Хуссар Ирыстоны фӕллойгӕнджытӕ ӕрвылаз дӕр стыр цины ӕнкъарӕнтимӕ сӕмбӕлынц Республикӕйы бӕрӕгбоныл, сӕ хъарм ахаст ӕмӕ цины ӕнкъарӕнтӕ нӕ бавгъау кӕнынц кӕрӕдзийӕн. Уыдон сæхиуыл æнкъарынц, бонӕй бонмӕ хуыздӕрӕрдӕм кӕй ивы сӕ цард, кæй бæрзонддæр кæны   сæ фӕрныгад. Уыцы ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ уынгӕйӕ, зæрдыл æрба-лæуынц зарӕджы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хӕссыс ӕдзух ды кадимӕ республикӕйы ном. Нӕ сабыруарзаг ӕмӕ куыстуарзаг адӕмы фидарӕй уырны, бирӕ хъизӕ-мӕртты фӕстӕ сæ цард дарддæр дæр кæй хуыздæр кæндзæн. Бахатыдтӕн цалдӕр ӕмбӕстагмӕ, цӕмӕй зӕгъой сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ кадджын бӕрӕгбоны тыххӕй.

– Лолоты Барис Цхинвалы районы адӕмон ахуырады хайады сӕргълӕууӕг .

– 28 азы рацыд, Хуссар Ирыстоны автономон область йе статус куы фӕбӕрзонддӕр кодта ӕмӕ Республикӕ куы сси, уыцы бонæй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ном нӕ адӕмыл ӕвӕры стыр бӕрндзинад ӕмӕ мӕ уырны нæ тырысайыл фидар кӕй хӕцдзыстӕм, кӕй йӕ сисдзыстӕм бӕрзонддӕр.

Уыцы рӕстӕджы ӕз куыстон партийы Цхинвалы райкомы бӕрнон бынаты, партийӕн уӕд нырма тых уыдис, кӕд ӕй не стыр Райгуырӕн бӕстӕйы уӕды сӕргълӕууӕг М. Горбачев сӕфты къахыл ӕрлӕууын кодта, уӕддӕр. Дардыл нӕ дзурдзынӕн, фӕлӕ 20-ӕм сентябры рахӕсгӕ уынаффӕйӕн хъӕуы стыр аргъ кæнын. Бузныг мӕ фӕнды зӕгъын, уӕд раст хатдзӕг чи сарӕзта, зындзинӕдтӕй чи нӕ фӕтасыд, фидӕны рухс сомбоныл чи хъуыды кодта, уыцы адӕмон депутаттӕн. Ныфс мӕ ис, уыцы зын рӕстӕджыты чидӕриддӕр бафыдӕбон кодта, уыдоны нӕмттӕ фыст кӕй ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстоны ног историйы. Арфӕ кӕнын мӕ адӕмӕн абоны бӕрӕгбоны цытӕн, мӕ зӕрдӕ сын зӕгъы, цӕмӕй цины бӕрӕгбонтӕй цух макуы уой.

   Гӕззаты Иван – журналист:

– Хуссар Ирыстоны фыццаг сӕвзӕрст Парламенты депутаттӕ 20-ӕм сентябры Республикӕ кӕй расидтысты, уый уыд ахъаззаг къахдзӕф нӕ дарддӕры цардмæ. Уыцы азты Советон Цӕдисы цыдис стыр зыгъуыммӕ ивындзинӕдтӕ, цӕдисон республикӕтӕ дӕр дихтӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ зын уавӕры бахаудысты, се сконды чи уыд, уыцы чысыл адӕмтӕ. Уыцы нымӕцы уыд Хуссар Ирыстоны автономон область дӕр. Уӕд рухс цардмӕ тырнӕг Ирыстоны фӕллойгӕнджытӕ бамбӕрстой, сӕ хъысмӕт скъуыддзаг кӕнын ӕрмӕст сӕхи къухты кӕй ис ӕмӕ сӕрибардзинады фӕндаг равзӕрстой сӕ дарддӕры цардӕн. Уыцы къахдзӕфтӕ та ӕнцон нӕ уыдысты. Гуырдзыстоны разамынад ӕмбӕрста Хуссар Ирыстоны Парламенты сессийы рахæсгæ уынаффæйы нысаниуӕг ӕмӕ ӕппӕт амӕлттӕй дӕр архайдта, цӕмӕй уагъд ма ӕрцыдаид, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Нӕ депутаттӕ ӕмӕ адæм дæр фидар фӕлӕууыдысты, фидарæй дзырдтой, дарддӕр сӕ цы бакӕнын хъӕуы, уыдӕттыл. Бузныг мӕ зӕгъын фӕнды уӕды депутаттӕн сӕ раст уынаффӕйы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ныр никӕй дӕлбар стӕм, систӕм хӕдбар паддзахад. Уый та нысан кӕны, нӕ царды ӕппӕт фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын нӕхимӕ кӕй хауы, нæ хъысмæт нæхицæй кæнгæ кæй у.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.