Цардуагон лæггæдты объекты кусджытæ æмбæстæгты æрвылбонон домæнтæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кæндзысты, сæхи куысты уавæртæ рæстæджы домæнтæн дзуапп куы дæттой, æрмæстдæр уæд. Иннæмæй та бæстыхæйтты æддаг бакаст æмæ аивдзинадæй цæрджытæ хъуамæ уой разы, исой сæ эстетикон æхцондзинад. Уæд сæм заказ кæнынмæ фæлхасгæнджытæ æнæзивæгæй фæцæуынц, сæ зæрдæ тынгдæр фæрайы.

Раст зæгъгæйæ та, æцæгæй афтæ нæ уыд, Цардуагон лæггæдты хæдзар æмæ Модæты ательейы бæстыхæйттæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ, дзуапп нал дæттой абоны рæзгæ домæнтæн. Хъуыддаг афтæ кæй у, уый зындгонд у Паддзахадон унитарон куыстуат «Цæрджыты цардуагон лæггæдты»-ы директор Тасойты Анжелæйæн æмæ архайы уыцы къуыхцытæ рараст кæныныл æмæ йын уый цасдæрбæрцæй æнтысгæ дæр кæны. Бакæнинаг куыстытæ, сæ уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ, æххæст кæнынц хайгай æмæ уый хуыздæрæрдæм æндавы куыд кусджыты, афтæ ардæм æрбацæуæг æмбæстæгты зæрдæйы уагыл дæр.

Амæйразмæ арæзтадон-цалцæггæнæн куыстыты иу хай сæххæст кодтой Цардуагон лæггæдты хæдзары, ныр та ахæм бакæнинаг куыстытæ æххæст кæнынмæ æрæвнæлдтой Модæты ательейы бæстыхайы. Ам цæрджыты домæнтæ æххæст кæнынц карцгæрдджытæ, хуыйджытæ, къамисæг, къахыдарæсхуыйджытæ, канцелярон товарты магазин æмæ æндæр ахæмтæ. Се ‘нæзæрдæхудт куыстæй цæрджыты домæнтæ æххæст кæныныл кусынц Мулдарты Аленæ, Беппиты Алыксандр, Мæхъиты Этери, Тыджыты Ацæмæз, Къæбулты Тамилæ, Цхуырбаты Луизæ æмæ æндæртæ. Фæлæ зæгъын хъæуы, кусджыты куысты уа-вæртæм нæ уыд æмбæлон хъусдард бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы хæдзар тынг бахъыгдард 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы. Уый аххосæй кусджыты фылдæр къорд æвзæрстой зындзинæдтæ, цæрджыты закъазтæ æххæст кодтой къуындæг хатæнты æмæ тыхстысты. Уыцы цухдзинæдтæм æркаст куыстуаты разамынд æмæ кусы сæ аиуварс кæныныл. Амæйразмæ цалцæг æрцыд, хæсты рæстæджы къулæй цы хай ныппырх, уый, расыгъдæг æрцыд хуыйджыты хатæн «Элегант» алыгъуызон бырон æмæ зæронд уæлдай дзаумæттæй. Куыстуат тынг тыхст, нуазыны дон ардæм къуылымпытимæ кæй хæццæ кодта, уымæй æмæ хатæнтæ фылдæр уыдысты антисанитарон уавæры. Уыцы цухдзинад бахынцыдæуыд æмæ йæм æрбауагъдæуыд нуазыны доны ног хахх. Фыццаг уæладзыджы ма арæзт æрцыд туалет дæр.

Ацы бæстыхай у ивгъуыд æнусы 60-æм азты арæзт, уыцы дæргъвæтин рæстæджы та алцыдæр хæлы, мæгуырауæрдæм ивы йæ хуыз. Нæ уыд раппæлинаг æрбахизæны дуар æмæ йæ раивдæуыд ногæй. Куыстуат ма йæхи æхцайы фæрæзтæй ноджыдæр раивта зæ-ронд фæрсæгтæ æмæ дзы сæ бæсты сæвæрдтой нырыккон пластикон цалдæр фæрсаджы. Ательейы разамындмæ се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтой, ам цы специалист кусджытæ фæллой кæны, уыдон дæр. Уыдон бахардз кодтой фæйнæ 12 мин сомы æмæ сæ кусæн хатæнты рудзгуытæ раивтой пластиконтæй. Не сты хуыздæр уавæры рухсы хæххытæ дæр, уый аххосæй арæх фæхицæн вæййы æмæ зындзинæдтæ æвзарынц кусджытæ. Уыцы згъуыд дæр тагъд рæстæджы иуварс æрцæудзæн. Фæлæ уæддæр куыстуаты разамынды иууыл тынгдæр тыхсын кæны, бæстыхайы уæлхæдзар тынг æдзæллаг уавæры кæй ис, уый. Уый ногæй сагъуындынæн бахъæудзæн дзæвгар æхцайы фæрæзтæ æмæ кусæгдых дæр, фæлæ уыцы æнæмæнгхъæуæг куыстытæ сæххæст кæныныл бацархайдзысты фидæн азы. Куыстуатæн иунæгæй йæ бон нæ бауыдзæн йæ саразын æмæ сæм йе ‘ххуысы къух хъуамæ фæдара горæты администраци дæр.

Хуыбиаты Н.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.