæлас сфæлындзын фаг нæ фæкæсы фæсивæдмæ, фæлæ ма йын йæ алыварс дæр срæсугъд кæнынц алыгъуызон хъазæнтæй, рæсугъдгæнæнтæй.

Дзауы райцентры сæйраг назбæласæй дарддæр ма хицæн хъæуты дæр цæрджытæ сæхи тыхтæй æмæ фæрæзтæй сæвæрынц æмæ сфæлындзынц ногазон назбæлæстæ. Уыцы хъуыддаг администраци йæ зæрдыл бадардта æмæ ацы аз расидтысты конкурс районы хуыздæр назбæлас сбæрæг кæныны тыххæй. Конкурсы фæдыл Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей культурæйы хайады гæс Цхуырбаты Галинæимæ куы аныхас кодтой, уæд аскъуыддзаг кодтой, цæмæй, конкурсы расидгæйæ, сбæрæг кæной æртæ хуыздæр ногазон назбæласы æмæ сæ чи сæвæрдтой, уыдонæн лæвæрд æрцæуой æхцайы премитæ. Джиоты Андрейы инициативæйæ ногазон конкурсы тыххæй рахицæнгонд æрцыдис 18 мин сомы бæрц æмæ сæ жюрийы тæрхонмæ гæсгæ фæуæлахизуæвджытæн ратдзысты зæронд ног азмæ. Конкурсы сæ бон у æмæ хайад райсой районы æппæт хъæутæ дæр. Хуыздæр ногазон назбæлас куыд æмæ цæмæ гæсгæ бæрæг кæндзысты жюрийы уæнгтæ, уый тыххæй нын радзырдта районы администрацийы культурæйы хайады гæс Цхуырбаты Галинæ. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм конкурс районы уагъд цæуы фыццаг хатт, æнæуый та алы хатт дæр Ног азмæ бацæттæ кæнынц бæрæгбонон мадзæлттæ æмæ кæй сфæлындзынц тынг рæсугъд назбæлас. «Ацы аз нæ бафæндыд, цæмæй нæ районы цæрджытæн ауадзæм конкурс хуыздæр назбæлас сфæлындзыны тыххæй. Ацы хъуыддагæн ис хорз миниуджытæ, адæм иумæйагæй хъæлдзæгæй куы фæархайынц, уæд сæ уый æрбангом кæны. Бирæ нал баззад Ног азы бæрæгбонмæ æмæ мæ фæнды нæ районы цæрджытæн раарфæ кæнын, цæмæй ног азы цæмæ бæллынц, уыдон сын сæххæст уой æмæ нын иумæйагæй æрхæсса æнæниздзинад æмæ фæрныгад. Конкурсы хайадисджытыл мах азилдзыстæм Ног азы хæдразмæ, цæмæй сæ нæхи цæстæй фенæм æмæ сын саргъ кæнæм. Жюрийы уæнгтæ назбæлæстæн канд сæ рæсугъддзинадæн нæ аргъ кæндзысты, мах ма æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй нæ бахъæлдзæг кæной, цымыдисон чи уой, ахæм мадзæлттæй дæр. Чизоны ныл бирæтæ сæмбæлой, нæ рагфыдæлтæ Ног азы бæрæгбоныл куыд æмбæлдысты, уыцы традицитимæ æмæ æгъдæуттæм гæсгæ, ома, сæ назбæлас барæсугъд кæной националон колоритимæ. Иу ныхасæй, хъæлдзæг æмæ цымыдисон хъуамæ уой конкурсы хайадисджытæн сæ идеятæ, уыдон сты нæ домæнтæ. Афтæ ма аргъ кæндзыстæм, хуыздæр бæрæгбонон арфæтæ чи ракæна, уыдонæн дæр. Конкурсæн фæстиуджытæ сараздзыстæм зæронд ног азы нæ администрацийы бæстыхайы æмæ уæд хорзæхджын æрцæудзысты фæуæлахизуæвджытæ», – загъта Цхуырбаты Галинæ. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй фыццаг бынат чи бацахса, уыдонæн радтдзысты дæс мин сомы бæрц, дыккаг бацахсæгæн – фондз мин сомы æмæ æртыккаг бынатæн та – æртæ мин сомы.

Ныридæгæн Дзауы райцентры æрæвнæлдтой сæйраг назбæлас æмæ централон уынг сфæлын-дзынмæ æмæ рæхджы йæ цæрджытæ цин кæн-дзысты тæмæнтæкалгæ назбæласыл. 

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.