Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ горæты æвзонг техникты станц йæ сырæзтæй фæстæмæ бæстон цалцæг никуы æрцыд æмæ уымæ гæсгæ ацы ахуыргæнæндоны коллектив тынг тыхстысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, къуылымпытæм нæ кæсгæйæ, уæддæр ахуыргæнджытæ цæстуарзонæй сæ зонындзинæдтæ амыдтой, ардæм цы кæстæртæ цыд ахуыр кæнынмæ, уыдонæн. Уый фæстиуæгæн дзы истой арф зонындзинæдтæ сæ куыстытæ кæддæриддæр уыдысты цæстæвæрæн æмæ аккаг бынат ахстой æндæр æмæ æндæр равдыстыты. О, фæлæ дзы уæддæр æмбæлон уавæртæн æмбал нæй. Ацы фарст бахынцыд æрцыд Ахуырады министрады æрдыгæй æмæ йæ цалцæг кæнынмæ æрæвнæлдтой цалдæр мæйы размæ. Ацы бæстыхайы арæзтад йæхимæ райста фирмæ «Золотое сечение», йæ субподрядчик та у Æлборты Инал, арæзтадон цалцæггæнæн куыстытæ та æххæст кæны фирмæ «Ауызби» прораб Сиукъаты Ауызбийы разамындæй. Зæгъын хъæуы, Сиукъайы фыртæн ацы арæзтад фыццаг кæй нæу, зоны йæ разылæууæг хæстæ, æдзухдæр ис йæ кусджыты уæлхъус æмæ хъуыддæгтæ цæуынц æнтысгæйæ.

Бæстыхайæн уал фыццаграды расыгъдæг кодтой къулты уæлдай сæрстытæ, бын-тондæр ракалдтой цæрттæ, астæрдтæ, зæронд дуæрттæ æмæ рудзгуытæ. Уыцы куыстытæ æххæст кæныныл зæрдиагæй бацархайдтой 30 кусæджы. Куыстытæ куыд цыдысты, афтæ кæрæдзи ивтой кусæг специалисттæ. Уымæ гæсгæ уый фæстæ та æрæвнæлдтой сæрдæн куыстытæ æххæст кæнынмæ æмæ йыл бацархайдтой зæрдиагæй. Сиукъайы фырт куыд ра-дзырдта, афтæмæй ахуыргæнæн æрмадзтæ æмæ кабинетты ацы æввахс бонты æвæрд фæуыдзысты дуæрттæ æмæ рудзгуытæ. Хатæнтæ састæрд кодтой фæйнæгæй, æрмæст кабинеттæ æмæ æрмадзтæй цыппар та саив кæндзысты ламинатæй. Зымæгон уазал боныгъæдты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ нал тыхсдзысты уазалы, уымæн æмæ йæм уагъд æрцæудзæн æрдзон газ. Алы кабинет æмæ хатæн дæр цæмæй æмбæлон æгъдауæй ифтонг уа рухсæй, ууыл та кусынц фæлтæрд электрик Гæбæраты Хасан æмæ йæ фырт. Туалеттæ æмæ химийы хатæнты та уыдзæн вентиляцион системæ. Ам, нæхимæ нæй, уыцы куыстытæ чи сæххæст кæна, ахæм специалисттæ æмæ уыдон æрхондзысты Цæгат Ирыстонæй.

Ахуыргæнæн уагдоны бæстыхайы арæзтадыл ныртæккæ фæкусы 12-15 адæймаджы æмæ сæ алчи дæр йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ кæсы бæрндзинады цæстæй. Уыдон та сты Къæбулты Харитон, Уырыгаты Вася, Джергаты Мэлс, Сиукъаты Сардион, Хуыбиаты Георги, Джиоты Славик æмæ æндæртæ. Сæ нысан у, цæмæй арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ ахицæн кæной октябры мæйы æмбисмæ æмæ уымæй барухс кæндзысты ахуыргæнджытæ æмæ сæ хъомылгæнджыты зæрдæтæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.