Дунескæнæджы бархъомысæй, ивгъуыд æнусы райдианы чысыл Ирыстоны зæххыл кæрæдзийы фæдыл райгуырдысты æртæ лæппуйы, кæцытæн хъысмæт сныв кодта, цæмæй суыдаиккой номдзыд æфсæддон раздзогтæ æмæ се стыр бавæрд бахастаикиккой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты немыцаг фашизм ныддæрæн кæныны хъуыддагмæ. Уыдон сты, алы ирон дæр сæрыстыр кæмæй у, уыцы хъайтартæ Плиты Иссæ, Хетæгкаты Георги æмæ Мамсыраты Хаджи-Умар.

Абон нæ ныхасы сæр Хаджи-Умарыл у. Уымæн йæ райгуырдыл сæххæст 120 азы. Йæ кадæн нæ горæты уынгтæй сæ иу хæссы йæ ном. Йæ ном хæссы Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола дæр æмæ йын уæлдай кад кæнынц йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ педагогон коллектив.

Стыр ирон намысджын лæджы юбилейы цытæн 15 сентябры 5-æм скъолайы уыд цытджын мадзал.

Бацæттæ йæ кодта æмæ йæ ауагъта къласæн æддейæ куысты фæдыл директоры хæдивæг Тедеты Ноннæ. Цы рæсугъд бæрæгбон бацæттæ кодтой, уырдæм æрбахуыдтой Парламенты æртæ æрсидты депутат, адæмон ахуыргæнæг Уалыты Розæйы, депутаттæ Уырыгаты Иналы, Тъехты Аланы, Дрияты Гияйы, РХИ-йы коммунистон партийы горкомы 1-аг секретарь Габиты Ульянæ æмæ Ахуырады министры хæдивæг Галуанты Александры.

Мадзалы сæйраг хайадисджытæ – скъоладзаутæн сæ цæсгæмттыл хъазыд фæлмæн мидбылхудт. Бæрæг уыд ацы юбилейон бæрæгбон сын стыр циндзинад кæй æрхаста. Хистæркъласонтæ, кæстæр ахуырдзаутæн æмæ уазджытæн, æхсызгонæй радзырдтой се скъола кæй ном хæссы, уыцы легендарон хъайтар Мамсыраты Хаджи-Умары хæстон архайдтыты тыххæй:

– Мамсыраты Хаджи-Умар райгуырдис 1903 азы 15 сентябры Цæгат Ирыстоны Ольгинскæйы хъæуы. 1918 азы æвзонг лæппуйæ бацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уый рацыд цыппар хæсты цæхæрыл: революцийы фæстæ æмбæстагон хæсты, Испаны æмбæстагон хæсты, советон-финаг æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл. Советон хицауады сæрыл Деникин æмæ Шкуройы æфсæдты ныхмæ карз тох кодта. Уыцы рæстæджы фæрынчын тифæй. Æмæ карз низæй куы фервæзт, уæд йæ тох адарддæр кодта Сырх партизанты рæнхъыты.

Йæ номыл зæлынц зарджытæ, йæном хæссынц уынгтæ

Тохты фæлтæрд æрыгон лæппуйы 1920 азы ахуыр кæнынмæ арвыстой Мæскуымæ. Каст фæцис Скæсæны фæллойгæнджыты коммунистон университет. Уый фæстæ та – Цæгат Кавказы æфсæддон зылды æфсæддон-политикон скъола æмæ йæ ныууагътой уым ахуыргæнæгæй.

Куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты дæр. 1935 азы, Мамсыраты Хаджи-Умар каст фæцис Сырх Æфсады развæдсгарæн управленийы развæдсгарæн курсытæ æмæ службæ кодта банысангонд управленийы æххæстбарджын секретарæй.

Мамсырайы фырты цардвæндаджы тыххæй цымыдисон уыд депутат Уалыты Розæйы раны-хас. Банысан кодта, Хаджи-Умары йæ хъысмæт дарддæр кæй ахаста Испанмæ. Уым сусæг ном “булкъон Ксанти”-имæ уыд республикон æфсады штабы æфсæддон уынаффæгæнæг. Ксантийы сгуыхтдзинæдтæ ахъæр сты æгас Испаныл. Булкъон Ксанти ссис Эрнест Хемингуэйы роман “По ком звонит колокол”-ы сæйраг хъайтары прототип. Йæ хъæбатырдзинады цæстмæмийæ æппындæр ницы уыдис. Уый тох кæ-нынмæ арæхст, æрмæст бæхыл бадгæйæ нæ, фæлæ ма хæсты уыдис иууыл курдиатджындæр уынаффæгæнджытæй сæ иу. Афтæ ма уыдис ахæм адæймæгтæй, кæцыйыл æууæндæн уыдис алы хъуыддаджы дæр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Мамсыраты Хаджи-Мурат командæ кодта дыккаг гвардион кавалерион дивизийыл, знæгтæй сæрибар кодта бацахст горæттæ. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй йын радтой Советон Цæдисы хъайтары ном. Инæлар-майоры цины Мамсырайы фыртæн хæст фæцис Берлины цур. Стыр Уæлахизы фæстæ 24 июны фыццаг украинаг фронты полчъы батальоны разæй цæугæйæ, уый цыдис Мæскуыйы Сырх фæзуатыл Уæлахизы парады.

Мамсыраты Хаджи-Умар уыд 1956 азы Венгрийы цауты активон хайадисæг дæр. Уый бирæ сарæз-та, цæмæй ацы цауты къаддæр тугкалд æрцыдаид. Уый бæстæйы хицауадæн бауырнын кодта кæй хъæуы арæнтæ байгом кæнын æмæ уый фæстиуæгæн мингай венгриæгтæ сæхи бааууон кодтой Австрийы.

Венгрийы цаутæ тынг бандæвтой номдзыд æфсæддон раздзогыл, йæ сæр фæурсдæр, райста инфаркт, фæлæ йæ службæ нæ ныууагъта. Уый ссис Советон æфсады генералон штабы сæйраг развæдсгарæн управленийы хистæры хæдивæг. «Ныртæккæ та уый хуыйны сæйраг развæдсгарæн управленийы спецназ. Уæдæ уæ ма рох кæнæд дунейыл йæ кады ном кæмæн ныхъхъæр, уыцы стыр гоймаджы ном кæй хæссы уе скъола æмæ йын хъуамæ суат аккаг фæдонтæ», – йæ раныхас балхынцъ кодта Уалыты Розæ.

Скъолайы директор Туаты Мадинæ дæр банысан кодта Мамсырайы фырты стыр суыхтдзинæдтæ æмæ загъта, зæгъгæ, Хаджи-Умар уыдис  æцæг ирон лæджы миниуджытæй хайджын адæймаг.  Йæ хъуыдытæ дзырдта комкоммæ æмæ æргом. Стыр бæрндзинад æнкъардта йæ разы цы хæстæ лæууыд, уыдон æххæст кæнгæйæ. Æппæтæй дæр уыд бафæзминаг. Сымах та хъуамæ сæрбæрзонд уат, не скъола йæ ном кæй хæссы, уымæй, бафæдзæхста сæ директор.

Мадзалы ахуыргæнинæгтæ кастысты Хаджи-Умарыл фыст æмдзæвгæтæ, зарыдысты йæ номыл фыст зарджытæ.

Традицион ссис ацы скъолайæн, стыр бæрæгбонты, кæстæр ахуырдзауты ногдзауты рæнхъытæм райсын. Æмæ та ныр дæр 5 «а» къласы ахуырдзауты хъуырыл уазджытæ стыр цытимæ бабастой галстуктæ.

Кæронбæттæны ахуыргæнинæгтæ æмæ уазджытæ дидинтæ сæвæрдтой Мамсырайы фырты цыртыл.

Афтæ у цард. Развæдсгарæджы професси нæ домы, цæмæй йын йæ ном адæм зоной. Æмæ абоны онг дæр нырма æххæст нæ раргом сты Мамсыраты  Хаджи-Умары архайдыл дзурæг документтæ. Уымæ гæсгæ йæ царды азты, йæ ном уæрæх зындгонд нæ уыдис адæмæн. Фæлæ рæстæг алцы дæр йæ бынаты æрывæры. Историйы ссардта йæ бынат Мамсыраты Хаджи-Умар дæр. Йæ номыл зæлынц зарджытæ, йæ номыл уынгтæ ис Грознæйы, Беслæны æмæ ма куыд загътам, афтæмæй нæ горæты дæр. Мемориалон музей йын æрбакодтой йæ райгуырæн хъæу Ольгинскæйы. Ам ын æвæрд æрцыд цырт дæр. Йæ царды тыххæй фыст чиныг та хуыйны “Гордость Осетии”.

Бестауты Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.