Адæймаг йæ дæсныйад хорз куы зона, куы йæ уарза зæрдæйæ, уæд дзы кæддæриддæр райгонд уыдзысты адæм дæр. Нæ горæты цæрджыты цардуагон лæггæдты хæдзары дæр бирæ фæллойуарзаг æмæ йæ хъуыддаджы дæсны кусджытæ ис. Уыдоны ‘хсæн ис Кокойты Мухар дæр. Кокойы фырт йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ арф айста хилдасæджы дæсныйад, кæд уый фæдыл ахуырад нæ райста, уæддæр æй уый нæ бакъуылымпы кодта æмæ сси йæ хъуыддаджы дæсны кусæг.

Чизоны, кæмæдæрты æнцон фæкæса хилдасæджы куыст, фæлæ бынтон афтæ дæр нæу. Сæрæлвынæн мигæнæнтæ сты йæ кусæнгæрзтæ, фæлæ æрмæст уыдон нæ ахицæн кæндзысты закъазгæнæджы домæн. Уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, Мухар райдианы афæрсы фæлхасгæнæджы, цыхуызæн æлвыд цæуы йæ зæрдæмæ, йæхæдæг дæр æм бæстон æркæстытæ кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæсын хъæуы цæсгомы равæрдмæ, хъуамæ зонай æмæ хынцай, æлвыныны фæстæ куыд хуыздæр æмæ аивдæр рафидаудзæн. Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, Кокойы фырт зæрдиагæй æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ æрæвналы йæ куыстмæ. Мухар йæ арæхстджын къухты фезмæлдæй адæмæн  лæггад кæны 29 азы æмæ сæ фæрнæй дарæт.  

                                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.