Экономикон райрæзты министрады хатырон уавæрты кредиттæ радтыны фæдыл къамисмæ йæ бизнес-план бадæтта нæ горæты цæрæг Джиоты  Сурем дæр. Кæд æмæ къамис фæндон рахæсса æмæ йын бантыса кредит райсын, уæд уый йæ бинонтимæ иумæ байгом кæндзæн, ирон национ хæринæгтæ кæм арæзт цæудзæнис, ахæм хæрæндон. Йæ ном дæр ын æрхъуыды кодтой бинонтæ – «Ирон къæбиц», – зæгъгæ.

«Ирон хæринæгты къæбиц афтæ хъæздыг нæу алыхуызон хæринæгтæй. Каказы цæрæг адæмты къæбицты куыд бирæ алыхуызон хæринæгтæ ис, махмæ афтæ нæу. Уымæн йæ аххосаг  мах зонæм историйæ, нæ фыдæлтæ цардысты хæхты цъассы, уавæртæ дзы нæ уыд дыргътæ, халсæрттæ æркæнынæн. Сæйрагдæр фосдарды куыст кодтой. Уымæ гæсгæ ирон традицион хæринæгтæ сæйраджыдæр, сты æхсыры продукттæ æмæ фыдызгъæлæй. Кæд æмæ кредит райсон æмæ нæ кафе «Ирон къæбиц» сырæза, уæд дзы цы хæринæгтæ цæттæ кæнон, уыдон нымæцы уыдзæн «Цывзы-дзæхтон». Уый та мæнæ афтæ аразгæ у: судзаг цывзыйы сыфтæ сфыц, куы æрфæлмæн уой, уæд сæ дзæбæх ныхс. Уый фæстæ сыл уæззау фæйнæг æрфæлдах. Сæ дон дзæбæх куы алæдæрса, уæд сыл æхсыры сæртæ, кæнæ миссын æркæн. Нæ менюйы уыдзæн «Нурыдзæхтон» дæр. Уый дæр хуымæтæг аразгæ у. Ныртæккæ нæ адæм  фæхтæй нал пайда кæнынц, фæлæ уымæй цъæл нуры бынтон æндæр ад кæны. «хъæдур фысы дымæгимæ». Хъæдур иу чысыл афыц, акал ын йæ дон æмæ йыл ног дон ныккæн. Куы фæфæлмæн уа, уæд фысы дымæг карстæй ныккал æмæ йæ дарддæр фыц. Дæ бон у, хъæрмхуыппыл картоф дæр æркæнай. «Дзидза къуыдырфыхæй» фысы фыд фыцгæ доны ныппар, йæ фынчытæ йын сис, бафтау æм хъæдындз. Фынгыл æвæрыны размæ дзидзайыл цæхх байзæр, æрæвæр ма йын йемæ нурыдзæхтон, кæннод та цывзыдзæхтон.  «Физонæг уæрыччы фыдæй» – уæрыччы фæстаг агъды дзидза стæгæй фæхицæн кæн, иугъуызон кæрдихтæ сæ ныккæн æмæ сæ цæххимæ сызмæнт цæмæй физонæг иухуызон хæрзфых суа, уый тыххæй уæхстытæ рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы зилын».

Æппæт ацы хæринæгты менютæ Джиоты Суремæн фыст уыдысты иу ставд тетрады. Зæгъы, зæгъгæ, ма йæм ахæм ирон хæринæгты рецепттæ тетрадты фыстæй ис ноджыдæр, кæд æмæ, дам, сæ алкæй дæр лæмбынæг хъуыды кæнын уæддæр.

Хицæнæй фыст æм сты кастæ дæр. «Сир – уый та мæнæ афтæ аразгæ у. Сылы бауæларт кæн ныллæг артыл. Куы рафыца, уæд ыл цæхх æркæн. Нартхоры лыстæг ссад балуар æмæ йæ гыццылгай сылыйыл кæн, хъæдын уидыгæй йæ змæнт. Сир уæлартæй райсынмæ ма 5-7 минуты куы хъæуа, уæд ыл иу чысыл луæрст мæнæуы ссад акæн æмæ йæ хæрзфых скæн. Тæвдæй йæ тæбæгъыл æркæн. Астæуæй йæ фæдзыхъхъ кæн æмæ дзы царв ныккæн. Хæрын та йæ хъæуы тæвдæй. «Æхсыры сæртæй дзыкка» та афтæ аразгæ у. Æхсыры сæртæ цæнгæт аджы ныккæн æмæ сæ ныллæг артыл æнæрынцойæ змæнт. Змæтгæйæ йыл чысылгай нартхоры ссад афтау. Хъуамæ фæхицæн уа йæ сой, фæбургомау уа кас æмæ аджы фæрстыл куынæ уал хæца, уæд цæттæ у.

Джиоты Сурем куыд зæгъы, афтæмæй уæлибыхтæй дарддæр йæ «Ирон къæбиц»-ы хæрæндоны араздзысты насджын, фиуджын, давонджын, фыдджын æмæ хъæдындзджын хæбизджынтæ дæр. Нозтæй та цы уыдзæн хæрæндоны ирон хæринæгты æмрæнхъ – куы фарстон Суремы, уæд мын радзырдта: «Ирон бæгæны æрмæстдæр – задæй. Къуымæл – кæцы та у мæнæ афтæ аразгæ – нартхоры ссадыл ныккæнын хъæуы хъарм дон. Дзæбæх æй бамбæрз æмæ йæ хъарм ран æнхъизынмæ ныууадз 2-3 бон. Уый фæстæ йæ аджы бауæларт кæн, иу сахаты бæрц æй фæфыц. Уæлартæй йæ райс æмæ йыл æнхъизæн ныккæн, стæй сæкæр. Йæ тæккæ æнхъизыныл куы уа, уæд æй сасирæй ныффæрсудз æмæ йæ уазал ран сæвæр æмæ нуæзт цæттæ у.

Сурем куыд загъта, афтæмæй ирон  традицион хæринæгтæ гæнæн ис сæ зæрдæмæ ма фæцæуой æвзонг фæлтæрæн, уый тыххæй æмæ уыдон алы калори дæр нымайгæ кæнынц, сæ уæзмæ бафтауынæй тæрсынц. «Фæлæ мæн-мæ афтæ кæсы æмæ уæлдæр ранымад хæринæгтæн иу хатт сæ ад куы базонай, уæд та дæ фæнддзæни махмæ æрбацæуын. Чизоны ма йын йæ рецепт дæр ракурой».

Мах цымыдис кодтам, кæд æмæ «Ирон къæбиц» байгом уа, уæд Сурем натуралон урсаджы продукттæ фыс æмæ уæрыччы фыд кæм амал кæндзæнис. Уый тыххæй та афтæ сдзуапп кодта. Нæ республикæйы нæм бирæ ис фосдарды куыст чи кæны, ахæм фермертæ. Уыдонмæ бынатмæ куы цæуой æмæ сын сæ продукци куы æлхæной, уæд цæттæ уыдзысты бадзырдтæ саразынмæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.