РХИ-йы Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар, V сæвзæрст Парламенты вице-спикер Кокойты Зураб коментари сарæзта республикæйæн йæ историон ном – Паддзахад Алани  раздахыны фарсты фæдыл референдум снысан кæныны тыххæй Президент Тыбылты Леониды барамындæн.

– Зураб Реуазы фырт, цахæм у референдум снысан кæныны процедурæ?

– Фыццаджы фыццаг мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ нæ Райгуырæн бæстæйæн йæ историон ном – Паддзахад Алани раздахыны фæдыл референдум, кæцы нысан æрцыд 2017 азы 9 апрелы, нысан æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны ныры закъондæттынад-мæ гæсгæ.

Президенты ацы инициативæ бындуриуæг кæны не ‘хсæнады алыгъуызон фæлтæрты, хистæр фæлтæры, фæсивæды минæвæртты бирæнымæц куырдиæттыл.

Ном Алани раздахыны тыххæй референдумы инициативæ æмæ йæ снысан кæнын ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ закъондæттынадмæ гæсгæ.

«Референдымы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон бар дæтты Президентæн референдум снысан кæныны тыххæй.

Бакæсдзынæн уын Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм уацы 16-æм пункт: «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент нысан кæны референдум Конституцион закъоны банысангонд фæткмæ гæсгæ».

Дарддæр, «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 7-æм уацы дзырдæуы:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум ауадзыны инициативæ хауы:

1)           Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй 1000-æй фылдæрмæ, кæцытæн ис Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы хайад райсыны бар..;

2) Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ;

3) Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæм (депутаттæ сæвзæрст депутатты æртыккаг хайæ къаддæр ма хъуамæ уой)…»

Уыимæ иумæ хъахъхъæд хъуамæ æрцæуой бæрæг процедурæтæ.

Президент Тыбылты Леонид бафарста Республкæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны, РХИ-йы  Конституци æмæ ныры закъондæттынадмæ гæсгæ референдум ауадзыны инициативæйы тыххæй.

Сæйраг тæрхондон уынаффæ рахаста Президенты инициативæ РХИ-йы Конституци æмæ ныры закъондæттынадмæ гæсгæ раст кæй у, уый тыххæй æмæ уый фæстæ 2017 азы 6 февралы Президент барамынд радта «Референдумы тых-хæй» закъоны 10-æм уацмæ гæсгæ  референдум снысан кæныны тыххæй.

– Референдумæн баиугæнæн ис президентон æвзæрстытимæ?

– Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ гæнæн ис президентон æвзæрстытимæ референдум ауадзын.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ республикæйы президентон æвзæрстытæ æппæтадæмон хъæлæсæппæрстимæ уагъд цæуынц æртыккаг хатт. Цæвиттон, 2006 азы 12 ноябры адæм референдумы, кæцы уагъд цыд президентон æвзæрстытимæ иумæ, дзуапп лæвæрдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæры статусы тыххæй, 2011 азы 14 ноябры президентон æвзæрстыти-мæ иумæ паддзахадон статус радтам уырыссаг æвзагæн.

Мæн фидарæй уырны, æмæ 2017 азы 9 апрелы мах раздах-дзыстæм нæ республикæйæн йæ историон ном – Алани.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.