Ирон адæмæй алкæцы мыггагæн дæр Стыр Хуыцауы цæст бауарзта буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты, ахæм зындгонд адæймæгты. Стыр Хуыцау нæ фæхъыг кодта Дзебысаты мыггаджы дæр æмæ сын балæвар кодта, разагътайы, кады лæгтæ. Уыцы зынгæ æмæ кады лæгтæй иу у, абон уын мæ уацы кæй кой ракæнынмæ хъавын, уый – Дзебысаты Сергей Дианозы фырт. Ме ‘рвады кад æмæ æнтыстытæй мæ сæр бæрзæндты хæссын æз, ацы рæнхъыты автор дæр.

Æвзонг адæймаг арæх фæхъуыды кæны, йæ сомбон куыд рæсугъддæр, куыд хуыздæр рауайа, йæхи цы хъуыддагæн снывонд кæна, цæмæй æхсæнадæн, Райгуырæн бæстæйæн исты пайда æрхæсса, ууыл. Уымæй дæр æвзонджы бонтæ тагъд атæхынц нæ иувæрсты.  Хистæр фæлтæры хæс та у æвзонг адæймагæн баххуыс кæнын, царды йæ раст фæндагыл бафтауын. Нæ алыварс бирæ ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ цæрынц намысы закъонмæ гæсгæ æмæ сæ цæвиттон райсæн ис сомбоны фæндаг равзарынæн. Дзебыстаты Сергей дæр у ахæм цæвиттойнаг адæймаг. Абон уый æппындæр фæсмон нæ кæны йæ рацæугæ фæндагыл. Æмæ йæ рацæугæ фæндаджы азтæ та цъус куынæ сты мыййаг – 88 азы æгæр бирæ дæр ма сты, цæмæй ирд фæд ныууадзай дæ фæстæ, сомбоны фæлтæртæн.

Дзебысаты Сергей райгуырд 1931 азы. Уæдмæ йæ ныййарджытæн уыд ноджы цыппар лæппуйы. Йæ фыд  раджы ацыд кусынмæ Цæгат Ирыстонмæ æмæ цæргæйæ баззад уым. Сергейыл 9 азы  куы сæххæст, уæд амард йæ мад Томайты Нинæ æмæ йæ фыд дыккаг усæн æрхаста Бететы Нюсяйы. Иумæ сын райгуырд ноджы иу лæппу Сослан, кæцы каст фæцис  Пятигорскы  фармацевтон  институт. 

Сергей хæрзæвзонгæй равзæрста йæ фидæны фæндаг: йæхи уыдта æрмæстдæр æфсæддон тæхæгæй. Йæ нысанмæ цыд фæндвидарæй, активонæй архайдта спорты, цæмæй йын уыдаид хорз физикон формæ. Æмæ йæ бæллиц сæххæст. Дзебысы фырты цард хъæздыг уыд алыгъуызон цаутæй. Ис ын  бирæ мысинæгтæ æмæ куы амбæлæм, уæд мын сæ фæдзуры райзæрдæйæ. Æфсæддон службæгæнæджы карьерæ райдыдта Мурманскы, Цæгат флоты. Уырдæм æрвыст æрцыд 1954 азы, Ейскы æфсæддон-денджызон авиацион ахуыргæнæндон каст куы фæцис, уый фæстæ. Уыд тæхæг-куынæггæнæг, йæ хæс уыд уæлдæфæй науты хъахъхъæнын æмæ куы бахъæуа, уæд сбæрæггонд фæсарæйнаг дзырдхæсджыты скуынæг кæнын (æрæппарын).

Сергей сæрыстыр у  дунейы фыццаг космонавт Юрий Гагаринимæ лæгæй-лæгмæ зонгæ кæй уыд, уымæй.  «НАТО-йы æфсæдтæ-иу маневртæ куы уагътой, уæд-иу мах ратахтыстæм развæдсгæрсты, цæмæй-иу сбæрæг кодтаиккам нæ потенциалон ныхмæлæууæгмæ цахæм тыхтæ æмæ хæцæнгæрзтæ ис, уыдоны. Уыцы рæстæджы Советон Цæдис æмæ Иугонд Штатты ‘хсæн ахастытæ уыдысты тынг вазыгджын. 1957 азы нæ дивизи баххæст Уæлдæфон гарзджын тыхты Оренбургы ахуыргæнæндоны авд рауагъдонæй. Уыдоны ‘хсæн уыд фидæны фыццаг космонавт Юрий Гагарин дæр. Мах Гагаринимæ службæ кодтам хицæн полкты, фæлæ 120 адæймаджы йедтæмæ кæм нæ уыд, уыцы дивизийы иууылдæр кæрæдзи зыдтам. Фылдæр æмбæлдыстæм хæрæндоны. Мæ зæрдыл бадардтон ахæм цаутæ дæр, райсом раджыйы (6-7 сахатыл) атахтыты фæстæ-иу бацыдыстæм аходæн кæнынмæ, фæлæ-иу уæдмæ цай ныууазал. Гагарин арæх хыл кодта уый тыххæй хæрæндоны сæргълæууæгимæ. Домдта, цæмæй-иу тæхджытæн æр-бахастаиккой тæвд цай. Юрий уыд тынг хæларзæрдæ, хъæлдзæг æмæ хуымæтæджы лæппу. Ахæмæй баззадис цæрæнбонтæм мæ мысынады дæр. Йæ командир уыд ме ‘мкурсон Леонид Васильев. Фæлæ Гагарин бирæ рæстæджы не службæ кодта Цæгат флоты. Иу азы фæстæ нæм æрбацыд паддзахадон къамис. Тæхджыты иууылдæр басгарыны фæстæ, равзæрстой дыууæйы – Аникеевы (сфыстой йæ иу азы фæстæ) æмæ Гагарины. Æз дæр уыдтæн кандидатты номхыгъды, фæлæ равзæрст нæ рацыдтæн. Гагаринимæ ма фембæлдтæн уый фæстæ дæр, фæлæ уæдмæ уый ссис бынтон æнæвдæлон», – радзырдта мын йæ мысинæгтæ раздæры тæхæг.

Дзебысаты Сергей куыста сусæггонд объектты дæр. Уыцы хæслæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ, сæ иу тынг бандæвдта йе ‘нæниздзинадыл.  1962 азы уый конд æрцыд стратегион ядерон хæцæнгарз бакусынмæ. Ног Зæххы сакъадахы уагътой атомон донгуырон бомбæйы иртасæнтæ. Ацы проект раргом кодтой æрмæстдæр 35 азы фæстæ. «Ме ‘нæниздзинадмæ гæсгæ  мæ бон нал уыд тæхын куынæггæнæг хæдтæхджытыл.  Æмæ 1964 азы рахызтæн Сауденджызон флотмæ. Уыдтæн десантон хæдтæхæджы тæхæг. Фондз азы фæстæ мын дохтыртæ рахастой ноджы карздæр тæрхон: сфыстой мæ атахтытæй. Уый фæстæ уыдтæн атахты æмæ æрбадты къудариуæггæнæг æмæ 1972 азы ме ‘фсæддон карьерæ фæцис, ууыл. Тынг зын мын уыд  ууыл сразы уыдаин, уый. Абон дæр мæхинымæры быцæу кæнын дохтыртимæ, зæгъын, мæнæн мæ бон тæхын уыдаид 50 азы онг. Фæлæ уыдæттæ баззадысты ивгъуыды æмæ ныр ницæмæнуал ис фæивæн… Тынг зынтæй сахуыр дæн æмбæстагон цардыл. Куыстон æмæ раивтон бирæ бынæттæ: уыдтæн ахуыргæнæг дæр æмæ зынгхуыссынгæнæн хъахъхъæнынады хистæр æмæ медицинон аппаратурæйы фæдыл инженер дæр. Ме ‘нæниздзинадмæ гæсгæ мæ бон кусын куынæуал уыд, уæд æххæстæй мæхи снывонд кодтон мæ бинонтæн. Ис мын 51 азы фæллойы стаж. Мæ царды ныр дæр æрцæуы бирæ цаутæ, фæлæ уыдон тагъд айрох вæййынц. Фæлæ хæдтæхæджы штурвалыл цы азтæ арвыстон, уыдон мæ мысынады баззадысты цæрæнбонтæм…».

Сергей парадон мундир скæны азы дæргъы иу хатт – 23-æм февралы. Уый у йæ иууыл сæйрагдæр бæрæгбон раздæры тæхæг-куынæггæнæгæн, кæцы зæрдæйæ цæрæнбонтæм баззад æфсæддон службæгæнæгæй, Райгуырæн бæстæйы æнувыд хъахъхъæнæгæй. Дзебысаты Сергейæн ис, йæхицæй цæмæй бабуц уа, ахæм хорзæхтæ. Уый ма у «УФ-йы Гарзджын тыхты ветеран», «Уæлдай тасдзинады дæлхæйтты ветеран», «Уæлдæфон-денджызон флоты æмæ Уæлдæфон Гарзджын тыхты ветеран» æмæ «Фæллойы ветеран».

Сергейæн уыд æртæ фырты: Олег, Александр æмæ Руслан. Хъыгагæн, Александр йæ цардæй ахицæн æвзонгæй 1985 азы. Уый каст фæцис Качинскы тæхджытыкуынæггæнджыты æфсæддон-уæлдæфон ахуыргæнæндон. Иннæ лæппу Олег тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Ростовы инженерон-арæзтадон институт, райста архитекторы дæсныйад. Кусы Рахизфарсы районы сæйраг архитекторæй. Йæ цардæмбал Фраты Светланæимæ сын ис дыууæ сывæллоны – Зæлинæ æмæ Азæмæт. 2004 азы Азæмæт йæ мадимæ уыд амынæты Беслæны 1-æм скъолайы. Стыр æхсызгонæн уыдон аирвæз-тысты сæрæгасæй.

Сергейæн йæ абоны цардæмбал Хозиты Фатимæимæ ис иумæйаг чызг Нинæ.

Фæнды ма мæ ской кæнын Дзебысаты Сергейы æфсымæры лæппу Таймуразы тыхæй дæр. Уый райгуырд 1978 азы 11-æм марты Дзæуджыхъæуы. 39-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Ставрополы паддзахадон университеты юридикон факультеты. УФ-йы Гарзджын тыхты баслужбæ кæныны фæстæ æфсæддон хайы рекомендацимæ гæсгæ службæ кæнынмæ ист æрцыд мидхъуыддæгты органты РЦИ-Аланийы фæдыл УФ-йы УБОП-ы тагъд фердæхты оперативон-æфсæддон специалон къорды оперæххæст-барджынæй. 2005 азы нысан æрцыд оперæххæстбарджынæй æмæ уый фæстæ та – РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министрады цур УБОП-ы террористон æмæ экстремистон характеры фыдракæндты ныхмæ тох кæныны фæдыл хайады хистæр оперæххæстбарджынæй. Йе службæйы рæстæджы йæхи равдыста бæрнон æмæ цæсгомджын кусæгæй.  Фæцæф Цæгат Кавказы регионы территорийыл барадон фæтк сифтонг кæныны фæдыл хæстон архайдтыты хайад исгæйæ. Йе службæйон хæстæ цæсгомджынæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд дæсгай хорзæхтæй. 2006 азы 24 июны йе службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ хъæбатырæй фæмард. Уыцы бон фыдгæнæджы фæдыл Карцамæ бацыдысты милицийы кусджытæ æмбæстагон дарæсы æнæ камуфляж æмæ бронежилеттæй. Рæстæг сын нал фæцис се скæнынæн. Уымæн æмæ йæ зыд-той, рæмудзæн æрмæг кæмæ ис, уыцы фыдгæнæг Абубакар Хамхоев рæстæгыл сæ къухты куынæ бафта, уæд бирæ фыдбылызтæ кæй сараздзæн, уый. Фæлæ сæ знаг сывæрджын сылгоймаджы фæсчъылыдымæй æхсын райдыдта, стæй йæхи дæр срæмыгъта. Йæ зæрдæ йæ кусынæй æрлæууыд 28 аздзыд Дзебысаты Таймуразæн, йæ ныййарджыты, йæ хо æмæ йæ цардæмбалы кæугæйæ ныууадзгæйæ. Йæ цард разынд бынтон цыбыр, фæлæ ирд арвæй æрттивгæ стъалыйы рахауды хуызæн. Йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй. Кæм ахуыр кодта, уыцы 39-æм астæуккаг скъолайæн та лæвæрд æрцыд Дзебысаты Таймуразы ном Дзæуджыхъæуы бынæттон хæдразамынды администрацийы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ. Афтæмæй йæ ном цæрдзæн æнустæм æмæ хъæбатырдзинады цæвиттон уыдзæн рæзгæ фæлтæрæн.

Абон, Дзебысаты Сергей цæры Цæгат Ирыстоны горæт Алагиры æмæ йыл кæд азтæ сæ уæззау фæд æруагътой, уæддæр раздæры тæхæг ныфсджынæй лæууы сæ ныхмæ. Нæ уæздан, куырыхон, буц æмæ кадджын хистæр, нæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Бирæ нын фæцæр!

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.