Фæстаг рæстæджы нæ горæты бирæ ивындзинæдтæ цæуы хуыздæрæрдæм. Цæрджытæ æнæрахатгæ не сты уый бонæй-бонмæ кæй сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр кæны. Бирæ куыст цæуы йæ хæрзарæзтадыл. Уый та бирæбæрцæй баст у цæрджытыл дæр, уыдон куынæ зилой сæ хæдзары алыварс цы чысыл зæххы гæппæлтæ ис, сыгъдæгæй куынæ дарой кæд дзы дидинтæ нæ садзой, уæддæр. Не ‘хсæн бирæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ сæхигъæдæй сæ хæдзæртты размæ газонтыл ныссадзынц алыгъуызон дидинджытæ, декоративон бæлæстæ æмæ уынджы тезгъогæнджыты цæстæнгас сæхимæ здахынц.

Горæты уынгты цы цъæхдарæнтæ æмæ алыгъуызон дидинджытæ сагъд ис, уыдонмæ кæ-сын, зилын хъæуы. Кæцыфæнды горæт дæр фидауы йæ уынгты рæсугъддзинад æмæ хæрзаивæй. Цæмæй æхцондзинад исæм, уый тыххæй нæ горæтыл аудгæ дæр æмæ йæ рæсугъдыл дæр хъуамæ нæхæдæг хъуыды кæнæм æмæ уæд, æцæгæйдæр, нæ горæт тæмæнтæ скалдзæн.

Ныр цалдæр боны Драмон театры территорийыл цæуынц хæрзарæзтадон куыстытæ. 30 адæймаджы бæрц, цъиузмæлд кæнынц, садзынц хъырымаг æмæ æвзистгъуыз нæзытæ, уардитæ, туятæ. Хæрзарæзтадыл кусы арæзтадон фирмæ «Эверест». Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй столицæйы сæйраг фæзуатыл ныридæгæн ныссагъдæуыд æх-сæз минæй фылдæр алыгъуызон талайы. Уыдон сагъд цæуынц арæзтады министрадимæ кæуыл куыстой, уыцы проектмæ гæсгæ.

«Нæзытæ, туятæ æмæ тыртыйæ дарддæр мах ныссадздзыстæм дидинджыты алы хуызтæ. Уымæй дарддæр æлхæд æрцæудзæнис бирæ бандæттæ, сæвæрдзыстæм сæ театры бæс-тыхайы æмгæрæтты. Территорийыл сфæлындздзыстæм цыппар мин квадратон метры бæрц гозонæй», – загъта арæзтадон фирмæ «Эверест»-ы минæвар Руслалинæ Усупова. Уый куыд загъта, афтæмæй драмтеатры территори хæрзарæзт фæуыдзæн 2018 азы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.