Нæ республикæйы территорийыл официалон æгъдауæй регистраци сты 51 паддзахадон-унитарон куыстуаты. Уыдонæй алчи æнтысгæйæ нæ æххæст кæны йæ хæстæ. Се ‘хсæн ис, æнæрентабелон чи сты, ахæмтæ дæр. Иумæйагæй сисгæйæ паддзахадон-унитарон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайды æмвæзады æмæ йæ æрбæстон кæныны фарстытыл дзырд цыдис Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты. Сæрдариуæг ын кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ дзы хайад райстой экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, финансты министр Хæбæлаты Азæ, РХИ-йы Парламенты Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Руслан, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади, афтæ ма горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ.

Йæ раныхасы Кокойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй Хъалонтæ æмæ æмбырдкæнинæгты фæдыл комитеты бæрæггæнæнтæ дзурæг сты паддзахадон унитарон куыстуæтты фылдæр хай мæгуырау финансон уавæрыл æмæ сын паддзахадон бюджеты раз дзæвгар хæстæ кæй ис, ууыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ Хъалонтæ æмæ æмбырдкæнинæгты фæдыл комитет йæ æххæстбартæ æмæ хæстæм гæсгæ раргом кæны фидинæгты, снымайы пени æмæ абоны бонмæ уыцы нымæцтæ тынг сырæзтысты.

«Абоны бонмæ паддзахадон унитарон куыстуæттæн цы субсидитæ фыст цæуы, уыдон фылдæр сты, паддзахадон бюджетмæ цы хъалонтæ фидынц, уыдонæй æмæ ахæм æнæнормалон экономикон ситуаци хъæуы æмбæлон фæдыздæхтмæ раздахын. Паддзахадон унитарон куыстуæттæ хъуамæ уой паддзахадон бюджеты хæсджынтæ нæ, фæлæ донортæ», – банысан кодта Кокойты Ген-нади.

Министр фæндон бахаста, цæмæй бакæнгæ куыстыты фæдыл хыгъдты бындурыл уынаффæ ист æрцæуа, уыцы паддзахадон унитарон куыстуæтты сликвидаци кæныны тыххæй, кæцытæ уæвынц æрмæстдæр гæххæттыл æмæ хъалонтæ фидыны тыххæй сæ хæстæ не ‘ххæст кæнынц. Йæ хъуыдымæ гæсгæ æнæпайда паддзахадон унитарон куыстуæттæ хъуамæ рацæуой банкроты процедурæтæ, фæлæ уымæн та хъыг дары, закъондæттынадон базæ æмбæлон кæй нæу, уый, æмæ ууыл та бакусын хъæудзæн республикæйы парламентимæ иумæ.

Цы 51 паддзахадон унитарон куыстуаты регистрацигонд ис, уыдонæй Хицауадмæ хыгъдтæ бавдыстой æрмæстдæр 35. Хицауады Сæрдар æрдомдта сæ къухдариуæггæнджытæй, цæмæй æвæстиатæй бавдисой сæ хыгъдтæ, афтæ ма 2018 азæн сæ куысты пълæнттæ дæр. «Æз домын сымахæй, цæмæй ма халат Хицауады куысты уæвæг план æмæ, стыр бæрндзинад æнкъаргæйæ, æххæст кæнат уæ хæстæ», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.