«Сылгоймаг – цардаразæг, сылгоймаг – цардхалæг», – фæзæгъы æмбисонд æмæ алы бинонтæ дæр фæбæллынц, цæмæй сæм цардаразæг сылгоймаг æрхауа – уый амондджындзинадыл дзурæг у. Уæдæ ма цы хъуамæ уа уымæй амондджындæр, искæй уæзæгмæ æрцæуæг сылгоймагæн куы бантыса йæхицæн дæр æмæ йæ бинонтæн дæр стыр кад скæнын!

Æгъдауджын, æфсæрмдзæстыг, хиуылхæцгæ, лæггадхъом, бинонты æнгомгæнæг – ацы æмæ ма бирæ хорз ныхæстæ фæзæгъынц залдайаг Гæбæраты мыггаг сæ чындз Хæныкъаты Дусяйæ. Дуся æмæ Юрик сæ цард куы баиу кодтой, уæдæй рацыд 53 азы, фæлæ æрдæг æнусы фæстæ дæр Дуся йæ мойы мыггаджы ‘хсæн у кадджын сылгоймагыл нымад. Уал азы дæргъы йе ‘фсæрмаккаг мыггаджы раз иу хатт уæддæр куыннæ фæрæдыдаид, фæлæ йæ афтæ арф айстой сæ зæрдæтæм, афтæ йæ бауарзтой, æмæ йын йе схуыст ныхас дæр рæгъмæ никуы æрхастой.

Хæххон бынæтты цард зынвадат у, Залдайы дæр – афтæ. Æгæрыстæмæй йæм нæ уыд машинæвæндаг дæр æмæ-иу Дуся йе ‘мкъаимæ араст сты 7 километры дæрддзæгæн къахæй, æрцыдысты-иу горæтмæ æмæ-иу æргъомбастæй бахастой сæ бирæ бинонтæн мæйы фаг продукттæ. «Æндæр гæнæн нæ уыд, хъæуы нæ уыд дуканитæ æмæ нæ æлхæнын та бирæ цыдæртæ хъуыд. Бабастам-иу нæ хызынтæ æмæ-иу сæ нæ уæхсчытыл хастам. Хатт-иу нæ мæйы дæргъы дыууæ, æртæ хатты дæр бахъуыд рацæуын», – радзырдта нын Хæныкъон.

Дуся йæ хъæубæсты ‘рдыгæй кад æмæ уарзондзинад цы хæрзиуджыты фæстиуæгæн ссардта, уыдоныл тынг бирæ ис дзурæн. «Нæ хъæуы бирæ сывæллæттæ уыд, æрæмбырд-иу стæм сæ кæрты æмæ-иу уым хъазыдыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæхъыгдаргæ дæр сæ нæ уыдаиккам, фæлæ никуы уыд æмæ нæм бинонтæй исчи гуымир ныхас скодта, нæ чындз та кæддæриддæр уыд не ‘вварс æмæ нæ схойын никуы никæмæн бауагъта. Мах æм не ‘ппæт дæр дардтам мады ахаст. Афтæ нæ хъомыл кодта йæхи хъæбултимæ æмæ нæ никуы рахицæн кодта уыдонæй», – загътой, ныртæккæ астæуккаг кары чи сты, уыцы залдайаг фæсивæд.

Хæныкъон Рукъгомы Згъуыбиры хъæуæй æрцыд Залдамæ бирæ бинонты ‘хсæнмæ, йæ цардæмбалæн уыд æртæ хойы æмæ дыууæ æфсымæры. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй сæ чындзмæ чындзы цæстæй никуы ракастысты. «Афтæ мæм каст, цыма, уый дæр у нæ мады зæнæг. Йæ фæлмæн рæвдаугæ ныхас, æнæхъола ахаст бинонтæй алкæмæ дæр æвзæрын кодта хъарм æнкъарæнтæ. Ныр мæныл цæуы 90 азæй фылдæр, фæлæ мæ зæрдыл иу хъуыддаг дæр не ‘рлæудзæн, æмæ чындз искæимæ фæхъæлæба ис, науæд мæхиимæ дæр», – зæгъы Хæныкъоны тыххæй йæ ходыгъд Шура.

Юрик æмæ Хæныкъон сæ къæбæр сæ къухы хæссынц, зæгъгæ, фæзæгъынц сæ хъæубæстæ. Фæлæ уæлдай ирддæрæй та сæ зæрдыл баззад ахæм цау. «Уыд 1990 азты карз дуг. Хеиты хъæуы ирон цæрджыты æмæхсæвы, зæронд ног азмæ хæстæг, расырдтой гуырдзиаг æрбацæуæггаг неформалтæ. Уыдон, сæхи фыдбылызæй хизгæйæ, схызтысты Тлиахъанайы рæгътыл æмæ сæ фæндаг ракодтой Залдайы хохыл Дзауы ‘рдæм. Мах сын сæ хъæлæба куы фехъуыстам, уæд сæм нæхи æрбаввахс кодтам æмæ сæ æрбакодтам хъæумæ. Уыдысты 22 нæлгоймаджы. Æнхъæлдтой, зæгъгæ, нæ уыйæппæтæй чи хъуамæ бауадза йæ хæдзармæ. «Исчи нæ йе скъæты мæнгагъуысты уæддæр куы бауадзид æрæхсæвиуат кæнын», – æрбайхъуыстис мæм сæ ныхас, æмæ мæ зæрдæ йæхи къултыл бахоста, – ау, адæм не стæм, уый та куыд æмæ нæ кæрæдзийы ныфс ма уа! – загътон мæхицæн æмæ се ‘ппæты дæр ракодтон мæхи хæдзармæ. Ме ‘мкъай, уавæр бамбаргæйæ, уайтагъд йæ уæларынг балæууыд, æз та, ногазмæ цы хуы аргæвстам бон раздæр, уый бавæрдтон уæларт. Уазджытæ бæргæ стыхстысты, фæлæ сæ ме ‘мкъай сдзурын дæр нæ бауагъта. Кæд æнафон уыд, уæддæр сын скодта торнейы дзултæ æмæ уæливыхтæ дæр.  Дыууæ хатæны пецты бакодтам арт æмæ сæ дарæс басур кодтой, бахсæвæр кодтой. Цыппары дзы акодта нæ хъæуккаг лæг, иннæтæ бахсæвиуат кодтой махмæ», – ацы цау радзырдтой Юрик æмæ йе ‘мхъæуккаг, ныртæккæ дзæнæттаг Гæбæраты Бори.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алы сылгоймаг нæ фæцарæхстаид, уыйæппæт æнæхуынд уазджыты йæ къæсæргæрон фенгæйæ, лæггад бакæнынмæ.

Юрик æмæ Хæныкъон схъомыл кодтой æхсæз хъæбулы – фондз лæппуйы æмæ иу чызг. Се ‘ппæты дæр слæууын кодтой сæ цардвæндæгтыл, ис сын бинонтæ, цæрынц Цхинвалы æмæ лæггад кæнынц сæ уарзон Ирыстонæн.

Æрæджы æмкъæйттæ систы хъæбулы хъæбулы хъæбулты хицау æмæ ныртæккæ сты 22 кæстæры кадджын хистæртæ. Сты сын зондамонæг, æгъдаугæнæг æмæ сæ фæрнджын ныхасæй æнгомгæнæг.

Абон Сылгоймаджы рæсугъд бæрæгбон – 8-марты бонмæ ацы кæстæртæ се ‘ппæт дæр арфæ кæнынц сæ иумæйаг МАД-æн, сæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, фæнды сæ, цæмæй зæрдæрайæ æмæ амондджынæй ноджы бирæ азты дæргъы лæггад кæна йæ кæстæртæн æмæ йын стыр аргъ чи кæны, уыцы  æввахс адæмæн.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.