Республикæйы æхсæнад банысан кодта Фидауынгæнæджы бон

Хуссар Ирыстоны ног историйы цы ног бæрæбонтæ фæзындысты, уыдоны ‘хсæн аккаг бынат ис 14 июлæн – Фидауынгæнæг тыхтæ Ирыстоны зæхмæ куы æрцыдысты. Уыцы бон 1992 азы нæ хæствæллад горæтмæ æрвгъуыз каскæты салдаттæ æмæ афицертæ куынæ æрцыдаиккой, уæд цы уыдаид, уый бæрæг нæу. Сæртæг сабырад слæууыд фидар бындурыл. Хуссар Ирыстоны зæххыл мауал хъуамæ хъуыстаит æхсæнгарзы хъæр, мачиуал хъуамæ мардаид знаджы мæлæтхæссæг нæмыгæй. Абон мах кад æмæ цыт кæнæм, ацы мисси чи сæххæст кодта, сабырад чи хъахъхъæдта, уыдонæн.

Ацы зæрдылдарæн боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, Хицауады уæнгтæ, фидауынгæнджытæ-ветерантæ, æхсæнады минæвæрттæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой мысæн бынæтты.

Мысæн церемони райдыдта, уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты контингент кæм службæ кодта, уыцы сыгъд бæстыхайæ.

Уым, фæмардуæвæг фидауынгæнджыты номыл цы Мысæн дзуар æвæрд æрцыд, уый раз бæстæйы сæргълæууæг æмæ хицауады уæнгтæ сæвæрдтой венок æмæ дидинджытæ.

Уырдыгæй цæугæйæ фæндаджы былыл Уæрæсейы хъайтар майор Денис Ветчиновы цыртдзæвæны раз æрлæууыд хицауады кортеж. Æрымысыдысты йын йæ рухс ном. Уый фæмард 2008 азы августы рæстæджы агрессийы тохты. Уырдыгæй араст сты Хуссар Ирыстоны УФ-йы Арæнгæрон управленийы территорийыл Мысæн дуры цурмæ, Профцæдисты хæдзары раз Сабырады Стеллæ æвæрд кæм æрцыд фидауынгæнджыты номыл, уырдæм.

 

***

Фидауынгæнæджы бон нысан кæныны цытæн дарддæр цытджын мадзал уагъд æрцыд нæ горæты Пионерты парчы. Мысæн бынæт-тæ бабæрæг кæныны фæстæ республикæйы къухдариуæгад,  фидауынгæнæг тыхты ветерантæ, хуымæтæг æмбæстæгтæ æрæмбырд сты ацы бынатмæ, цæмæй хъарм ныхæстæй æрымысой, 16 азы дæргъы нæ бæстæйы сабырад чи хъахъхъæдта, уыцы службæгæнджыты æвæджиаг архайд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид ацы бон банымадта, æцæгæйдæр, стыр бæрæгбоныл æмæ арфæ ракодта, сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæн.

«Бирæ быхста нæ æхсæнад уæззау хæстон азты, фæлæ уыйбæрц сарæзтам, цæмæй иумæ сæрибар паддзахады цæрæм æмæ размæ цæуæм. Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад уæддæр райста раст уынаффæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмы фервæзын кодтаит. Æмæ Фидауынгæнæг тыхты æрбакондæй нæ зæххыл æрлæууыд сабырад. Нæ арфæйаг адæмы хъуыдыкæнынады кæддæриддæр уыдзысты, хи царды аргъæй Хуссар Ирыстоны сабырдзинад, хæдбардзинад, сæрибардзинад æмæ æмбæстæгты æнцойад чи хъахъхъæдта, уыдоны нæмттæ», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Зæрдыл æрлæууын кодта 08.08.08  азы цаутæ. Мах, зæгъгæ, ма хъуамæ ферох кæнæм, уæд сæ сæр нывондæн чи ‘рхастой, уыдоны рухс нæмттæ. Бахатыд æрæм-бырдуæвджытæм, цæмæй сын сæ рухс нæмттæ ссарой æмырæй алæугæйæ.

Ацы бон, зæгъгæ, у паддзахадон бæрæгбон нæ бæстæйы царды.

«Иу азы фæстæ ацы бæрæгбоныл æххæст кæны 25 азы. Æм-бæлон службæты раз æвæрын ахæм хæс цæмæй уæд нысан æрцæуа уæрæхæй. Хуынд æм æрцæудзысты Æмхæццæ фи-дауынгæнæг тыхтыл алы рæстæ-джы æппæт командæгæнджытæ», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, ацы бæрæгбон, фыцца-джыдæр, æппæтадæмон бæрæгбон кæй у. Мах, зæгъгæ, хорз хъуыды кæнæм, 4 июлы 1992 азы УФ-йы 76-æм æфсæддон-десантон дивизийы батальоны сконды Фидауын-гæнæг тыхтæ горæт Цхинвалмæ куы æрбацыдысты, уый.

«Уыдоныл æмбæлдысты цины цæстысыгимæ, ныфсы цæстысыгтимæ – тагъд фидыдад кæй æрлæудзæнис, уыцы ныфсимæ. Уымæн рохгæнæн нæй. 16 азы дæргъы уыдон архайдтой хъаугъайы зонæйы сабырад хъахъхъæныныл», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Фидауынгæнæг операцийы уникалондзинадыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, æндæр бæстæты фидауынгæнджытæн сæ бон не ссис стабилондзинад æмæ сæртæг сабырдзинад бахъахъхъæнын. Æмæ ма ноджы  уый, æмæ фыццаг хатт фидауынгæнæг операцийы рæстæджы фидауынгæнæг æхста фидауынгæнæджы. Уым дæр ис йæ уникалондзинад  гуырдзиаг фидауынгæнæг тыхтæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты комкоммæ æхстой.

Бибылты Анатоли ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты тыххæй нырма ис æрбæстонкæнинаг проблемæтæ. Уыцы проблемæтæй сæ иу службæйы рæстæг банымайын. Ныфс мæ, зæгъгæ, ис æмæ æввахс рæстæджы бæстон æрцæудзыс-ты пенсион ифтонгады фæдыл фарстатæ дæр.

«Фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдон абон дарддæр службæ кæнынц Хъахъхъæнынады министрады, Паддзахадон æдасдзинады комитеты æмæ æндæр тыхон структурæты. Уыдон кадимæ æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæс-тæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Цæгат Ирыстон-Аланийæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл раздæры командæгæнæг Фриты Хъазбег æрвылаз дæр немæ иумæ нысан кæны ацы бон. Йæ раныхасы уый банысан кодта, абоны онг дæр стыр кад кæй кæны Хуссар Ирыстоны адæмæн, паддзахадæн – цыран Фидауынгæнæджы бон у паддзахадон бæрæгбон. Уый, зæгъгæ, бирæ-бæрцæй у Тыбылты Леонид æмæ йæ командæйы стыр хайбавæрд – сæ иумиаг æмæ хæларадон куысты фæстиуæг.

Йе службæйы тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта фидауынгæнæг-ветеран Æрсойты Нодар. Арфæ ракодта уый дæр йе мслужбæгæнджытæн.

Ныхасгæнæгæй ныхасгæнæджы ‘хсæн мадзал рæсугъд кодтой зарæггæнджытæ патриотикон зарджытæй, Фидауынгæнæг тыхтыл фыст æмдзæвгæ-тæй.

Нæ  горæты 5-æм скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæг Тедеты Ноннæ æрæмбырдуæв-джытæн куыд загъта, уымæ гæсгæ скъола зындгонд у йæ кæрты ныгæд хъайтартæй. Скъолайы ахуыргæнинæгтæ исынц æфсæддон патриотикон хъомылад. Пионерты организацийы бындурыл Фидауынгæнæг тыхты бæрæгбоны цытæн сфæнд кодтой ног клуб саразын ахæм номимæ «Æвзонг фидауынгæнæг».

Йæ уæнгтæ цытджын уавæры ард бахордтой. Раздæры фидауынгæнджытæ та сын символикон æрвгъуыз лентæтæ бабастой сæ хъуыртыл.

Кæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.