Æрæввахс кæны уалдзæджы рæсугъд бæрæгбонтæй иу – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизыл 74 азы сæххæсты бон. Ацы бонмæ РХИ-йы Ветеранты совет куыд цæттæ кæны, иумæйагæй сисгæйæ, сæ куыст куыд аразынц æмæ сæ разы цы проблемæтæ æвзæры, уыдæтты тыххæй нын радзырдта Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз.

Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй ма сæрæгас ис 18 ветераны, уыдонæй цыппар сты сылгоймæгтæ. Æмткæй нæ Республикæйы Ветеранты советы скондмæ хауынц хæсты активон хайадисджытæй дарддæр уæды заводты, фабрикты, колхозты чи куыста, уыдон се ‘ппæт дæр. Ветеранты советы сконды ма сты куысты ветерантæ, Афганистаны хæсты ветерантæ, Венгрийы цауты хайадисæг ветерантæ, хæсты рæстæджы æмæ уый фæстæ сæ нæлгоймæгтæ кæмæн фæхъуыдысты, ахæм идæдзтæ, Хъахъхъæнынады министрады æмæ æндæр структурæты ветерантæ.

Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы хыгъды цы ветерантæ ис, уыдон, хъыгагæн, азæй азмæ къаддæр кæнынц. Ленингоры районы ма ис дыууæ ветераны, Дзауы районы – иу, иннæтæ цæрынц горæты территорийыл.

Ветеранты совет активонæй сæхи цæттæ кæнынц Уæлахизы бæрæгбонмæ

Хуссар Ирыстоны Ветеранты совет цæттæ кæны мадзæлттæ сæрмагонд планмæ гæсгæ, кæцытæ баст сты æрлæугæ бæрæгбонимæ. Уырдæм хаст сты: республикæйы скъолаты æхсардзинады уроктæ уадзын æфсæддон  патриотикон хъомылады фæдыл, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантимæ фембæлдтытæ, йе ‘нæниздзинад нывыл кæмæн нал у, уыдонмæ хæдзармæ цæуын, бæрæгбоны цытæн сын арфæтæ æмæ чысыл лæвæрттæ хæссын республикæйы къухдариуæгад, Уæрæсейы Федерацийы минæварады æмæ УФ-йы Арæнгæрон управленийы ‘рдыгæй. Нæ ветеранты номхыгъд ма нын æрдомдтой 4-æм æфсæддон базæйы къухдариуæгад, кæцыты фæнды чысыл лæвæрттæй ветеранты нæмттæ ссарын. Уыдонæн мах дзурæм стыр бузныг, уымæн æмæ ветерантæн кад кæнын, уыдон нæ рох кæнынæй мах фидæны фæлтæрæн æвдисæм хорз дæнцæг.

Уалыты Гайозы ныхæстæм гæсгæ сæ уавæртæ къуындæг кæй сты, уымæ гæсгæ организацийæн йæ авналæнтæ зæрдæйы фæндиаг не сты æмæ ветерантæн сæ зæрдæтæ истæмæй ссарой бæрæгбонты рæстæджы, уый фадæттæ сын нæй.

Æмæ ма ноджы иу хъуыддаг – Хъахъхъæнынады кæнæ Мидхъуыддæгты министрадты раздæры службæгæнджытæ пенсийы кармæ  гæсгæ куыстæй кæй ссæрибар кæнынц, ахæмтæ бахатынц Ветеранты советмæ, цæмæй сæ уым хыгъды сæвæрой. Фæлæ сын куысты ветераны бæлвырдгæнæн кæй нæй, уымæ гæсгæ сæ хыгъды сæвæрыны фадат нæй.

«Хорз уаид, æмæ цæсгомджын куыст чи фæкодта æмæ Райгуырæн бæстæйæн чи фæлæггад кодта, уыдонæн ахæм бæлвырд-гæнæнтæ лæвæрд куы ‘рцæуид, уæд уыдон дæр хайад исиккой организацийы куысты», – загъта Гайоз.

 Уæлахизы боны цытæн æфсæддон парадмæ кæсдзысты нæ ветерантæ

Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдары хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ ветеранты æрвылаз дæр æрбахонынц Уæлахизы боны цытæн æфсæддон парадмæ бакæсынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хорз уаид, æмæ нæ цытджын ветерантæ сæхæдæг хайад куы райсиккой Уæлахизы боны цытæн æфсæддон парады. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг ветерантæн кæд се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ сæ бон нал у парады рацæуын, уæддæр организацийы сконды ис æндæр ветерантæ, кæцытæ хицæн къордæй рацæуиккой æфсæд-дон парады.

Æххуыс – фæрсырдыгæй

Нæ Республикæйы территорийыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты номыл цы цыртытæ ис, уыдонæй бирæтæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ. Сæ иу хай цалцæг æмæ æндидзыд цæуынц хицауады фæрæзтæй, æндæрты та æмбæлон уагмæ æркæнынц цæрджытæ сæхæдæг. Уалыты Гайоз куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаджы æххуысы фæдыл бахатыд компани «Мегафон – Южная Осетия»-йы Генералон директор Роман Ковригамæ. Уый дæр ныфс бавæрдта ацы хъуыддаджы сын баххуыс кæнынæй. 

«Ивгъуыд аз мах азылдыстæм æмæ федтам Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты номыл цыртытæ. Иуты дзы æмбæлон уагмæ æркæныныл бакуыстæуыд, фæлæ дзы ис ахæм цыртытæ дæр, кæцытæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ æмæ сæ хъæуы ногæй аразын.

Уый тыххæй “Мегафон”-ы разамынадимæ афтæ бадзырдтам, цæмæй Дзауы районы Ручъы хъæуæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырæй чи нал æрыздæхтысты, уыдонæн арæзт æрцæуа ахæм цырт.

Уый тыххæй æрæмбырд кодтам хъæуы адæмы, дзырддзæугæ лæгты, равзæрстам, цырт æвæрд кæм æрцæудзæн, ахæм бынат æмæ йыл куыст цæуы. Эскизтæ арæзт цæуынц Краснодары, æмæ дзы кæцы аивдæр уыдзæн, уый равзардзыстæм.

Рукъæгты ма фæнды фæсчъылдымы активон архайæг сылгоймаг Плиты Мартæйæн цырт сæвæрын, фæлæ уый нæ Ветеранты советы тыхы нæй», – банысан кодта Гайоз.

Уымæй дарддæр ма организацимæ сæ хъус дарынц Хъахъхъæнынады æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадтæ, политикон парти «Иугонд Ирыстон» æмæ æндæртæ. Уæлахизы бæрæгбоны хæдразмæ бирæ организациты минæвæрттæ æрбацæуынц æмæ нæм фæдаргъ кæнынц се ‘ххуысы къух.

Арфæтæ  – бæрæгбоны цытæн

 «Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, куыд ма загътон, афтæмæй бирæ нал сты. Мæ зæрдæ сын зæгъы, сæйраджыдæр, фидар æнæниздзинад, сæ кæстæрты хорздзинæдтæм  уæнгрогæй кæсæд, сæ ирон адæмы хорзæх сæ    уæд, уымæн æмæ нæ сомбоны тыххæй тох кодтой.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.