Уæлахизы 71 азы боны цытæн раздæры Профцæдисты бæстыхайы æмбырдгæнæн залы ауагъд æрцыдис бæрæгбонон концерт. Концертмæ фæхуыдтой æмæ дзы хайад райстой куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ, афтæ ма нæ горæты цæрджытæ дæр.

Сценæйы æмбæрзæн нæма байгом, афтæмæй ахуыссын кодтой рухсытæ æмæ райхъуыст нæ раздæры иумæйаг тыхджын æмæ хъомысджын бæстæйыл хæстон зарæг. Хæстон зарæг ма инсценировкæимæ хорз сæххæст кодтой нæ теарты артисттæ Джиоты Сослан, Козаты Роман, Мамиты Григори, Хуыгаты Дзамбулат æмæ Уанеты Эдик.

Сценæмæ рахызт æмæ цалдæр хæстон зарæджы сæххæст кодта Саппиаты Зæлинæ. Банысан кæнын æмбæлы уый дæр, æмæ концерт æнтыстджынæй бирæбæрцæй кæй ацыд Зæлинæйы фæрцы. Уымæн æмæ Зæлинæйæн æцæгæй дæр уыд бæрæгбонон зæрдæйыуаг. Концертæн разамынад кодта йæхæдæг æмæ йæ уыцы изæр сценæйыл аразын хорзæй цы фæндыд, уыдон æнтыстджынæй æфтыдысты йæ къухты. Уый æнæрахатгæ нæ уыдысты сценæмæкæсджытæ æмæ йын йæ алы фæзынды рæстæджы дæр кодтой зæрдæхæлар къухæмдзæгъд.

Концерты хайад райста Уæрæсейы æфсæддон хайы службæгæнæг Ананьев Дмитри. Уый йæ фондзаздзыд фыртимæ фæндырыл цæгъдгæйæ сæххæст кодта цалдæр зарæджы.

Бæрæгбонон концерты хайад райстой æмæ сæ зарджытæ хорз сæххæст кодтой цхинвайлаг зарæггæнджытæ Гогинова Кристинæ, Гуыцмæзты Георги, Гатыгкоты Нинæ æмæ Козаты Роман. Уыдонæн сæ алы зарæг дæр æнцонæй фæндаг ардта концертмæкæсджыты зæрдæтæм.

Йæ зарджыты размæ Тасойты Игорь раарфæ кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уæд нæ хæстонтæ ныппырх æмæ ныддæрæн кодтой фашизмы. Абон мах хæс та у, цæмæй сын сæ кады ном хæссæм бæрзонд æмæ сæххæст кодта цалдæр хæстон зарæджы. Уыимæ ма Игорь банысан кодта, зæгъгæ, æппынæдзух зарджытæ æххæст кæнын дæр нæу бынтон раст, уымæн æмæ нæ хъæбатыр хæстонтæ тох кодтой сæрибардзинад æмæ амондджын царды сæраппонд æмæ залы айзæлыдысты лирикон зарджытæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.