26 августы æххæст кæны 8 азы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы цауыл. Нæ уацхæссæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрусмæ, цæмæй цалдæр ныхасы зæгъа, ацы бæрæгбон æм цы æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ æвзæрын кæны, уый тыххæй.

– Зльбрус Хъаныхъойы фырт, цавæрæй бахъуыды кодтай, Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы рæстæг?

– 2008 азы 26 августы Уæрæсейы разамынад рахаста фæндон, æмæ уый уазал дон бакалдта алыгъуызон националистты фыдвæндтыл, æмæ сын уыди карз фæдзæхст. Хорз уаид, Мæскуыйы уыцы принципиалон позици хорз зондзонæн куы суаид чысыл адæмты бартыл къахæй чи лæгæрды, уыдонæн. Гуырдзыстон бирæ азты дæргъы, уæлдайдæр та фæстаг дæсгай азты  «Гуырдзыстон æрмæст гуырдзыйæн», зæгъгæ, куы расидт, уæд уыцы хъуыддаг æркодта уымæ, æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Картлийы област сси ахæм территори, цыран адæм тыхцард кодтой иумæ. Тбилисы хицæуттæ алы амæлттæй дæр нымæг кодтой ирон адæмы этникон, культурон миниуджытæ, къуылымпы сын кодтой се ‘взаджы рæзт. Уыцы политикæйæн куы ницы æнтыст уыд, уæд Саакашвилийы режим æрæвнæлдта йæ фыдракæнд аразынмæ, æмæ йæ схуыдта «Сыгъдæг быдыр». Йæ фæстиуджытæ бæлвырд сты.

Мæскуы 90-æм азты райдианæй æвæрдта йæ хъарутæ политикон æмæ дипломатон архайды хуызы, цæмæй проблемæ скъуыддзаггонд æрцæуа æмæ ныхмæлæууæг фæрстæ туг ма ныккалой. Уыцы хъуыддагæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд размæцыд. Фæлæ Тбилис тынгдæр хъуыста æндæр зондамонджытæм. 2008 азы ацы ран ИНО-йы æфсæддон ахуыртæ уагъд кæй æрцыдысты, уымæй Ныгуылæны разамынад дуар байгом кодтой августы хæстæн. Мах мысæм, æназымæй чи фæмард, уыцы сылгоймæгты, зæрæдты, сывæллæтты, уæрæсейаг фидауынгæнджыты.

– Куыд дæм кæсы, Хуссар Ирыстон уыцы бонæй фæстæмæ цас размæ ацыди?

– Абон Хуссар Ирыстон у хæдбар Республикæ, хæдбар æмæ сæрибар Республикæйы статусы хицау, æнтысгæйæ кусы йæхи закъондæтынадон базæ саразыныл, хицауады структурæтæ сфидар кæныныл, хуссарирыстойнаг æхсæнады демократон институттæ райрæзын кæныныл. Уый æнцон нæу, фæлæ Уæрæсе дæр иуварс нæ лæууы. Республикæйæн æххуыс цæуы йæ цардызмæлды æппæт къабæзты дæр: финансон, материалон-техникон, организацион. Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы Мæскуыйы архайд. Цæмæй бæлæстæ æнæниз уой, уый тыххæй хъæуы æнæниз садзæнтæ хъомыл кæнын.

Нæ цæстыты раз фæстаг азты дæргъы Республикæ æмæ йæ сæйраг горæт сæ хуыз фæивтой. Уый къухы бафтыд уæрæсейаг федералон структурæтæ æмæ Хуссар Ирыстоны хицауады органты фæстиуæгджын партнерон æмгуыстады, уыдон æхсæн æххæст æмбарындзинад æмæ сын уæлдæр æмвæзадыл æххуысы фæрцы.

– Цавæр ныстуан зæгъис нæ адæмæн ацы Стырбоны?

– Фæнды мæ бæрæгбоны арфæтæ ракæнон, зынаргъ мын чи сты, Республикæйы уыцы цæрджытæн æмæ сæм æрсидон, цæмæй уыдон ныфсджынæй фæллой кæной хæдбар, сæрибар Хуссар Ирыстоны фидæны сæраппонд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.